Уый уыд фӕскъӕвда хурбонау… Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстыты фӕстиуӕгӕн, растдӕр зӕгъгӕйӕ та – политикон культурӕ ӕмӕ хуымӕтӕджы ӕгъдауы бӕрц-барӕнтӕм бынтон дард чи лӕууы, ахӕм деструктивон тыхты аххосӕй цы ӕнӕзӕрдӕхцон уавӕр сӕвзӕрд, уый тӕккӕ тӕмӕны – Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли сидт сарӕзта республикӕйы адӕммӕ.

Ацы сидт адӕммӕ цы тӕлмӕнтӕ равзӕрын кодта, Уӕрӕсейы рдыгӕй йын цахӕм реакци уыд, йӕ оппоненттӕ дзы куыд спайда кодтой, уыдӕтты тыххӕй – фӕстӕдӕр, фӕлӕ  иу хатт байхъусӕм сидтмӕ:

«Цытджын ӕмбӕстӕгтӕ! Республикӕ Хуссар Ирыстон, Уӕрӕсейы Федераци, ӕнӕхъӕн дунейӕн скодта хъысмӕтӕвзарӕн рӕстӕг. Уырыссаг дуне абон хъахъхъӕны ахӕмты интерестӕ, кӕцытӕ йыл ӕнувыд сты, кӕцытӕ тох кӕнынц нацизмы ныхмӕ, аргъ кӕнынц ӕумӕйагадӕймагон ӕргъадтӕн ӕмӕ ӕхсӕндунеон ӕмӕхсӕнады бындурон нысаниуӕджы бартӕ ӕмӕ нормӕтӕн.

Уырыссаг дунейы Рӕзты дуджы, йӕ сӕрты ахизӕн  кӕмӕн нал ис, ахӕм хахх кӕй ис, уый фыццаг хатт ӕмбӕрстгонд ӕрцыд ам – Хуссар Ирыстоны – 2008 азы, Уӕрӕсе ирон адӕмы бахъахъхъӕнын ӕмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымайыны уынаффӕ куы райста, уӕд, уый тыххӕй мах алыхатт дӕр бузныг уыдзыстӕм Уӕрӕсейы Федерацийы къухдариуӕгад ӕмӕ адӕмӕй. Бузныг уын ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ!

Уый уыди историон уынаффӕ, кӕцы Хуссар Ирыстоны адӕмӕн радта сабырдзинады гаранти ӕмӕ рӕзты фадат. Фӕлӕ, ирон адӕмӕн, дыууӕ хайыл дихгонд адӕмӕн, сӕ сӕйраг историон ӕмӕ стратегион нысан у – иу паддзахады фӕлгӕтты баиу уӕвын. Уыцы паддзахад у Уӕрӕсейы Федераци.

Уыцы нысан нӕ адӕм иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бафидар кодтой. Махӕн нӕ ӕнусон бӕллиц сӕххӕст кӕныны фадат уыд 2014 азы, Хъырым йӕ райгуырӕн уӕзӕгмӕ куы рбаздӕхт, уӕд. Мах уӕд уыцы фадатӕй не спайда кодтам, фӕлӕ нӕ бон нӕу уый ногӕй ӕруадзын!

Æз нымайын, Уӕрӕсеимӕ уӕвын у не стратегион нысан, нӕ фӕндаг, адӕмы фӕндон, ӕмӕ уыцы фӕндагыл мах дарддӕр цӕудзыстӕм.

Æмбӕлон юридикон къахдзӕфтӕ мах сараздзыстӕм ӕввахс рӕстӕджы. Республикӕ Хуссар Ирыстон уыдзӕн йӕ историон Райгуырӕн бӕстӕйы –  Уӕрӕсейы сконды».

