Интернет тыгъдады запасы афицер Мæрзойты Олег фыссы: «Бафарстон цалдæр адæймаджы Сланты æфсымæрты фæстаг тохы, сæ равдисгæ  сгуыхтдзинæдты тыххæй. Хъыгагæн,  æгæрыстæмæй, Ирыстоны хистæр кары адæймæгтæ дæр не сдзуапп кодтой мæ фарстайæн. Фæлæ, махæй алкæмæн дæр йæ бон у уавæр рараст кæнын. Уæхæдæг сахуыр кæнут æфсымæрты истори æмæ йæ радзурут  æндæртæн, цæмæй афтæмæй сæ ном цæра».

31 азы размæ, 1992 азы 4-æм ноябры хъæбатырæй фæмард сты Сланты æртæ æфсымæры мæхъæлон тыхæйисджыты ныхмæ тох кæнгæйæ … Æртæ мады зæнæджы, нæ дуджы фæмард сты иу тохы! Цыппар азы дæргъы чи цыд, уыцы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвæг Гæздæнты авд æфсымæры тыххæй махæй алчи дæр зоны. Сланты æртæ æфсымæры та фæмард сты æрмæстдæр цалдæр боны чи цыд, уыцы хæсты иу тохы рæстæджы. Мах хæсджын стæм, цæмæй зонæм æмæ нæ зæрдыл дарæм ацы æртæ æфсымæры хъæбатырдзинæдты тыххæй.

«Трагедийы фæстæ 31 азы дæргъы Сланты æфсымæрты сгуыхтдзинады истори æмбæлон æгъдауæй нæма сахуыр кодтой, фаг æрмæджытæ сыл нæ ныффыстой. Æмæ цы чысыл бæрæггæнæнтæ ис, уыдон дæр афтæмæй ферох уыдзысты. Цæй тыххæй, цæмæн афтæ хъуамæ уа? Уыдоны тыххæй нæ дзурынц скъолайон программæйы. Иу ныхасæй ничи сыл дзуры», – фыссы Мæрзойты Олег.

Тохы хъæр куы райхъуыст…

1992 азы 31 октябры конфликты райдианы фыццаг бонты Сланты æфсымæртæ слæууыдысты Ирыстоны хъахъхъæнджыты фыццаг рæнхъыты æмæ тох кодтой мæхъæлон экстремистты ныхмæ. 4-æм ноябры уыдон бархионты хæстон машинæты колоннæйы сконды рацыдысты Октябры хъæуæй цæрæн пункт Дачнымæ.  Уым æрфидар сты боевиктæ сабыр  цæрджыты амынæты акодтой, се ‘хсæн сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæ дæр, афтæмæй. Иры хъæуы кæрон быдыры æрæмбырд сты Цæгат Ирыстоны бархионтæ, национ гвардийы тыхтæ æмæ Аланийы хуссар хайы хæстонтæ. Сыгъдæг тыгъдады сæ хъуыд ацæуын 700 метрæй фылдæр знæгты тыхджын æхстыты бын. Дачныйы хъæуы ‘рдыгæй боевиктæ тыхджын æхстой егъаукалиброн хæцæнгæрзтæй, хæдзæртты фыццаг хахх сын ссис хъахъхъæнынады хахх.

Хистæр æфсымæр Славик цы БМП-йыл цыд, уымæн ахаудта йæ калмдзалх (гусеница) æмæ уæд багæпп кодта хæстон машинæмæ йæ кæстæр æфсымæртæ Валера æмæ Вовамæ. Хæсты бонты Вячеслав архайдта, цæмæй æртæ æфсымæрæй иумæ ма уой, фæлæ ам тохы тæккæ тæмæны уый фадат нал радта йе ‘фсымæртæн иунæгæй размæ ацæуынæн. Афтæмæй хæстон машинæйы уыдысты фарастæй: Сланты Вячеслав, Сланты Валери æмæ Владимир, Куыдзеты Джемал (Зелимхан), Сагиты Таймураз, Хæмыцаты Руслан, Биджелты Анатоли, Амиран Х., Роберт Б.

Тыхджын æхстыты бын знæгтæн ныхкъуырд дæттгæйæ цыдысты быдырыл. БМП-2 батыдта цæрæн пунктмæ иннæ хæстон тыхтимæ æмæ райдыдта дарддæр цæуын знæгты хъахъхъæнынадмæ, амынæтты кæм дардтой, уыцы бынатмæ. Сæйраг тыхтæй фæхицæн уæвгæйæ, хæстон машинæ рацыд Дачныйы фаллаг кæронмæ. Лесная æмæ Степная уынгтæ кæм иу кæнынц, уым фондзуæладзыгон хæдзæртты ныккæндты бандиттæ дардтой сабыр цæрджыты.

БМП-2 бахаудта æрхъулайы. Гранатæхсæнæй знаджы фыццаг æхст ын бахъыгдардта йæ галиу борт. тыхгæнæг æхста РПГ-йæ Леснаяйы уынджы 2-аг хæдзары цурæй. Сцæф кодтой машинæйы æмæ ссыгъд. Экипажы уæнгтæ фæцæфтæ сты, райстой контузи, афтæмæй рахызтысты  æмæ æнæмсæр тох райдыдтой мæхъæлон фыдгæнджыты ныхмæ. Фыццаг рахызт Сланты Вячеслав. Уый бахаудта тыхджын æхстыты бын. Судзгæ БМП-йæ хизгæйæ, йе ‘фсымæрты æмæ хæстон æмбæлтты æмбæрзгæйæ фæцис мæлæтдзаг цæфтæ. Йæ туджы мæцгæйæ æмæ йæ зонд сафгæйæ ма сарæзта цалдæр кахдзæфы æввахс хæдзары къулдуармæ, фæлæ кæртмæ бахизгæйæ æрхауд. Уыцы кæртмæ ма балыгъдысты йæ дыууæ хæстон æмбалы – Хæмыцаты Руслан æмæ Роберт Б. Фæлæ йæм æхстытæй æввахс бацæуын нæ уыд. Славикæн йæ зæрдæ æвзæр кодта. Уый нал федта йæхицæй цалдæр метры æддæдæр кæй æрхаудта æмæ кæй сыгъд йæ кæстæр æфсымæр Вова. Нал федта Валера зынгæй Вовайы раласынмæ куыд бафæлвæрдта, уый дæр. Фæлæ ууыл дæр сæмбæлдысты знæгты судзгæ нæмгуытæ æмæ æрхауд Вовайы цуры.

