Фыссæг Джиоты Катяйыл сæххæст 90 азы

 

   Фæзæгъынц, сылгоймагæн, дам, йæ кары кой ма хъуамæ скæнай. Ацы хъуыды, мæнмæ гæсгæ, алы сылгоймагмæ нæ хауы. Ис ахæм сылгоймæгтæ, кæцытæ сæ азтæй буц æмæ сæрыстыр хъуамæ уой, уымæн æмæ сæ цард мидисджын, нысанмæздæхтæй архайгæйæ æрвитынц. Ахæмтæн Хуыцау ноджыдæр фылдæр цæрæнбон куы схай кæнид, цæмæй сын фылдæр бантыса сæ радтæг адæмæн балæггад кæнын.

Йæ адæмы уарзгæ æмæ  сын лæггадгæнгæ чи цæры, уыдонæй сæ иу у ирон сывæллæтты фыссæг, тæлмацгæнæг, журналист Джиоты Катя Нестъоры чызг. Уый абон йæ нæуæдз азы баххæст кодта æмæ ацы цауæн æнæскойгæнгæ нæй! Зæрдæбынæй йын арфæ кæнын æмæ мæ бафæнддзæн, сæдæ азы сæрты дæр уæнгрогæй, æнæнизæй цы акæса.

Катяйæн ирон дзырдаивады фадыджы йе сфæлдыстадон хуынтæ дзæвгар сты. Фæлæ уал цалынмæ уыдоны ахадындзинадыл, сæ гъæд, сæ уæзыл нæ цæст ахæссæм, уæдмæ уал ын йæ царды фæндаджы тыххæй зæгъæм.

Катя райгуырд Знауыры районы иу чысыл рæсугъд хъæу Иончайы. Йæ ный-йарджытæ уыдысты рæстуд æмæ куыстуарзаг зæхкусæг адæм. Райдиан скъола сæхи хъæуы фæци каст, æнæххæст астæуккаг скъола та – Иончамæ ‘ввахс   Куатетрийы хъæуы. Уый фæстæ рацыд Чъребамæ æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта педагогон техникумы. Фæцис та уый дæр æнтыстджынæй æмæ æрыздæхт ахуыргæнæджы дипломимæ  йæ райгуырæн хъæумæ. Уым дыууæ азы бакуыста ахуыргæнæгæй. Сабитæуарзаг æмæ æрдзæй хæларзæрдæ æвзонг ахуыргæнæг йæ хъæубæсты скъоладзаутæн ахæм хуызты амыдта сæ уроктæ, æнцон æмбарæн æмæ сын бахъуыды кæнæн куыд уыдаид. Йæ куыстыл æнувыд уыд æмæ йын æнтыстытæ дæр хорз уыд, фæлæ йæм йæ зонынад фаг нæ каст æмæ сфæнд кодта уæлдæр ахуырад райсын. Рацыд та фæстæмæ горæтмæ æмæ фæлварæнтæ радта паддзахадон педагогон институтмæ, ирон æвзаг æмæ литературæйы факультетмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ам дæр равдыста йе ‘взыгъддзинад, сси студент, сæххæст йæ бæллиц.

Институт дæр фæци æмæ кусынмæ бацыд Хуссар Ирыстоны чингуыты паддзахадон рауагъдад «Ирыстон»-мæ. Фыццаг аз техникон редакторæй бакуыста, стæй йæ кондады хайады хистæрæй раразмæ кодтой æмæ суанг пенсийы ацæуыны агъоммæ уым фæкуыста. Йе ‘мцахъхъæнтæм абаргæйæ, Катя æндæргъуызон уыдта æрдзы нывтæ, арфдæр æмæ лæмбынæгдæр æнкъардта алцы дæр – дидины рæсугъддзинад, хæхты бæрзæндты алæмæтон, химæлвасгæ тых, æнахуыр уæлтæмæн эмоцитæ гуырдысты йе ‘взонг зæрдæйы æмæ архайдта гæххæтмæ сæ рахæссыныл. Сфæлдыстадон æнкъарæнтæй хайджын адæймагæн та йæ царды фæндаг даргъ уа æви цыбыр, хъуырдухæнты, уды цинты æмæ рыстыты зынцæуæн фæндаг у.

