Хуссар Ирыстон арвитдзæн хъусдарджыты Донецк æмæ Луганскы Адæмон Респуб-ликæты закъондæттынадон органты сæргълæуджыты æмæ депутатты æвзæрстытæм, кæцытæ уагъд æрцæудзысты 11-æм ноябры. Уый тыххæй фехъусын кодта РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, хус-сарирыстойнаг парламентаритæ цæттæ кæнынц делегаци, кæцы уадздзæн æвзарæн процессты мониторинг Цхинвалæн хæларадон Донбассы республикæты. Уымæй дарддæр ма, ацы республикæтæм хъусдарджыты къорд арвитдзæн Хуссар Ирыстоны Президенты Администраци дæр. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ацы Республикæты æвзæрстытæм хъусдарджытæй бацæуын кæй фæнды Стырбритани, Герман, Итали, Бельги, Серби, Финлянди æмæ Францы алыгъуызон æхсæнадон æмæ политикон тыхты дæсгай минæвæртты.

Донецкы æмæ Луганскы Адæмон Республикæтæм ма æвзæрстытæм хъусдарджытæй фæнды бацæуын Европарлменты къорд депутаты дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.