(Плиты Харитоны райгуырды 110 азы бонмæ)

Æртынæм азты ирон литературæмæ цы курдиатджын фæлтæр æрбацыд, уыдонæй сæ иу уыдис Плиты Харитон. Уый уыдис йæ адæм æмæ йæ райгуырæн хæхтыл зарæггæнæг, уæздан æмæ сæрыстыр, фæлмæн æмæ худгæбыл адæймаг, хæдæфсæрм æмæ куырыхон уынаффæгæнæг.

Харитон райгуырд 1908 азы сентябры мæйы Уæллаг Ручъы зæхкусæг лæджы хæдзары. Йæ сабион бонтæ ам арвыста, ам бауарзта бæрзонд æхсæрдзæнты сæх – сæх, мæлгъæвзаг булæмæргъы зард, бæрзонд урс хæхты, æнкъард къæдзæхты.

Нæ уыдысты бæллиццаг йе ‘взонджы бонтæ Харитонæн.

Йæ фыд Дауыты фæхъуыд 1920 азы æмæ дуджы уæззау уаргъ æд сабитæ æрынцад мады уæхсджытыл. Нæ хох фыдæбæтты бынат у, фыдæбæттæ æмæ тухитимæ хъомыл кодта æвзонг Хадо дæр.

Фыццаг хатт йæ ахуыры хъуыддаг Рукъæй райдыдта, ам каст фæцис аргъуанон скъола.

1920 азы Хуссар Ирыстоны гарзджын растад фæцис туджы лæсæнты бын. Ирыстоны иннæ хъæутимæ сау æвзалы баисты Рукъы хæдзæрттæ, адæмы фæллæйттæ. Фæлыгъдысты Хадойы хæдзарвæндаг дæр Цæгатмæ, уыцы лыгъды бабын сæ хæдзардарæг Дауыт.

1921 азы Хуссар Иры дæр æрфидар Советон хицауад, æрыздæхтысты сæ райгуырæн хъæумæ  Хадойы бинонтæ дæр. Бахъуыд цард ногæй аразын, ног къуымтæ кæнын. Æнæхæдзар адæмыл æххормаг æмæ бæгънæгдзинад æлдариуæг кæнын райдыдта. Уыцы фыдæбæтты уыдта йæ цæстæй Хадо.

Ногæй та йæ ахуыр адарддæр кодта Ручъы, стæй та Цхинвалы педтехникумы. Уый уыдис 1926-1930 азты.

1930 азты кусын райдыдта ахуыргæнæгæй Дзауы хъæууонхæдзарадон техникумы, ахуыргæнджыты курсыты, куыста ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыр-гæнæгæй техникумы,газет «Большевикон аивад»-ы бæрнон секретарæй.

1932 азы Харитон ахуырмæ бацыд Мæскуыйы педагогон институты литературон факультетмæ. Фæцахуыр дзы кодта 2 азы, стæй аивта философи, истори æмæ литературæйы факультетмæ.

1936 азы æрыздæхт Дзæуджыхъæумæ, куыста дзы æндæр æмæ æндæр бынæтты: радиокомитеты редакторæй, газет «Рæстдзинад»- ы литературæ æмæ аивады хайады хистæрæй. Алы ран дæр Хадойы къухы фæд бæрæгæй зынд. Кæмдæриддæр уыд Хадо – йæ къах æй хаста Рукъмæ, Хуссар Ирмæ. Æмæ 1937 азы æрцыд Цхинвалмæ, кусын райдыдта Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдарæй. Фæкуыста дзы 1940 азмæ. 1940-42 азты куыста Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты, уыимæ педагогон институты дæр. 1942-1944 азты Хадомæ æрсидтысты æфсадмæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ. Хæст хæдзарсаф у, дуне цæхæры хуылфы уыд, фæлæ уæддæр зæлыдысты йе ‘мдзæвгæтæ.

1944 азы æрыздæхт Дзæуджыхъæумæ, куыста чингуыты рауагъдады, журнал «Мах дуг»-ы æмæ газет «Молодой коммунист»-ы редакцийы. Алы ран дæр Хадойы уарзтой куыд хæларзæрдæ адæймаг, куысты фæразон лæг.

Цыбыр уыдысты йæ царды бонтæ Хадойæн, йæ егъау сфæлдыстадон куыстмæ куы бахæццæ, уæд фæхъуыдис йæ адæмæй, йæ уарзон Ирыстонæй, ирон литературæйы зиууæтты рæнхъытæй 58-аз-дзыдæй 1966 азы.