Фӕскъӕвда хурбонау уымӕн, ӕмӕ адӕм уыдысты уӕззау зӕрдӕдзурӕнты. Ӕвзӕрстытӕ нӕм иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ уыд, фӕлӕ ныры ӕвзӕрстыты рӕстӕджы цыхуызӕн ӕнӕрӕстдзинӕдтӕм кӕсӕм, ахӕм цӕуылдӕрты хъуыды дӕр никуы акодтаиккам… Цъыфкалӕнтӕ дӕр фехъуыстам, фидистӕ дӕр ӕмӕ ӕрдхъирӕнтӕ дӕр, фӕлӕ… Архайӕг президентӕй ӕнӕхъӕн республикӕйы цӕрджыты цӕсты раз алывыдтӕ дзур – йӕ бынат ахӕстоны кӕй ис, нымаинаг дӕр кӕй нӕу, уыдӕтты онг, ӕмӕ уый ӕмрӕстӕджы хъаст кӕн, Хуссар Ирыстоны демократи кӕй нӕй, уый тыххӕй… Цавӕр демократи ма нӕ хъӕуы?!.

Цы кодтам, цы ныл ӕрцыд, хорз адӕм? Хорз, хуымӕтӕджы субардинаци цы у, уый зонгӕ дӕр ма кӕнӕм, фӕлӕ кӕстӕр-хистӕры ӕмахастытӕ та цы фесты? Нал нӕм мыггаджы фарн ис, нал – рӕдийӕгӕн йӕ ных бакъуырыны традици?.. Ау, Республикӕ Хуссар Ирыстоны адӕм се ‘ууӕнк ахӕм адӕймагыл бафтыдтой, йӕ бынат ахӕстоны кӕмӕн ис? Нырыккон дунейы иууыл стырдӕр политикон архайӕг Владимир Путин йӕ къух ахӕмӕн райсы, йӕ гуырӕн бонмӕ публикон ӕгъдауӕй ахӕмӕн раарфӕ кӕны, йӕ бынат ахӕстоны кӕмӕн ис?.. Кӕд йӕ бынат ахӕстоны ис, кӕд нымады дӕр нал у, уӕд нӕ дарӕг, нӕ уромӕг Уӕрӕсейы Федерацийы политикон элитӕйы равзаргӕдӕр лӕгтӕ йӕ раразмӕгӕнӕн съездмӕ цӕмӕн ӕрцыдысты, цы уӕз сыл цыди, цы фсӕрм сӕ уыди?..

Цас зын бамбарӕн у, ахӕм цыдӕртӕй Бибылты Анатолийыл къӕм дӕр кӕй нӕ абаддзӕн – уыдӕттӕй нӕ фыдыбӕстӕйы ӕфтауӕм ӕндӕр адӕмты, уӕлдайдӕр та не знӕгты цӕсты…

Бибылты Анатолийы уӕрӕсейаг телеканалтӕ теледебаттӕй куы фӕиппӕрд кодтой, уӕд дӕр – афтӕ, райдыдтой та фӕдисы дзӕнгӕрджытӕ цӕгъдын,  гъеныр та, дам, адӕмы радон хатт хъуамӕ фӕсайа, ныфс сын ӕвӕра референдум ауадзынӕй, цӕмӕй та йын схъӕлӕс кӕной. Æмӕ цӕвиттон хӕссынц Путины пресс-секретарь Песковӕй дӕр, уый дам, загъта, Кремль кӕй ницы юридикон хӕслӕвӕрдтӕ радта… Æмӕ Кремль куыд хъуамӕ зӕгъа –  афтӕ нын зӕгъдзӕн «Рацӕут Уӕрӕсейы скондмӕ»?..

Референдум ауадзӕн уыд ӕмӕ хъуыд 2014 азы, ахӕм фадат нын куы фӕзынд, уӕд, фӕлӕ… Ныр та фӕзынд ахӕм фадат, ӕмӕ дзы хъӕуы спайда кӕнын. Бибылты Анатоли ацы сидт ӕнӕнхъӕлӕджы, адӕмы фӕсайыны тыххӕй куы сарӕзтаид, уӕд ӕй ӕнӕхъӕн изӕр уӕрӕсейаг телеуынынады централон каналтӕ ӕзфӕраздӕронӕй не ‘вдыстаиккой, ӕмӕ дзы алыгъуызон алӕвӕрдтӕ интервьютӕ нӕ истаиккой. Байхъусӕм ма зындгонд советон спортсмен, телеамонӕг Вячеслав Фетисовмӕ:

«Бибылты Анатолийы сидты цымыдисаг у, республикӕйы Уӕрӕсейы скондмӕ бакӕныны цӕттӕдзинадыл кӕй дзуры, ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ Кремль Бибылы-фыртӕн ахӕм сидт саразаны бар кӕй радта, уыцы факт.