Уæдмæ цыппар хæстоны кæцæй æхстой æмæ цæф Сланты Славик кæм хуыссыд, уыцы кæрт ссис тохы быдыр. Боевикты къорд бафæлвæрдта иннæ фарсæрдыгæй æрбабырсынмæ. Хæмыцаты Руслан дзы иуы бафиппайдта, фехста гранат æмæ сын фæсыкк кодта сæ бафæлвæрдтытæ. Йæ дыууæ хæстон æмбалы Амиран Х. æмæ Биджелты Толик дæр уыдысты тыхджын сыгъдтытæ.  Сагиты Таймураз райста тынг уæззау контузи, цыдæр рæстæгмæ фесæфта йæ зонд æмæ райдыдта судзын. Йæхимæ куы æрцыд, уæд рагæпп кодта. Бацыд знæгтимæ æнæмсæр тохы æмæ уый дæр æрхаудта Сланты Валери æмæ Вовайы цур БМП-йы рахиз бортмæ æввахс.

Куыдзеты Джемал тагъд кодта иннæтæм. Ууыл дæр сæмбæлдысты знаджы нæмгуытæ, бæргæ æхста фæстаг минутты онг, фæлæ йын снайперы нæмыг йæ цард аскъуыдта… Афтæ мардысты Хъайтартæ… Амиран æмæ Робертæнсæ бон ссис Славикы кæрты хатæнтæй сæ иумæ бахæссын. Славик-иу кæддæрты йæхимæ куы æрцыд, уæд-иу бафарста йе ‘фсымæрты. Фæлвæрдтой йæ сабыр кæнынмæ, йæ цæфтæ йын бабастой, радтой йын иу чысыл дон, фæлæ йæ цæстытæ цард хуыссыд сындæггай. Уынгæй нал хъуыстысты æхстытæ. Иу рæстæджы сытынг сты ног. Тох тынгæй-тынгдæр кодта. Цасдæр рæстæджы фæстæ кæртæй æрбайхъуыст ирон ныхас. Уыдон уыдысты нæхиуæттæ. Уыдон федтой æнæмсæр тохы трагикон ныв. Славикы сæвæрдтой машинæйыл æмæ йæ тагъдыл аластой рынчындонмæ, фæлæ уырдæм нал бахæццæ, амард фæндагыл…

Сланты Вячеславы фырт Алан, уæд Цæгат Ирыстоны медицинон институты студент, уыцы бон уыд радгæс рынчындоны. Бинонтæй фыццаг базыдта уæззау, æвирхъау хабары тыххæй. Æртæ чындзы сæ сывæллæттимæ уыдысты Славикы хæдзары Дзæуджыхъæуы Сабырады проспекты. Æфсымæрты мад та баззад Октябры хъæуы, нæ ракуымдта йæ хæдзарæй. Алан дыккаг бон райсоммæ нæ бацыд хæдзармæ, йæ бон нæ уыд йæ мадæн æмæ иннæтæн сæ цардæмбæлттæ кæй нал сты, уый тыххæй фехъусын кæнын.

Æхсæвы чындзытæм фæдзырдта се ‘фсин. Æртæ чындзы дæр балыгъдысты телефонмæ. Трубкæ чи систа, уыцы чындз фехъуыста йæ зæрдæ цæмæй ауазал ахæм ныхæстæ, зæгъгæ, нæ хæдзармæ æрбацыд фыдбылыз. Йæ чындз ма йæ бафарста, зæгъгæ, чи фæмард. Æртæ дæр, сдзуапп кодта мад.

Æртæ мады зæнæджы хъæбатырæй фæмард сты 1992 азы 4-æм ноябры сæ цард Ирыстоны сæраппонд радтгæйæ. Сланты æртæ æфсымæры систы уыцы уæззау æнæбаххæстгæнгæ уды зиæнтты, хъайтардзинады æмæ хинывонд кæныны символ. Уыцы тохы ма фæмард сты сæ хæстон æмбæлттæй дыууæйæ – Куыдзеты Джемал æмæ Сагиты Таймураз. Фæстæдæр цардæй ахицæн сты Хæмыцаты  Руслан æмæ Биджелты Анатоли. Ирон адæм, ирон фæсивæд хъуамæ зоной сæ хъайтарты.

«Фæдисы нæм æрхæццæ сты нæ хуссайраг æфсымæртæ. Цæй диссаджы лæгдзинад сæм разынд, куыд тагъд æрбалæууыдысты нæ фарсмæ! Уæд рабæрæг – Иры дзыллæйæн йæ иудзинады ис йæ амонд. Хъыгагæн, нæ хуссайраг æфсымæртæй хъулгъайы хæсты фæмард авд хъæбатыр лæппуйы. Уæвгæ, цас разагъды фæсивæд фæхъуыдис уыцы 3-4 боны хæсты æмæ ма уый фæстæ азты нæ Ирыстонæй», – фыссы газет «Рæстдзинад»-ы Гуыларты Барис.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.