Уыцы фæндагыл, йæ тыхтыл æнæауæрдгæйæ, цæуы æмæ архайы фыссæг. Райдианы сæ фылдæр цæмæндæр æмдзæвгæтæй райдайынц сæ хъуыдытæ нывæндын. Катя дæр æмдзæвгæтæй райдыдта. Фыццаг хатт йæ фыст æмдзæвгæ газет «Колхозон цард»-ы мыхуырæй куы фæзынд, уæд уый уыд æппæты стырдæр амондджын цау æвзонг фыссæгæн. Фæстæдæр чысыл радзырдтæм дæр рахызт. Фылдæр рæзгæ фæлтæрæн фыста æмæ раст зæгъгæйæ, æнтысгæ дæр ын хорз кодта. Сабиты удыхъæд, сæ характерон миниуджытæ сын хорз кæй зыдта, уымæ гæсгæ йын бауырнинаг, æнцон кæсинаг уыдысты. Реалон цаутыл амад чысыл радзырдты афтæ аив, фæлмæн æвзагæй нывæзта йæ зæгъинаг хъуыды, æмæ сæ чысыл чиныгкæсæджы зæрдæ ма банкъардтаид, уый гæнæн нæ уыд.

Йæ фыццаг чиныг «Зæри» мыхуыры рацыд 1959 азы. Уæдæй фæстæмæ рауагъта цалдæр чиныджы.

1979 азы Катяйæн мыхуыры рацыд  чиныг «Æз дæр чысыл уыдтæн кæддæр», зæгъгæ, ахæм номимæ. Ардæм йæ равзаргæ радзырдтæ бахаста æмæ йын тынг зæрдæмæдзæугæ, хъарм æнкъарæнтæй конд фидаугæ рауад. Чысыл чиныгкæсæг дæр æй стыр цинимæ айста. Ацы радзырдтæ дидактикон характер хæссынц, фæлæ хус ныхæстæ æмæ уазал зондамонæн хъуыдытæй уæззаугонд не сты. Фæлмæн, æхцон, æнцонæмбарæн æвзагæй сывæллæтты царды æрцæугæ цаутыл ахæм хуызы бавæрын дзырд, æмæ чиныгкæсæг ирдæй фены, бамбары, цы дзы ис радзырды хорзæй, кæцы дзы у бафæзминаг æмæ кæцы та – æппæрццаг. Зæгъæм, радзырд «Мад»-ы дзырд цæуы тæхаг цъиуыл. Хæдзары дойнаг дурæй амад къулы хуынчъы цъиу ахстон сарæзта, лæппынтæ дзы рауагъта æмæ сын йæ бырынкъæй хаста уаллæттæ, гæлæбутæ, бындзытæ æмæ сæ хъомыл кодта. Ам чысыл лæппутæ Æхсар æмæ Бури алы бон уыдтой, цъиу къулы хуынчъы къуыд бабыры æмæ сæ бафæндыд йæ ахстоны цы ис, уый базонын. Къулмæ асин бавæрдтой, сбырыдысты æмæ мæнæ – гомгæрцц лæппынтæ! Худы сæ нывæрдтой æмæ сæ бынмæ ‘рхастой. Мадæл цъиу æрбатахт æдхæринаг, лæппынтæ та цыдæр фесты! Æмæ ратæх-батæх, цъиу-цъиуæй бæстæ йæ сæрыл систа. Лæппутæ та йæм кæсынц æмæ худынц. Уæдмæ Бурийы мад дон æрбацæй хаста æмæ сæ афтæмæй куы ауыдта, уæд сæм хылæй нæ, фæлæ зæрдæрисгæйæ дзуры:

– Зæгъæм, мæ лæппу, дæу мæнæй исчи байста, уæд æз дæр куыд кæнин æмæ ды дæр?

Цалдæр минуты фæстæ мадæл цъиу йæ «еусарæй» банцад.

Цы базонын æй хъуыд, лæппутæ сæ рæдыд кæй бамбæрстой æмæ йæ кæй рараст кодтой – лæппынты фæстæмæ сæ ахстоны нывæрдтой. Ахæм зондамонæн хуызы фыст сты иннæ радзырдтæ дæр: «Дадийы аргъау», «Иунæг бæлас», «Фæсмон» –  хуымæтæг æмæ зæрдæмæдзæугæ æвзагæй.

