(поэт  Сланты Зояйы (Дауырæ) райгуырдыл сæххæст 85 азы)

Йе 85 азы йæхи хъуамæ фæуыдаиккой ацы бонты, фæлæ йыл нал сæххæст сты, къахырæй, иу мæй цухæй йын баззадысты æнустæм. Æнудæсæм майы ацыд махæй дзæнæтмæ, мах та джихæй, зæрдæдзурæнты ныууагъта. Мæ къухты баззад йæ лæвар чиныг «Æвзæрст уацмыстæ» ахæм фыстимæ: «Джусойты хорз Нинæйæн мæ лæвар! Дауырæ. 2.О4.2018 аз», стæй йæ лæвар фæрдгуыты хал. Уæдæ куыд! Зояимæ фембæлдаис æмæ дын мацы балæвар кодтаид, уымæн уæвæн нæ уыд. Æдзух йе ‘гъдау йæ разæй цыдис.

Ацы фæстаг азты æдзух катайгæнгæ нымайын, Ирыстоны ма цал ирон фыссæджы баззад, уыдон æмæ сагъæсты бын фæвæййын: сомбон сæ чи раивдзæн? Цы фысджытæ ма нæм ис, уыдон 70-80 азы арæнæй ахызтызты. Уыдонæй кæстæрдæр чи у, уыдон ма, æвæццæгæн, 3-4 адæймаджы уыдзысты. Чи ис сæ фæстæ, кæй бæрны уадзынц ирон литературæ? 

 Дауырæйы хуызæн фысджытæ цы адæмæй фæхъæуа, уыдон мæгуыр сты. Уæлдай-дæр мах хуызæн чысылнымæц адæмæй. Æрмæст курдиатджын поэт æмæ прозаик нæ уыд Сланон, фæлæ ирон фарн æмæ æгъдау кæй уæнгтæй æнхъæвзта, ахæм. Ирыстоны фидæныл зæрдæйæ чи тыхст, цалдæр азы æхсæнад «Хæзнадон»-ы фæсивæдæн ирон æвзаг лæвар чи фæамыдта, цыфæнды уавæрты дæр бæлвырд амынддзинæдтæ кæмæй райстаис, йæ дуканийы товар мæгуыртæн лæварæмхасæн чи лæвæрдта, Ирыстоны зынгæ адæймæгтыл йæхи чи фæхордта æмæ сыл æмдзæвгæтæ-хъарджытæ чи фæфыста, уыцы Дауырæ дæр та нын нал ис. Æмæ та ирон фарн фæкъахыр, бирæ фæмæгуырдæр ирон литературæ.

 Зоя райгуырд Хъобаны. Сæ фыд фæцыд Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ æмæ уым хъæбатырæй фæмард. Баззадысты æртæ хойæ сидзæртæй сæ мады æвджид. Йæ мæгуыры бонтæ-иу куы дзырдта, уæд йæ цæсыг нæ урæдта. Скъолайы фæстæ каст фæцис Мæскуыйы Щукины номыл театралон училище, хъазыд ирон театры сценæйыл, куыста режиссерæй Цæгат Ирыстоны телеуынынады, фæлæ фидæны поэт, æвæццæгæн, йæ зæронд дада Сланты Гахайы курдиатæй фæхайджын, йæ зæрдæ æхсайдта литературæмæ. Æцæг, йæ уацмыстæ мыхуыры æрæджиау фæзындысты, стайæм азты кæрон. Йæ диссаджы уацмыс-тæ кæрæдзи фæдыл куы фæзындысты, уæд та, куыд æрвылхатт, афтæ хæлæггæнджытæн æрæнцой нал уыд. Йæ радзырдтæ æмæ æм-дзæвгæтæ йын йæ цардæмбал, зынгæ ахуыргонд æмæ æхсæнадон архайæг Дауыраты Харитоны фыст хуыдтой. Афтæмæй йæ мæлæты фæстæ Зояйæн цалдæр чиныджы рацыд. Цымæ Дауыраты Харитонæн йæ удæгасæй Зоя ацы æмдзæвгæ куыд ныффыстаид?

Хъæнты мæйы, рагуалдзæджы,

 Хъызты тых куы ‘рхуыссы,

 Уæд дæ уд цæргæсы хуызы

 Дзæнæтæй æрхъуызы…

Ехх, æмæ дæ номмысæнты

Æрдзыл гуырдз куы бафтид,

Æмæ та нæ Рагфæлдисæг

Ногæй дæу куы раттид!

