Хуссар Ирыстоны Дзауы районы рæсугъддæр хъæутæй иу у Теделет.  Гауызвæлыст хъугæмттæ, цъæх æрдузтæ, алыгъуызон рæсугъд дидинджытæ дзæнæттон хуыз дæттынц ацы рагон хохаг хъæуæн. Ам, ацы диссаджы æрдхæрæн бынаты райгуырд æмæ йæ сабийы арфæйаг бонтæ арвыста Ирыстоны куырыхондæр хистæртæй иу – Диакъонты Сергей Константины (Къоте) фырт.

Сергейæн йе ‘взонджы бонтæ  æнцон нæ уыдысты, æртæ азы йыл цыдис, афтæмæй йæ фыд Къоте йæ хъæуккæгтимæ бархийæ ацыд Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ æмæ хъæбатырæй хъахъхъæдта нæ Райгуырæн Фыдыбæстæ.

Котейы цардæмбал 29 аздзыд Танделаты Дапи баззад æхсæз сабиимæ. Æвдæм та уыд йæ тиу Пармены афæдздзыд сывæл-лон. Уымæн йæ мад амард æмæ Пармен та хæстмæ ацыд. Уыдонæй дарддæр ма Дапийы даринаг фæцис Къотейы мад Марика дæр. Иуныхасæй, аст æнæкуыстхъом адæймаджы дарыны уæз æрæнцад Дапийы æрыгон  уæхсджытыл. Уыцы уæззау æмæ хъизæмар азты Сергейы мад Дапи йæ сы-вæллæтты хъомылгæнгæйæ æмæ сын къæбæр амал кæнгæйæ æрвыста йæ царды бонтæ.  Уæззау азтæ нæ фæцудын кодтой сылгоймаджы хъарутæ. Уый йæ хистæр сывæллæтты ахуыр кодта фæллойыл, амыдта сын хæдзары куыстытæ æмæ афтæмæйты цардысты.

150  хæдзары кæм уыд, уыцы хъæуæй хæстмæ ацыд 100 адæймагæй фылдæр. Хъæуы ма баззадысты зæрæдтæ, сылгоймæгтæ æмæ сабитæ.

Хъæуы цæрджытæ Танделаты Габу хæстмæ арвыста авд æфсæддоны, Хуыбецты Отар – фондз хæстоны, Бестауты Павел, Танделаты Кужан æмæ Танделаты Гадкæ та хæстмæ арвыстой цыппæргай фыртты.

Къотейæн, знаджы ныхмæ тох  кæнгæйæ, æвæццæгæн, йæ царды фæстаг хъуыдытæ, сагъæстæ æппæтæй дæр йæ сабитыл, йæ цардæмбалыл уыдысты.  Уый хæсты быдырæй йæ бинойнаг Танделон Дапимæ цы фыстæджытæ æрвыста, уыдонæй  бирæтæ  абон дæр сæ цотмæ сты.  Дапи йæхæдæг амард 1969 азы.

Цыдысты хæсты уæззау æмæ æвирхъау бонтæ. Дапи æмæ йæ сывæллæттæ æвзæрстой тухитæ æмæ уæззау фыдæбæттæ, æрвыстой бирæ æххормаг æмæ уазал бонтæ. Уæззау тыхстдæр æмæ хъизæмардæр рæстæг уыдис 1943 азы зымæг. Уæд сывæллæтты кæстæрыл цыдис иу аз æмæ цалдæр мæйы. Уыцы уæззау бонты сын баххуыс кодта Къотейы хо Матрона.  Баныфс сын æвæрдта нартхорæй. Уыцы хъызт зымæджы йæм Дапи ацыдис Цъонмæ къахкъæлæттыл æмæ ссæдз килограммы æрхаста уыцы зынвадат фæндагыл йæ сабитæн нартхор.

Сергейы фыд Къоте дæргъвæтин рæстæг нымад уыдис æбæрæгæй фе-сæфæгыл. Фæлæ йе ссарыныл тынг зæрдиагæй архайдта Сергей, уый фыста фыстæджытæ ССР Цæдисы Хъахъхъæнынады министрадмæ, æндæр рæттæм æмæ йæ æнхъæлмæ каст дзæгъæлы нæ фæцис, ссардта, йæ фыд ныгæд кæм у, уыцы бынат. Райста фыстæг Хъахъхъæнынады министрадæй, цыран загъд уыдис: «Ваш отец,  старший лейтенант Дьяконов Константин Тотоевич, погиб 24 октября 1944 года в Восточной Пруссии близ г. Шалупенен (ныне г. Нестеров Калининградской области. И похоронен в братской могиле в поселке Илюшино».

1974-1982 азты Сергей куыста СЦКП-йы Цæгат Ирыстоны обкомы, æмцег кодта республикæйы хойраджы сæудæджерадыл.  1975 азы уырдæм арæх цыд хæсты ветеран, дæлбулкъон, (йæ ном ын Сергей нал хъуыды кæны), уæд бирæ ныхас цыд, г. Орджоникидзейæн хъæбатыры горæты ном радтыны тыххæй æмæ афицер æмбырд кодта æрмæджытæ. Йемæ ныхас кæнгæйæ, Сергей радзырдта, йæ фыд фыстæг кæй æрæрвыста 15 октябры 1944 азы Скæсæйнаг Пруссийæ æмæ уæдæй фæстæмæ йæ бинонтæ кæй ницыуал бæрæг базыдтой йæ хъысмæты тыххæй. Æмæ йын уæд ветеран загъта, цæмæй фыстæг ныффысса Хъахъхъæнынады министрады кадрты управленимæ. Æмæ  Сергейы фыстæгæн министрад дзуапп  æрæрвыста 1977 азы. Уый фæстæ, Уæлахизы боны размæ, Сергей абалц бæстæйы цæгат-ныгуылæн кæронмæ,  Илюшиномæ. Йемæ фæраст йæ хæстæг æрвад, хæстон тæхæг, авиацийы майор Диакъонты Руслан дæр.