Катяйæн ноджы вазыгджындæр æмæ цæсты ахадгæ та йæ гуырахстджын уацаутæ «Урс æмпъузæнтæ» æмæ «Сæр-зилæнтæ» сты. Уацау «Урс æмпъузæнтæ» мыхуыры рацыд 1984 азы. Ам дзырд цæуы дыууæ уды уарзтыл æмæ ахæм фоныл уынæм æрмæст чызг æмæ лæппуйы царды хабæрттæ нæ, фæлæ ирон бинонты цардуагон нывтæ, ирон æгъдæуттæ, Советон дуджы царды характерон миниуджытæ. Автор ахæм химæлвасгæ хъæлæсæй дзуры йæ зæгъинæгтæ æмæ чиныгкæсæг, бар-æнæбары, цымыдисгæнгæ цæуы уацауы архайæг персонажты фæдыл, цæуы æмæ сæ цинагыл райы, сæ зын уавæртыл тыхсы химид. Ахæм хуызты зонгæ кæны Мисурæт æмæ Палусы фембæлд, сæ уарзты эпизодтæ, сæ разы æвæрд ныхдуртимæ тох, кæцытæ кæм хæлæггæнæг æмбæлтты «æххуысæй», кæм та сæхи æнæрхъуыдыйы фæстиуæгæн, æртыхсынц сæ сæрыл. Афтæ гæппæлгай, скъуыддзаггай цæуынц сæ хабæрттæ æмæ кæд ситуацитæ хъизæмæрттæй йедзаг сты, уæддæр кæрон хорз хъуамæ уа – ахæм акцентимæ фæуд кæны автор йæ уацауы æмæ чиныгкæсæджы дæр уырны.

Къаддæр æмвæзадыл нæ лæууы иннæ уацау «Сæрзилæнтæ» дæр. Ам дæр сæйраг рахæцæн уарзондзинады темæ у. Æмкъласон чызг æмæ лæппуйы кæрæдзиимæ быцæутæ, мæстæймарæн митæ æгæрон сыгъдæг уарзтмæ ахиздзысты. Минтæ æмæ Герасы ахастытæ нын афтæ арæхсгай, ирд нывтæй æвдисы автор, æмæ дæхи æвзонджы бонтæ дæ разы раудæгас уыдзысты, дæхи скъолайон рæстæджытæ, дæ æнæрхъуыды митæ, чи дæм цы зæрдæ дардта, дæ зæрдæмæ чи цыд, уымæ дæ цæсты зул куыд дардтай. Афтæ Герас æмæ Минтæ дæр ссардтой, цы агуырдтой се ‘взонг зæрдæтæ – уарзт, цардæн мидис цы дæтты, уыцы уарзондзинад. Фесты скъола, сæ ахуыр адарддæр кæнынмæ дæр иумæ ацыдысты Ирыстонæй дард горæтмæ. Кæд сын зын уыд хæдзарæй дард цæрын, уæддæр дæ фарсмæ уарзон адæймаг куы уынай, уæд мæгуырæй дæр ныфсджын дæ.

Нывыл цыдысты сæ хъуыддæгтæ, фæлæ тагъд Минтæйы фæстæмæ хъæумæ раздæхын бахъуыд. Цæвиттон, йæ  фыд хæстæй тынг лæмæгъæй æрцыд, йе ‘нæниздзинад æй нал хаста, бинонты дарын йæ бон нал уыд æмæ бирæ нал ацард, амард. Минтæ кусын райдыдта колхозы фермæйы хъугдуцæгæй. Уарзæттæ кæрæдзимæ сæ хабæрттæ фыстой. Иу рæстæджы Герас нал дзуапп кодта. Минтæмæ йе ‘мкъурсон æрæрвыста фыстæг æмæ йын базонын кодта, Герас йæ ахуыр кæй ныууагъта æмæ цæйдæр базаргæнджытимæ кæй сбæндæн. Ацыд чызг, бабæрæг кодта алцы дæр æмæ зæрдæрисгæйæ раздæхт. Фæлæ уыйхыгъд ноджы зæрдиагдæрæй æрæв-нæлдта куыстмæ. Йæ къахыл слæууын кодта фермæ æмæ йæ хицауæй раразмæ кодтой, фæстæдæр та йæ депутатæй дæр равзæрстой Сæйраг советмæ.

