Хæдзарон æндæр ифтонггæрзтæ дæр хæлын зонынц æмæ дзуапп нал фæдæттынц сæ хицауы домæнтæн. Ахæм рæстæджы адæймагæн йе скаст вæййы, чи сæ фæцалцæг кæны, уымæ. Мæнæ бахауд фæлтæрд къухты хицаумæ, бавнæлдта йæ аразынмæ æмæ йæ арæхстдзинады фæрцы уымæн бантыст куыстæввонг æй скæнын. Уымæй æхсызгондæр ма цы хъуамæ уа йæ хицауæн, ныр та йын раздæрау кæндзæн йæ лæггады хай æмæ йын, арфæтæ ракæныны фæстæ, хъæлдзæг зæрдæйы равгимæ рацæуы. Æмæ цал вæййынц æрвылбон дæр, нæ горæты Цардуагон лæггæдты хæдзарæй райгондæй æмæ бузныджы ныхæстимæ чи раздæхы, уыдон. Арфæйы ныхæстæ кæй номыл арвитынц, уыдон нымæцмæ хауынц ацы куыстуаты кусджытæ Джиоты Роланд æмæ Ирбег дæр. Уыдон архайынц æмæ цалцæггæнæн куыстытæ æххæст кæнынц, газы фæрцы хъарм чи кæны, ахæм цалдæр хуызы   агрегаты.

Цæмæй уыдон æнæкъуылымпыйæ кусой, цалцæг кæнинаг та йæ раздæры гаччы æрбада, фæлхасгæнджытæн сæ домæнтæ æххæст кæна, уый тыххæй Джиоты Ирбегы бацæттæ кодтой æмæ йæ райгуырæн къуыммæ æрыздæхт цæттæ дæсны кусæгæй. Уый фæстиуæгæн дыууæ æрвады – Роланд æмæ Ирбег цæстуарзонæй сæ лæггады хай кæнынц, æххуысы охыл сæм чи баулæфы, уыцы адæймæгтæн. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ахæм хъармгæнæн ифтонггæрзтæй пайда кæнынц канд нæ горæты цæрджытæ нæ, фæлæ ма республикæйы хъæууон æмбæстæгтæ дæр. Уыдонæй иуты æмбæлон уагмæ æркæнынц сæ кусæнуаты, æндæртæн та сæ уавæртæ бахынцынц, ацæуынц сæм бынатмæ æмæ сæ уый тыххæй фæбузныг вæййынц сæ хицæуттæ.

                                      ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.