…Æмӕ Бибылы-фыртӕн ахӕм момент, дунеон аренӕйыл ахӕм уавӕры ахӕм сидтытӕ аразыны бар радтын нысан кӕны Кремлы рдыгӕй иууыл бӕрзонддӕр фарсхӕцынад.

Уыимӕ иумӕ Бибылы-фырт йӕхӕдӕг дӕр тынг хорз ӕмбары, Мӕскуы цӕттӕ кӕй у Хуссар Ирыстонӕн баххуыс кӕнынмӕ, кӕд йӕ сӕргъы, йӕхи цӕсты чи нӕ бафтыдта, ахӕм ӕууӕнкджын партнер лӕууа, уӕд».

Уӕдӕ афтӕ чи дзуры, Мӕскуыйӕн хъауджыдӕр нӕу, Хуссар Ирыстоны сӕргъы чи лӕууа, уый, зӕгъгӕ, уыдон сӕхӕдӕг сайынц адӕмы.

Зындгонд уӕрӕсейаг сенатор, Федерацийы Советы Æхсӕндунеон хъуыддӕгты фӕдыл комитеты сӕрдары хӕдивӕг Андрей Климов дӕр ӕргомӕй равдыста, ахӕм ӕмвӕзадыл нырыонг тадзгӕбаргӕ чи уыд, ахӕм позици, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстон Уӕрсейы скондмӕ бацӕуа, уымӕн бынтондӕр ницы барадон характеры ныхдуртӕ ис.

«Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ куы баиу уа, уӕд ын уӕлдай уаргъ нӕ уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ Мӕскуы бирӕ азты дӕргъы кӕны алыварсон ӕххуыс Цхинвалӕн, – РИА Новостийӕн фехъусын кодта Уӕрӕсейы Федерацийы Паддзахадон Думӕйы Хӕдбар Паддзахадты Цӕдисы хъуыддӕгты фӕдыл комитеты сӕрдар Леонид Калашников. – Кӕд исчи афтӕ дзура, зӕгъгӕ, уӕлдай уаргъ ма нӕ цӕмӕн бахъуыд, уӕд ын зӕгъдзынӕн. Уӕрӕсе ныридӕгӕн ӕххуыс кӕны (Хуссар Ирыстонӕн) – ӕрмӕст ӕдасдзинады къабазы нӕ, фӕлӕ экономикӕйы дӕр. Æмӕ уый диссаг дӕр уаид, афтӕ куынӕ кӕнид, уӕд. Мах нӕ къух никуы сисдзыстӕм ӕфсымӕрон хуссарирыстойнаг адӕмыл».

Афтӕ зӕгъы Уӕрӕсейы Фӕдагурӕн Комитеты Сӕрдар Александр Бастрыкин дӕр, уый Бибылты Анатолийы хъӕппӕрис банымадта актуалоныл, ома – рӕстӕгыл, йӕ фӕндон та ӕнӕмӕнгхъӕуӕгыл, уымӕн ӕмӕ, дам, Хуссар Ирыстон у Уӕрӕсейы рагон ӕмӕ ахсджиаг стратегион партнер.

Бирӕ сты, Бибылты Анатолийы хъӕппӕрисы фарс иузӕрдионӕй чи рахӕцыд, уыдон, Цӕгат Ирыстон-Аланийы Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйлойӕ райдайгӕйӕ, фӕлӕ сӕйраг сӕ бирӕ нӕу, сӕйраг ӕндӕр цыдӕр у – уыдон куынӕ зониккой, ацы хъуыддаг кӕмӕй кӕнгӕ у, уый хъуыды, уӕд сӕ иу сыбыртт дӕр никӕмӕй схаудаид… Уый хъуамӕ ӕмбарид махӕй алчи дӕр, ӕмӕ, искӕй фыдӕнӕн фӕстӕмӕ къахдзӕфтӕ кӕныны бӕсты, нӕ къахайст фӕцырддӕр кӕниккам – размӕ, хуыздӕр ӕмӕ ӕдасдӕрӕй кӕм цӕрӕм, ахӕм фидӕнмӕ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.