Алы æхсæнады  ахсджиагдæр хæстæй иу у рæзгæ фæлтæрыл аудын. Уымæ гæсгæ хистæр кары фæлтæр хæсджын сты уыдонæн  æппæт уавæртæ дæр аразын сæ размæцыды сæраппонд, æгъдау æмæ сæ фæткыл ахуыр кæнын.

Ирон адæм рагæй фæстæмæ дæр нымад уыдысты зондджын æмæ ныфсхаст адæмыл. Уыцы хæрзиуджытæ нæ фесæфтысты ныронг дæр. Афтæ куынæ уыдаид, уæд фæстаг дыууын азæй фылдæры дæргъы нæ адæм цы зындзинæдты сæрты рахызтысты, уыдоныл фæуæлахиз уæвгæйæ, абон нæ царды æмвæзад афтæ тагъд нæ рæзит, æнтыстытæ нын æппæт фадгыуыты дæр нæ уаид. Уæлдай тынгдæр та адæймаджы зæрдæ барухс вæййы, нæ алыварс цы фæсивæд рæзы, уыдоны æнтыстытыл, куыд ахуырады, спорты, аивады, афтæ æндæр фадгуыты дæр. Ахæм кæстæрты фарс фæхъæуы æрбалæууын, куыд ныййарджыты, афтæ æхсæнады ‘рдыгæй дæр. Уый сын ахъаз у цæмæй ноджы активондæрæй кусой сæхиуыл æмæ тырной фылдæр æнтыстытæм.

Нæ республикæйы 2-æм скъолайы  6-æм къласы ахуыргæнинаг Мæргъиты Алим дæр у ахæм суинаджы кæстæр. Хæрз чысыл ма куы уыд, уæд райдыдта æвдисын йæ алыварсон арæхстдзинад. Тынг уарзта аргъæуттæм хъусын  æмæ йæ кармæ гæсгæ уымæн уæлдай нысаниуæг ничи лæвæрдта. Фæлæ Алим райдиан скъоламæ нæма цыд, афтæмæй йæхæдæг райдыдта цыбыр  «аргъæуттæ» мысын. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон дæр нырма нæ уыдысты хæрзфыст, нæма дзы уыд аивады æууæлтæ, фæлæ йæ ныййарджытæ æнкъардтой, кæй йæм ис стыр тырнынад. Уый тыххæй йæ фарсмæ æрбалæууыд йæ мады хо Годжыцаты Нелли æмæ йын амыдта дзырдаивады хаххыл раст къахдзæфтæ кæнын. Фæстæдæр Алим рахызт радзырдтæ фыссынмæ æмæ кæд нырма саби у, уæддæр йæ радзырдты мидис вæййы зондамонæн, йæ хъайтартæ та дыууæгъуызон – хæларзæрдæ æмæ фыдгæнджытæ, фæлæ йæ радзырдты кæрон, кæддæриддæр фæуæлахиз вæййы хæлардзинад. Йæ фыццаг радзырд «Батрадз æмæ йæ куыдз»-ы дзырд цæуы, чысыл Батрадз хæлар кæй уыд йæ куыдз Мухтаримæ, фæлæ йын уалынмæ йæ фыд æрхаста гæдыйы лæппын æмæ Батрадз  йæ хъуыды аздæхта уымæ. Мухтар та йæхи банкъардта рохуаты æмæ ацыд хæдзарæй. Батрадз кæд гæдыйы лæппынæй æппындæр нал хицæн кодта, уæддæр уайтагъд фæхатыд Мухтары сæфт, æмæ йæ райдыдта агурын. Дæргъвæтин рæстæджы йæ куы нал уардта, уæд фырмæтæй кæуын райдыдта æмæ æхсæвы къæсæрыл, араст ис йæ агурæг. Ссардта йæ, уæдæ цы уыдаид, æмæ бирæ фæцин кодта.

Радзырд «Зæронд лæг æмæ дыууæ хæлары»-йæн ис хъомыладон нысаниуæг. Дыууæ хæлары федтой, зæронд лæгæн йæ бон цы нæ уыд, ахæм куыст кæй кæны æмæ йын фæтæригъæд кодтой. Бацыдысты йæм æмæ йын баххуыс кодтой. Зæронд лæг дæр сын раарфæ кодта æмæ сын сæ куыстæн аргъ скодта. Лæппутæ æхцатæ нæ истой, фæлæ сын уый загъта, цæмæй сæхицæн адджинæгтæ балхæной. Лæппутæ рацыдысты цингæнгæ æмæ сыл амбæлдысты, къæбæда лæппутæ, хъуамæ сын се ‘хцатæ байстаиккой. Уæдмæ сæм фæзынд зæронд лæг æмæ сын ныр та уый баххуыс кодта.