1978 азы 9 майы йæ фыды уæлмæрды ирон æгъдаумæ гæсгæ Сергей кодта хæрнæг. Уыдысты дзы поселок Илюшинойы скъолайы минæвæрттæ, районы æмæ æфсæддон къамисариаты кусджытæ. Уый фæстæ йæ фыды уæлмæрдæй систа сы-джыт æмæ æртахт хæдтæхæгыл Ростовмæ. Ростовы цардис йæ хорз хæлар Олег Голосов, уый уыдис Ростовы зындгонд, курдиатджын скульптор. Уымæн Сергей радзырдта йæ зынгхуыст хæстон фыды цард æмæ тохы фæндæгты тыххæй. Æмæ сæм райгуырд арфæйаг фæнд – Теделеты хъæуы Къотейæн цыртдзæвæн сæвæрын æмæ йæ фарсмæ та Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Теделеты хъæуæй чи фæмард, уыцы хæстонтæн мемориал саразын. Сæ фæнд æххæст дæр скодтой.

Цыртдзæвæн сырæзт Олег Голосовы æрмадзы æмæ йæ  сæвæрдтой Теделеты рæсугъд æрдузы, раздæры колхозы къанторæйы раз. Æппæт ацы хъуыддæгтæ Диакъонты Сергей сарæзта йæхи æхцайы фæрæзтæй.

Къотейы цыртдзæвæн æмæ гранитæй арæзт мемориалон комплекс хæстæй чи нал сыздæхт, уыдонæн кадджын уавæры гом æрцыдысты 1979 азы 9 майы. Сæ байгом кæнынмæ æрбацыд тынг бирæ адæм – канд Теделеты цæрджытæ нæ, фæлæ ма Цхинвалæй æмæ Цæгат Ирыстонæй дæр. Уæд Уæлахизы 33 азы кадæн ам арæзт æрцыд ногдзауты кадджын линейкæ дæр.

Цыртдзæвæн байгом кæныны митингы зæрдæагайгæ ныхас йæ хъæуккæгты хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй ракодта Диакъонты Сергей.

Йæ раныхасы уый загъта, зæгъгæ, йæ зæрды ис хæсты фæстæ чи амард, уыдонæн дæр сæ нæмттæ сæнусон кæнын æмæ сын мемориалон комплекс саразын сæ зынгхуыст хæстонты фарсмæ. Æмæ йæ дзырд сæххæст кодта. Сергей йæхи æхцайы фæрæзтæй сарæзта мемориалон цыртдзæвæн хæсты фæстæ чи амард, уыцы ветерантæн дæр.

Мемориалон цыртдзæвæн кадджын уавæры гом æрцыд 2013 азы 8 майы.

Цыртдзæвæн гом кæнгæйæ Сергей Фыдыбæстæйы Стыр хæсты зынгхуыст хæстонты номыл загъта:

“Æз уын абон уæ фарсмæ сæвæр-дзынæн мемориалон цыртдзæвæн, хæсты архайджытæн, ветерантæн, уе ‘фсымæр-тæн, хæстæджытæн, хæлæрттæн…кæцытæ сымахимæ хъæбатырæй тох кодтой фашистон агрессоры ныхмæ, фæлæ хæстæй сыздæхтысты сæрæгасæй æмæ  ма бирæ азты дæргъы цардысты æмæ куыстой Фыдыбæстæйы фарнæн æмæ йæ амондæн. Уыдон куыдфæндыйы цæстæй нæ кастысты нæ Райгуырæн бæстæйы лыггæнинаг фарстатæм. Зæрдиагæй фæсивæды ахуыр кодтой Фыдыбæстæйыл иузæрдион уæвыныл, нæ хæлæг кодтой сæ зонындзинæдтæ æмæ сæ фæлтæрддзинад кæстæртæн, амыдтой сын сæ цæстуарзонæй. Уыдон уыдысты зондджын,  куырыхон æмæ хъæбатыр адæймæгтæ. Мæнæн сын мæ бон баххуыс кæнын ницы у сæ нæмттæ сын сæнусон кæнынæй дарддæр,  цæмæй сæ рухс ном иудадзыгдæр цæра нæ зæрдæты æмæ нын уой фæзминаг нæ цард æмæ нæ уагы.  Рухсаг ут!  Рухс дзæнæт уæ  хай!»

Ныййарджыты хæс ничима бафыста, фæзæгъынц. Фæлæ уæддæр лæджы хуызæн лæг уымæ фæтырны. Гъемæ, Сергей дæр лæгдзинад равдыста, стыр удыбæстæ скодта йæхицæн, йæ зынгхуыст фыдæн,  стæй йæ райгуырæн хъæубæстæн.

Ацы аз 20 августы Диакъонты Сергейыл сæххæст 80 азы. Уый бирæ нæу сфæлдыстадон кусæгæн, Сергей та фæстаг азты кæны сфæлдыстадон куыст дæр,  фыссы æмдзæвгæтæ æмæ публицистикон уацхъуыдтæ, у Уæрæсейы Фысджыты литературон æхсæнады уæнг. Сергей,  дæ юбилейы фæдыл дын дæ бирæ хæлæрттимæ æз дæр зæрдиаг арфæ кæнын. Фыццаджыдæр у æнæниз æмæ цардуарзон.  Ис дæм нырма бирæ рæсугъд æмæ арфæйаг фæндтæ æмæ дын сæххæст уæт дæхи фæндиаг.

Дыгъуызты Тенгиз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.