Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Жельк Цвияновичæн Республикæ Сербийы Президенты бынатмæ æвзæрст кæй æрцыд, уый тыххæй.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Президент!

Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы æмæ дын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын Республикæ Сербийы Президенты бынатмæ æвзæрст кæй æрцыдтæ, уый тыххæй.

Дæу сæвзарын бæлвырд кæны, ды цы политикон курсыл лæууыс, уымæ æмæ сæрмагондæй дæумæ адæмы æууæнкдзинад.

Ныфс мæ ис, ды республикæйы хæрзиуæгæн æппæтдæр кæй араздзынæ, дæ патриотизм æмæ тырнындзинадæй разамынд кæнгæйæ.

Ныфс мæ ис, дарддæр дæр Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Сербийы Республикæты æхсæн ахастытæ кæй фидардæр кæндзысты æмæ рæздзысты.

Мæ цæст дын уарзы фидар æнæниздзинад, хорздзинæдтæ царды æмæ куысты, Республикæ Сербийæн та – ног æнтыстытæ экономикæйы, культурæйы æмæ паддзахиуæгад дарддæр фидардæр кæныны хъуыддаджы.

 

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Уæрæсейы Федерацийы спорты сгуыхт мастер Гасситы Муратæн йæ гуырæн боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Мурат Георгийы фырт,

Айс мын мæ иууыл зæрдиагдæр арфæтæ дæ райгуырдыл 25 азы сæххæсты сæраппонд.

Ды дæ иууыл зынгæдæр, кадджындæр æмæ уарзондæр спортсментæй сæ иу, дæ æгæрон курдиат, æнæфæцудгæ удыгъæд æмæ спортмæ æргом уарзондзинадимæ. Де ‘ндыгъд профессионалон фæндаг у æвзонг спортсментæн цæвиттойнаг æмæ у стыр кады аккаг.

Уырны мæ, дарддæр дæм бирæ плæнттæ кæй ис, кæцыты сæххæст кæнынæн дын ахъаз кæндзысты дæ æвидигæ цардуагон энерги æмæ нысанмæ тырнындзинад.

Мæ цæст дын уарзы ног æнтыстытæ æмæ æнæниздзинад. Уадз, кæддæриддæр дын куыстуарзондзинад æмæ хъæддыхдзинад хæссæт зæрдæйыфæндиаг фæстиуджытæ».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.