«Дауыраты Харитонæн»

 Ахæм зæрдæбын хъарджытæ йе сфæл-дыстады Дауырæ бирæ фæкодта, Ирыстонæн кад æмæ ном чи скодта, уыдоныл: Уататы Бибойыл, Сланты Гаха æмæ Сланты Къостайыл, Сланты Дзибойы хъæбатыр фырттыл…

Зоя тынг сæрыстыр уыд, Хъулгъайы ныхмæ тохы йæ цард чи радта, йæ уыцы æрвадæлтæ – æртæ æфсымæрæй: Сланты Славик, Вова æмæ Валерийæ. Йæ зæрдæ дæр сыл тынг фæрыст. Фæфыста сыл зарджытæ, очерктæ. Цалынмæ сæ мад Ленæ гас уыд, уæдмæ йæ Зоя арæх бæрæг кодта, лæггад ын кодта. Куы амард, уæд йæ хъæппæрисæй хицауад стыр лæггæдтæ бакодта зианджынтæн. Йæ уды рыстæй райгуырдысты ацы рæнхъытæ:

Не знæт сыхаг махыл туг ныххуырста, –

Ир, дам, нæм гæрзифтонгæй ныббырста!…

Циу, уæдæ, цы, а ингæнджын фæз?

Цæргæстæ, сымах куы фæрсын æз!..

М’ адджын тугæфсымæртæ! Мæ хуртæ!

‘Рæхсадтон уын цæссыгæй уæ дуртæ.

Сурæттæй сæрыстырæй кæсут,

  Кады ном Ирыстонæн хæссут.

Поэтæн Хетæгкаты Къостайы хъысмæт зын уыд. Ахæм поэт уый æппæт уарзон чызджы-тæй æвæстагæй цæмæн баззад. Æмæ йе ‘мдзæвгæ «Ныхас Цæлыккаты Аннæйы хуызистимæ» уайдзæф кæны чызгæн:

Цы нæм кæсыс сæрыстырæй бæрзæндты?

Къостайы фырты н’ ауызтай, мыййаг…

 Нысуйтæ ис куырыхон лæг йæ фæндты…

 Ирон адæмæй баззадтæ хъæстаг.

  Дæ ном дын, Аннæ, зонæм мах йæ фæрцы,

  Дæ фыды номмæ бафтыдтаид кад.

 «Кæй чызг уыдис» – æй иунæг дæр нæ фæрсы,

«Къостайы уарзон» – афтæ дæ нымад.

Йæ Ирыстон æмæ йæ адæмы куыд уарзта Зоя, ууыл бирæ дзурæн ис. Алкæмæн дæр кодта тæригъæд, алкæуыл дæр рыст йæ зæрдæ. Тыхст уавæры-иу чи бахауд, уыдонæн æххуыс кодта, йæ бон цæмæй уыд, уымæй. Мæ зонгæ мын æй дзырдта. Гæджиты чызг фыдгæнæджы къухæй куы фæмард, уæд уыцы рæстæджы рынчындоны æнæнхъæлæджы фæцис Зоя. Фæлмæн адæймагæн чызджы хиуæтты тæригъæдæй адих йæ зæрдæ. Кæд дзы никæй зыдта, уæддæр æнæхъæн бон фæбадт сæ фарсмæ æмæ семæ фæкуыдта, ныфсытæ сын февæрдта.

Уæдæ мæ нæ рох кæны, 2008 азы Хуссар Ирыстоны хæст куы ныггуыпп кодта, уæд телеуынынад Зояйæ интервью куыд истой. Фæлæ  уый йæ кæуын кæй нæ урæдта, уымæ гæсгæ сын рæстмæ ницы загъта.

 Фыссæг бынтон зæрдæхæлд та Беслæны трагедийы фæстæ фæцис. Уыцы дудгæ рисыл снывæзта бирæ уацмыстæ. Æмæ сын цыма сæ мæгуыр  ныййарджытæн ныфс æвæры, уыйау сæм дзуры сабиты хъæлæсæй:

Пиллон арты уарзон Ир куы сыгъди,

Зæххæй арвмæ стъалытæ куы лыгъди,

Фурды дæттæй нал баззад æртах…

Ма нын тæрсут! Нæ амардыстæм мах!..

Зад мæнæргъы къутæрæй æрзæбул.

