Чиныджы нысаниуæг егъау  уыд æмæ у алы рæстæджы дæр, ахъаз у æмбæстæгты алыхуызон зонындзинæдтыл фæцалх кæнынæн, стæй сæ хъайтарты хайбавæрд царды алы фадыджы дæр. Уыдæттимæ бæзонгæ вæййы кæсæг æмæ сын фæзмы сæ раппæлинаг миниуджытæ, æппæрццаг фæлгæнцтæн та царды нæ радты бынат. О, ахæм у цыбыртæй чиныджы ахадындзинад æмæ æнæрхъæцæй уымæ фенхъæлмæ кæсынц йæ фæзындмæ, уымæн ыл фембæлынц æхсызгондзинады æнкъарæнтимæ. Чиныгæн бирæ хæлæрттæ ис нæ республикæйы дæр æмæ сын сæ домæнтæ ног уагъд чингуытæ рухсмæ фæзыныныл зæрдиагæй кусы Информаци æмæ мыхуыры комитет.

Комитеты куыст цæмæй æм-бæлон æгъдауæй цæуа, чингуытæ æмбæлон дзуапп дæттой кæсджыты домæнтæн, уый тыххæй автор-тæй дарддæр зæрдиагæй бацархайынц, сæрмагонд къамисы сконды чи вæййы, уыцы бæрнджын адæймæгтæ дæр. Зæгъæм, Хуссар Ирыстоны Мыхуыры хæдзары сæйраг редактор Хуыгаты Анатоли куыд загъта, уымæ гæсгæ чиныг рауадзыны тыххæй автор йæ уацмыс куы æрбахæссы, уæд ыл схъæлæс кæнынц къамисы уæнгтæ. Къухфыстытæм æркæсыны фæстæ рауагъдады къамис бауынаффæ кодта æмæ 2022 азы мыхуыры рауагътой, 2021 азы финансон фæрæзты аххосæй чи нæ рацыд, уыцы чингуытæ дæр. Номхуындæй уыдон сты Уанеты В. «Арвистон», Дзидздзойты С. «Чи у «Стайы цармдарæджы» æцæг автор?», Гæззаты И. «Публицистикæ», Хъодалаты Г. «Номарæн æмдзæвгæтæ», Кокойты Э. «Урс æхсæрдзæн», Плиты Г. «Саулохты Мухтары цард æмæ сфæлдыстад» æмæ Хъæцмæзты А. «Мады фæдзæхст». Уыдонæй дарддæр ма мыхуыры рацæудзысты Хъазиты М. «Нæ ис, нæ бис», Хъуылымбегты Р. «Юго-Осетинская автономная область», Цхуырбаты М. «Мистерии Нартиады» æмæ Къуезерты П. «Календарь памятных дат на 2023 год». Ноджы ма æркастысты, 2022 азы рауагъдады планмæ хаст чи нæ æрцыд, уыцы авторты къухфыстытæм æмæ уагъд æрцæудзысты ацы аз. Уыдон та сты Биазырты Р. «Æвзæрст уацмыстæ», Джиоты П. «В войне информационной», Ко-заты П. «Зæрдæйы сагъæстæ», Уалыты Д. «Акæн мæ демæ, нана», Гуыцмæзты М. «Сусæг уарзт», Æлборты Э. «Базырджын хъуыдытæ Джусойты Нафийы сфæлдыстады» æмæ Къуезерты П. «Доктора наук, профессора Южной Осетии».

                                                               Хуыбиаты Никъала