30 июлы РХИ-йы Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан йæхимæ райста республикæйы æмбæстæгты. Æмбæстæгтæ йæм цы фарстытимæ цыдысты, уыдон сæйраджыдæр уыдысты цæрæнуат сцалцæг кæнын, материалон æххуыс бакæнын æмæ сæ куыстæй сифтонг кæныны тыххæй.

Хелцуайы хъæуы цæрæг Бестауты Васикъо Парламенты сæргълæууæгмæ бахатыд, цæмæй йын баххуыс кæна йæ цæрæнуат сцалцæг кæныны тыххæй, кæцы бахъыгдард 2008 азы гуырдзыйаг агрессийы рæстæджы. «Мах цæрæм Хелцуайы хъæуы. Нæ бинонты ‘хсæн ис æртæ инвалиды. Нæ хæдзар рагæй ис аварион уавæры. Мах иу æмæ дыууæ хатты нæ бахатыдыстæм алыгъуызон инстанцитæм ацы фарсты фæдыл, фæлæ фарст нырма скъуыддзаг не ‘рцыд. Курæг дæ дæн, цæмæй нын йæ агъуыст раивынæн баххуыс кæнай», – загъта уый.

Цæрæнуат сцалцæг кæныны тыххæй ма спикермæ бахатыд Знауыры районы Фæзы хъæуы цæрæг Хуыбедзты Венерæ. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй йæ хæдзар æд фæллой басыгъд 1992 азы гуырдзыйаг-ирон конфликты рæстæджы. «Мах иу æмæ дыууæ хатты нæ бахатыдыстæм хицауадмæ хæдзар сцалцæг кæныны тыххæй, фæлæ-иу нын æрмæст ныфс æвæрдтой. Цхинвалæй нæм къамис æрцыд, хæдзар федтой, нывтæ систой, банысан кодтой, хæдзар кæй хъæуы сцалцæг кæнын, фæлæ фæстæдæр рабæрæг ис, æхцайы фæрæзтæ хицæн кæй нал æрцыдысты», – загъта уый.

Хуыбедзты чызг банысан кодта, зæгъгæ, йæхи тыхтæй хæдзары æмбæрзт раивта, фæлæ уый фаг нæу. «Мæ лæппуйæн йæ бон нæу ацы фарст скъуыддзаг кæнын, уымæн æмæ йæхицæн ис авд сывæллоны», – загъта Венера.

Цæрæнуат сцалцæг кæныны тыххæй ма спикермæ бахатыдысты Уалыты Фатимæ, Лохты Жаннæ, Хъотайты Мери, Бигъуылаты Алик æмæ Гæззаты Мераб.

Тадтаты Алан сæ æрдомдта куырдиæттæ ныууадзын æмæ ныфс бавæрдта, тагъд рæстæджы сын сæ проблемæ кæй аскъуыддзаг кæндзысты. Бекъойты Майя закъондæттæн органы сæргълæууæгмæ бахатыд, цæмæй йын баххуыс кæной йæ чиныг «Погасшие звезды геноцида» ныммыхуыр кæнынæн. Авторы ныхæстæм гæсгæ, чиныджы мидис арæзт у, Хуссар Ирыстоны территорийыл цы реалон цаутæ æрцыд, уыдоныл, æрмæст ма ивд æрцыдысты хъайтарты нæмттæ.

Тадтаты Алан ныфс бавæрдта, финансон æххуыс ын кæй бакæндзæни, уымæй.

Материалон æххуыс бакæныны тыххæй ма спикермæ бахатыд Коцты Ингæ дæр. Уый банысан кодта, йæ фырты чызг гуырцæй æвзæр кæй хъусы.

«Уый гуырцæй æвзæр хъусы. Фарон ын операци сарæзтой æмæ йын сæвæрдтой хъусынгæнæн аппарат. Мах алы æртæ мæй дæр хъуамæ цæуæм Мæскуымæ аппарат регулировкæ кæныны тыххæй. Абоны онг мах нæхи тыхтæй архайдтам, фæлæ нын уыйас фадат нал ис», – загъта Коцты Ингæ. Уымæй уæлдай ма, йæ ныхæстæм гæсгæ, йæ фырты чызджы хъæуы сурдоахуыргæнæджы æххуыс, кæцы нæ республикæйы нæй.

Тадтаты Алан ныфс бавæрдта, æппæт æнæмæнгхъæуæг мадзæлттæ кæй райсдзæн чысыл чызгæн баххуыс кæныны тыххæй.

Цалдæр сахатмæ РХИ-йы Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан йæхимæ райста 40 адæймаджы онг.

РХИ-йы Парламенты

Информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.