Алимы радзырдтæ не сты сабийы хуымæтæджы хъулæтты хуызæн, бавæрдта сæ, 11 аздзыд сабийæн вазыгджын чи у, ахæм мидис.

Радзырдтæ фыссынæй дарддæр ма Алим архайы Цхинвалы Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны нывгæнджыты къорды. Ныв кæнынмæ дæр арæхсы хæрз чысылæй фæстæмæ æмæ йын, ис æнтыстытæ. «Фыццаг хатт ныв кæнгæ федтон мæ фыды æмæ мæ зæрдæмæ тынг фæцыд, гæх-хæттыл адæймаджы фæлгонц куы разынд, уæд уый. Æз дæр ацархайдтон, фæлæ мын нæ рауад æмæ скуыдтон. Уæд мын мæ фыд баххуыс кодта æмæ уæдæй фæстæмæ  бауарзтон ныв кæнын» – загъта Алим. Йæ бæллиц у Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндонмæ бацæуын.

Æрыгон автортæй бирæтæ фæпайда кæнынц æндæр авторты æрмæджыты сюжеттæй. Ацы фарстмæ Алимæн ис æндæргъуызон ахаст: «Æз кæсын бирæ ра-дзырдтæ æмæ аргъæуттæ, фæлæ уый æрмæст уый тыххæй, цæмæй сæ зонон, искæйы æрмæджытæй сюжет сисын, мæнмæ гæсгæ раст нæу».  Йæхи куыстыты тыххæй та загъта, куыд рæзы, афтæ йæм сæ иуæй-иутæ æгæр хуымæтæг кæй фæкæсынц æмæ тырны, цæмæй йæ ног куыстытæ уой цымыдисондæр. Уарзы А. Пушкины æмæ Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæ. Йæхæдæг уал ныридæгæн ныффыста 30 радзырдæй фылдæр æмæ скодта цалдæр аив нывы.

Аивадæй дарддæр Алим цымыдис кæны спортмæ. Хорз арæхсы шахмæттæй хъазынмæ, уарзы хъæбысæй хæцын, футбол æмæ сæ къордты архайгæ дæр кæны.

Арæх Уæрæсейы телеканалты фенæн вæййы курдиатджын сабиты æнтыстыты тыххæй ралæвæрдтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый у æхсызгон хъуыддаг, фæлæ нæ республикæйы ирон сабиты ‘хсæн дæр ис тынг бирæ Алимы хуызæн курдиатджын сабитæ æмæ сын нæ зæрдæ зæгъы, цæмæй сын уа уавæртæ се ‘нтыстытæ равдисынæн. Уый ма сын фæахъаз  уыдзæн цæмæй тырной сæхиуыл фылдæр бакусынмæ æмæ, æндæр бæстæты сабитæм та экранмæ цыбæл ма кæной, æууæндой сæхиуыл.

Алимыл кæд 11 азы йедтæмæ нæма цæуы, уæддæр ын ис рæзгæ фæлтæрæн фæндиæгтæ: «Уадз, кусæт сæхиуыл,сæ разы æвæрæд хæстæ æмæ тырнæт сæ сæххæст кæнынмæ. Фембæлын ме ‘мкарæнты ‘хсæн ахæм сабитыл, æнæуаг митæ арæх чи фæкæны, уыдонæн та мæ фæнды зæгъын, царды кæй ис тынг бирæ хорз хъуыддæгтæ, æмæ уыдон сты бирæ цымыдисондæр æвзæрдзинæдтæй», – загъта Алим.

2017 азы Алим ссис литературон конкурс «Булæмæргъ»-ы 3 премийы лауреат. Саби уæвгæйæ йæм ис тынг арф хъуыдытæ, хъæздыг у йæ уæлхъуыдыкæнынад æмæ йын нæ зæрдæ зæгъы æнтыстыты фæндиæгтæ йæ рæзгæ царды фæндæгтыл.

          Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.