Хадо литературон куыст райдыдта 1928 азæй. Уæд журнал «Фидиуæг»-ы фæзындысты йе ‘мдзæвгæтæ «Къостайæн» æмæ «Ралæууыд уалдзæг».

Ирон фысджытæй иу дæр нæй ахæм, кæцы нæ фæзмыдта Къостайы, кæцы Къостайы нæ хуыдта йæ ахуыргæнæг, литературæмæ фæндагамонæг. Къостайы «Ирон фæндыр» бирæ лæггæдтæ бакодта йæ адæмæн, Иры фæлтæрæн.

Уымæн ын зæгъы Хадо:

Хæххон дымгæ æлгъыст бонты

Нæ сидзæртæн сæ сагъæстæ

Дæумæ скъæфта, дæумæ.

Уæд дзыллæты тæригъæдæй

Куы ниудта ‘мæ куы дзынæзта

Дæ цырты раз сæрмæ.

Хадойæн йæ фыццаг æмдзæвгæты æмбырдгонд мыхуыры рацыд 1932 азы. Схуыдта йæ «Цæхæртæ». Уæдæй фæстæмæ сæлæф зæйау ныггуыпп кодта Харитоны сфæлдыстад. 1939 азы уагъд чиныг схуыдта «Зæрдæ», 1940 азы чиныг «Дидинæг», 1931 азæй мыхуыр кæнын райдыдта йæ дисса-джы поэмæ «Сæлимæт», 1950 азы мыхуыры рацыд йæ зынгæ поэмæ «Уæлахизы кадæг». Поэты амæлæты фæстæ бирæ хæттыты рацыдысты йæ уацмысты æмбырдгæндтæ. Хадо арæхстджынæй æвдисы æрыгон фæлтæры удыхъæд, се ‘нæхин уарзондзинады фæндæгтæ, бирæ уарзта царды дидинджыты, чысыл сабиты. Ирон советон поэттæй, æвæццæгæн, уый хуызæн йæ фыстытæй ничи барæвдыдта сабиты.

Харитон не ‘фсæстис ног цардыл цин кæнынæй. 1937 азы йе ‘мдзæвгæ «Ард»-ы комкоммæ зæгъы:

Махæн дидинæг нæ бæстæ,

Махæн хурæфсæст нæ зæхх,

Махæн стыр сты нæ хæстæ,

Æмæ тæх, мæ зарæг, тæх!

Поэты сфæлдыстады дзæвгар ис ахæм æмдзæвгæтæ, кæцыты зары райгуырæн Ирыстоныл, фыдæлты уæзæгыл.

Мæ фыдæлты уæзæг, дæу алкæм фæмысын,

Хъæбулау нæ кæнын дæу дардмæ дæр рох.

Мæ балцæй куы ‘рыздæхын, гъе уæд ныттыхсын

Цæргæсау дæ риуыл, мæ цъæх – айнæг хох.

Уыцы хъуыды поэтæн æргомдæр у йе ‘мдзæвгæ «Æз къахæй къухмæ дæр дæу дæн»-ы, цыран поэт дзуры йæ сабион бонтыл Ручъы уазал суадæттыл, æхсæрдзæнтæ æмæ хæхтыл, хъæдтыл, дзуры йе схъомылгæнæг Ирыстоныл æмæ йын зæгъы:

Æз дæн дæуæн дæ туг, дæ хъæстæ,

Ды дæ мæ фыд, ды дæ мæ мад.

Æнæ дæу саст базыр цæргæс дæн,

Æнæ дæу циу мæ цард, мæ кад.

Дæсны уыд Хадо æрдзы нывтæ афыссынмæ:

Æризæр, хур сындæггай рагъыл,

Йæ тынтæ уафгæйæ ныттылд,

Сырх зæлдагау, хæмпус æврагъыл

Зæрæхсид, хъазгæйæ фæзынд.

Харитон буц æмæ сæрыстыр уыд нæ адæмы сæрибары цард хъахъхъæнджы-тæй. Нæ арæнтыл фырты хæс чи фыста, уыцы фæлтæрæй. Рæвдаугæ сын дзуры сæ куыст, сæ ран, сæ лæджыгъæдыл мæнæ ацы æмдзæвгæты: «Нæ кадджын æфсад», «Тæхджыты зарæг», «Ма кæн хъыг», «Ныр цы уромы хæстоны», «Ныхас мæ бæхимæ» æмæ æндæртæ.