 Мауал ку! Нæ фесæфтис дæ хъæбул, –

Фыны дæм цæудзæнис уый æргомæй,

Ма-иу фæтæрс! Сдзур-иу æм йæ номæй! 

                                                                                     «Агур-иу мæ»

 Ацы æмдзæвгæ кæсгæйæ, йæ цæссыг чи баурома, ахæм нæ разындзæн.

 Дауырæйы поэзийыл тынг бирæ дзурæн ис. Йе ‘мдзæвгæтæй зæрдæ чи нæ агайы, ахæм нæй, фæлæ, хъыгагæн, се ‘ппæтыл æрдзурыны фадат нæй. Нæй фадат йæ прозæ æмæ публицистикæйыл дзурынæн дæр, хъæугæ та бæргæ кæны. Йæ диссаджы радзырдтæ: «Хуындзау», «Фæрдыг», «Мады цæсгом», «Саударæг….», Йæ пулицистон уацтæ «Хъæбатыр Ленæ», «Æрфæны фæд», «Фæрсаг ныхас» æмæ бирæ æндæр уацмыстæ стыр бынат бацахстой ирон прозæйы. Сæ фылдæр баст сты йæ райгуырæн къуым Хъобанимæ. Уæдæ йæ сабитыл фыст æмдзæвгæтæ нымад сты уыцы жанры се ‘ппæты хуыздæрыл. Сæ нысан у кæстæр фæлтæры мадæлон æвзагыл ахуыр кæнын. Зæгъæм:

Базон-ма цы у «быдзæу»?

 Цавæр фосы хонæм «цæу»?

 Цавæр холлаг у «фæлхæр»?

 Цавæр ныхас у «Цъæлхъæр»?

   Кæнæ: «Ралæууыдис карк æд цъиутæ: Буртæ, саутæ сты сæ иутæ. Кæрты астæу куыдз ныддæргъ, балæууыд йæ фарсмæ дзæргъ. Фысы хъусы дзуры сæгъ: – Цу-ма, хæрæгæн дæр зæгъ!» æмæ афтæ дарддæр. Кæцыфæнды жанры дæр Сланон йæхи равдыста стыр курдиатджын фыссæгæй.

«Дауырæйы бирæвæрсыг сфæлдыстадæн ис йæхи æрмдзæф, йæхи хъæлæс, йæхи бынат дзырдаивады бæстæйы. Уым, райдианы, нæ размæ рацæуы фæллойгæнæг уд, уый фæстæ та, дунейыл хуыздæр цы ис, уыдон: амонд æмæ уарзт, цард æмæ фарн, кад æмæ рад, æфсарм æмæ ‘гъдау, цин æмæ хъыг… Уыцы æнкъарæнтæ курдиатджын фыссæгæн канд зæххон æмбарынæдтæ не сты, фæлæ ма бæрзонд уды нысæнттæ дæр», – фыссы журналист  Хозиты Барис фыссæджы тыххæй.

 Зонд æй æмбары, фæлæ зæрдæйы нæ уырны, нал та нын ис, йæ алы фезмæлд, йæ алы уæнгæй дæр ирон фарн кæмæн æрттывта, уыцы Дауырæ. Ирон литературæйыл æрцыд стыр зиан. Кæмæн ныууагътай, Зоя, ирон дзырды дæснытæ цырагъы рухсмæ агуринаг кæм фесты, уыцы Ирыстоны?! Рынчындоны йæ фарсмæ цы сылгоймаг хуыссыд, уый ныхæс-тæ афтæ фæзмыдтой: Зояйæн, дам, æрынцой нæ уыд, тагъд кодта хæдзармæ, мæн, дам, рынчын кæнынмæ не ‘вдæлы, мæ чиныг æрдæгконд у. Фæлæ йын ныр баззадысты иууылдæр йæ куыстытæ. Баулæфыд йæ Ирыстоны мастæй дæр.

Зоя ирон литературæйы къæбицмæ бахаста уæзгæ хуынтæ: «Сæдæйысæр», «Фæрдыг», «Дуджы улæфт», «Курдиатгур», «Азæлд», «Æвзæрст уацмыстæ», «Æрдхæрттæ», «Мæргъты паддзах» æмæ æндæртæ. Ацы диссаджы уацмыстимæ цæрдзæн Дауырæйы ном дæр, йе ‘мдугонтæ та йын кæддæриддæр йæ ном хорзæй мысдзысты.                                                                          

Джусойты Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.