3-æм августы РХИ-йы Стандартизаци æмæ Метрологийы комитеты кусджытæ банысан кодтой сæ профессионалон бæрæгбон.

Нæ республикæйы ацы комитет сырæзт 10 азы размæ. Йæ хæс у паддзахадон стандарттæ хъахъхъæнын, æнæхæрзгъæд – про-дукттæ рафæлгъауын, тæссаг арæзтадон æрмæджытæн экспертон хатдзæгтæ сара-зын æмæ æндæртæ.

Комитетæн къухдариуæг кæны Цхуырбаты Зауыр. Уый куыд зæгъы, афтæмæй йæ комитет цалдæр азы размæ сразыдзинæдтæ бафыста, Уæрæсейы Федерацийы сын цы коллегæтæ ис, уыдонимæ.  Уый фæстиуæгæн сæ материалон-техникон базæ фæхуыздæр. Кæд æмæ уæдмæ, æрмæджытæ рафæлгъауынмæ, Ставрополы лабораторимæ æрвыст цыдысты, уæд ныр сæрибарæй сæ бон у бынаты ахæм экспертон хатдзæгтæ саразын.

Лабораторийы эксперттæ радзырдтой, абон Стандартизаци æмæ метрологийы комитет цы ресурстæй ифтонг у. Зæгъæм, цалдæр азы размæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æнгæс комитет сын балæвар кодта сæрмагонд прибор, кæцы сгары æртаджы гъæд. Куыд зонæм, афтæмæй цалдæр азы размæ, кæцыдæр амалиуæггæнæджы аххосæй нæ республикæмæ æрластæуыд æгъæд æртаг. Уый аххосæй фехæлд бирæ автомашинæтæ. Ныр ацы лаборатори цæттæ у «Ареолитр»-æй, æртаджы гъæдæн лабораторион басгæрсты руаджы аргъ скæнын.

Цæрджытæ арæх фембæлынц электроны приборты фæткхалыны цаутимæ, уæлдайдæр та, рухснымайæнтæ, тагъд куы фæнымайынц, кæнæ сабыргай, уæд. Лабораторийы сæрибарæй басгардзысты æмæ сбæрæг кæндзысты ацы цау.

Лаборатори аразы хуыр, змис, цемент æмæ асфальты гъæды тыххæй сгæрстытæ дæр. Уыдонæн хатдзæгтæ саразын кæнынц арæзтадон фирмæтæ.

«Æрвылбон цы дзаумæттæ дарæм, уыдонæн дæр ис сæхи стандарттæ æмæ уыдон дæр хæлд ма хъуамæ цæуой. Сывæллæттæ скъоламæ цы дзаума дарынц, уый хъуамæ уа бæззон цыфæнды боныгъæдмæ дæр. Кæд æмæ дзаумайыл паддзахадон стандарты нысан сæвæрдта йæ рауадзæг, фæлæ стандарты нормæтæ не ‘ххæст кæны, уæд фæлхасгæнæгæн йæ бон у ивар æрдомын», – зæгъы лабораторийы кусæг.

Цхуырбаты Зауыр куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ сæ комитеты кусы 22 адæймаджы. Æмæ сын йæ цæст бауарзта æнæниздзинад, æнтыстджын куыст, нæ адæмы хæрзиуæгæн.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.