Хадойы зæронд дуджы авдæн ауызта, йæ сабион бонты хъуагдзинæдтæ баййæфта, федта фыддуг, фыдрæстæг, æнæзæхх хæхбæсты цард. Уыдоны кой дæр арæх ракæны поэт, фæлæ фылдæр зары ног дуджы хæрзиуджытыл, ног дуджы бæркадыл, зæххæй æфсæст фæллойгæнæг адæмыл.

Диссаджы æвзаджы хицау уыд Хадо, йæ дзырд дойнаг дурмæ дæр хъардта. Афтæ мæм кæсы, цыма æрыгон фæлтæр Хадойы уарзондзинады лирикæ куынæ бакæсой, уæд цыма уарзондзинад цы у, кæнæ куыд ис бауарзæн, уый нæ бамбардзысты.

Тыхджын у Хадойы интимон лирикæ, уарзæтты зæрдæмæ фæндаг гæрдын чи зыдта, ахæм у йæ поэзийы иу хай. Ахæмтæ сты «Мыййаг куы нæ сæмбæлæм сом», «Зæрдæ æнцойад нæ ары» «Дæуыл фембæлгæйæ», «Рауай», æмæ æндæртæ.

Плиты Хадойы сфæлдыстады зынгæ бынат ахсынц йæ поэмæтæ «Сæлимæт», «Уæлахизы кадæг», «Арагви» æмæ «Фæн-даг».

Ирон чиныгкæсджытæ тынг бауарзтой поэмæ «Сæлимæт». Поэмæйы реалон нывты æрдзырдта Хуссар Ирыстоны фæл-лойгæнæг адæмы хъæбатыр тохты фæн-дæгтыл, меньшевикты фыдракæндтыл 1920 азты. Æргомæй дзы зыны меньшевикты цæсгом, сæ сырдон митæ.

Поэмæ кæсгæйæ, адæймаджы раз сыстынц лидзæг адæмы тухитæ, æнæаххос адæмы сæфты нывтæ: басыгъдысты хæ-дзæрттæ, фосы уасын æмæ сывæллæтты æрдиагæй байдзаг сты кæмттæ.

Адæм, хотых райсын чи фæрæзта, уыдон се ‘ппæт дæр æрлæууыдысты цыфыддæр знаджы ныхмæ, аннæтæ – зæрæдтæ, сывæллæттæ та ныллæууы-дысты лидзыны фæндагыл.

Сæ адæмы бартыл тохгæнгæйæ, автор æвдисы Сæлимæты уарзон Махарбеджы, йе ‘фсымæр Дзæрæхы, уыдон мæлынц æнæмсæр тохы. Поэмæйы сæйраг архайæг Сæлимæт баззад йæ зæронд ныййарджытимæ. Йæ дзыллæйы чи уæй кодта, уыдон нæ ауæрстой стигъыныл, скъæфыныл æмæ бахауд Сæлимæт дæр ахæмты къухмæ æмæ æгады царды бæсты равзæрста кады мæлæт.

Поэмæйы æргомæй зынынц меньшевикты хъæддаг митæ, æлгъаг хъуыддæгтæ, бæлвырд у уый дæр, æмæ адæм кæй æмбæрзтой, сæ тохы нысан æнæхъуаджы кæй нæу, сæрибар дунемæ тагъд кæй ахиздзысты, сæ маст дывæрæй кæй райсдзысты лæджыфыдхор меньшевиктæй. Поэт, æгæрыстæмæй, сиды æрдзмæ, хæхтæм дæр, цæмæй уой æвдисæн меньшевикты цъаммар митæн. Уымæн зæгъы:

Ракæс-ма, Ресы хох, ракæс: –

Адæмæй байдзаг дæ раз!

Хуссары лигъдæтты сагъæс

Æрдзыл дæр бафтыдта маст.

1950 азы Хадо бавнæлдта йе стыр поэмæ «Уæлахизы кадæг» фыссынмæ. Поэмæйы уырнинаг нывты цæуы æвдыст Ирыстоны феодалон дуг, Бадилаты фыдмитæ, сæ балцытæ Ирмæ, Кæсæгмæ, Ногъаймæ, стыгътой, истой, тæлæт кодтой фос, адæмы кодтой уацары, дур – дурыл нæ уагътой. Æцæг, сæ балцытæй иуы рæстæджы сæ мæлæт ссардтой Уæлладжыры комы, уы-мæй дæр зæронд Бутаты Тæгайы къух.