Цард йæхион домдта, фæлæ уарзондзинад нæ нымæг кодта. Герас дæр ратыдта йæхи уыцы æвзæр фæндагæй, ногæй слæууыд йæ къахыл. Автор ам бирæ цымыдисон цаутæ æвдисы дыууæ уды цардæй, ахæмтæ, кæцытæ дын уырнын кæнынц, уарзондзинад алкæуыл дæр кæй тых кæны æмæ сæ хъуыддаг хорз кæй ацæуы. Бирæ дзурæн ис Катяйæн йæ тæлмацты тыххæй дæр, фæлæ ныртæккæ уый фадат нæй. Æнæзæгъгæ нæй йæ дырæнхъонты тыххæй. Фæстаг азты уыдон сты йæ куысты сæр. «Мæ сагъæстæ æмæ мæ бæллицтæ»  ахæм номимæ рауагъта ацы чиныг 2007 азы. Уыдон сты йæ дзымандытæ. Кæсыс сæ, æмæ иууылдæр зонгæ хъуыдытæ сты, фæлæ сæ автор поэтикон уд бауагъта æмæ цымыдисон хуыз исынц. Сæ афыст сын ахæм æмвæзадмæ систа æмæ бахъуыды кæнынæн, зæрдылдарынæн фенцондæр сты. Ис дзы ахæмтæ, йæ уды рис кæм æвдисы гомгæрццæй  ӕмӕ сæ кæсгæйæ фæрисдзæн кæсæджы зæрдæ дæр:

«Нæй мæнæн иу Хуыцау, иу зæд,

   Абон цæмæн дæн æз иунæг?»

 

Ницы у æнæзæнæджы цард,

   Нæ йын ис бинонты ‘хсæн кад».

   Цæмæннæ ис мæнæн зæнæг?

   Хъысмæт, мæ тæригъæд дæ уæд».

Катя зондджын сылгоймаг у, амонын ын ницы хъæуы. Йæ хъуыдытимæ иуæй гæнæн ис сразы уай, иннæмæй та иууыл афтæ дæр нæу. Мады, ныййарæджы амонд ын кæй не схай кодта хъысмæт, уый зæрдæриссыны хос у, фæлæ алцæмæй æххæст цард никæмæн ис. Катя та уарзт æмæ кады аккаг у æмæ  дзы цух нæу. Бирæ йæ уарзынц йæ мадызæнæджы хъæбултæ, уыдоны хъæбултæ, хæстæг-хионæй, йæ чиныгкæсджытæ. Уымæй дарддæр, йе ‘мкъай Тедеты Дауыты сывæллæттæ. Æмдзæвгæ дæр ма сыл ныффыста.

Уыцы уарзондзинад та йæхицæй цæуы, уымæн æмæ алкæйы дæр уарзы, лæггад сын кæны æмæ дзы хъæстагæй никуы ничи баззад. Исчи йæм æххуысмæ баулæфыд, уæд йæ удыл нæ бацауæрддзæн. Йæ хæрзтæ нымайын нæ дард акæндзæн, æндæра дыууын фондз азы иумæ фæкуыстам рауагъдады, æмæ уыцы коллективы иу дæр нæй, Катяйæ лæггад чи нæ  зоны. Тынг бирæ цаутæ лæууы мæ зæрдыл йæ хорздзинæдтæй, сæ ранымайын мæм ам раст нæ кæсы, йæхæдæг у æфсæрмыгæнаг æмæ уымæ гæсгæ. Æнæуый та, раст куы зæгъæм, уæд, Катя куыд фыссæг, куыд æхсæнады номдзыд адæймаг сæрыстыр хъуамæ уаид – чиныг дæр хъæбулы ад кæны, уымæн æмæ фыссæгæн йæ уд, йæ зæрдæйæ ратæдзгæ æнкъарæнтæй райгуыры, кæм рисгæйæ, кæм æхцонæй. Ацы аз дæр та Катяйæн йе сфæлдыстадон къæбицмæ иу ног чиныг бафтдзæн – йе ‘мдзæвгæты æмбырдгонд «Мæ дзуринæгтæ» æмæ йын йæ юбилейон бонтæ рухс тæмæнтæй срæсугъд кæндзæн.

Цхуырбаты Мери

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.