Дзуры поэт адæмы раздæры фыдæбæттæ æмæ хъиамæттыл; йæ поэмæ  «Фæндаг» -ы .

Фахс у зын бацæуæн,

Къæхтæн æвæрæнтæ

Хъаматæй къахæм цæрдæг.

Цæй, ныр цы бакæнæм?!

Негор уæззау уæргътæ

Цудгæ фæхæссы сындæг.

Байсæфт Егор, бафæрæзта ма зæгъын, искуы уæрдонвæндаг куы сырæза, уæд-иу мын ныххой мæ ингæны къæй æмæ-иу зæгъут: «Сырæзт уæрдонвæндаг дæр».

Хадойы лæггæдтæ национ литературæйæ, ирон аивадæн егъау сты. Уый уыдис диссаджы тæлмацгæнæг. Ирон æвзагмæ ратæлмац кодта бирæ æмдзæв-гæтæ Пушкинæй, Лермонтовæй, Шевченкойæ, Некрасовæй, хицæн сæртæ Руставелийы «Стайы цармдарæг», Низамийæ, бирæ бакуыста сомихы эпос «Давид Сасуйнагыл».

Бирæ бакуыста Хадо ирон фольклор æмбырд кæнын æмæ æрбæстон кæныныл дæр, уæлдайдæр та нарты эпосыл.

Цард бирæ уарзта Хадо, уæлдай тынгдæр та йæм царды ад бахъардта, йæ мæлæты хæдразмæ. Уæд ма рынчынæй Гафезмæ бафæрæзта ныффыссын: «Ехх, иу афæдз ма æрмæст уе ‘хсæн куы ацæрин ацы зæрдæйы уагимæ. Цыма нæма зыдтон адæмты дæр, æмбæлтты дæр æмæ цæрын дæр. Мæнæ цардæй куыд ницы федтон…. Мæнæ цы лирикон бынæттæ, кадджытæ!… Æнæ фыстæй куыд зайынц! Мæнæ ма цал хорз æмбалы, куыд нæ зонынц! Куыд нæ базондзысты – мæ сагъæстæ уыдæттыл сты»…. Афтæ ма Грисæн дæр бафæрæзта зæгъын: «Грис, зæфцыфыдæй мæ мæлын ма бауадз!».

Хурау худт Хадо, не ‘фсæст цардыл цин кæнынæй, Ир æй нымадтой Ресы хохæй бæрзонддæрыл. Цæссыгкалгæйæ загъта Нафи дæр: «Ручъы комæй стахт дæ зарæг, стахт Сæнайы бæрзæндмæ æмæ йын банымæг нæй».

Цорæтæ (Хадойы фыдæлтæ) æмæ Къуыдзытæ (ацы рæгъытæ фыссæджы фыдæлтæ) хæлар æмæ адджынæй фæцардысты Рукъгомы. Харитон æрцыд мæ чындзæх-сæвмæ дæр. Дзаггарз йæ къухы, афтæмæй ныл скодта зарæг, алы рæгъы рæстæджы – иу йæ ныхас уыд: «Гацыр æмæ Ирæ, фæцæрæнт нын бирæ».

Æгас Цъалагом Цорæты хæдзарвæндаджы зыдтой сабыр, уæздан, хиуыл хæцгæ адæмæй. О, фæлæ дзы Хадойæн æмбал нæ уыд. Хуыцау Хадойæн не схайджын кодта ирон «хъæбæр» дзырдтæй. Йæ рифмæтæ йын байдзаг кодта рæсугъд, фæлмæн, хъæлдзæг, рæвдауæг, дзырдтæй.

Сабийæ зæрондмæ Хадойы кой ис Ирыстоны къуымты. Уадз зæла йæ зарæг Ресы хохæй Æрджынарæгмæ.

110 азы лæджы царды бирæ азтæ сты. Хадо сæ куы батыдтаид, уæд нæ литературæ бирæ фæхъæздыгдæр уыдаид. Егъау курдиаты хицау уыд Хадо, диссаджы лирик, пейзажист, æвæллайгæ литературон кусæг. Цард бирæ уарзта Хадо, нæ зыдта æнкъард кæнын æмæ йæ рухс фæлгондз махæй, йæ радтæг адæмæй, рох никуы уыдзæн.

Плиты Гацыр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.