Цымӕ искуы уый хъом суыдзыстӕм, цӕмӕй исты ӕмбӕлон уагыл саразӕм – ма йӕ сдзырдтаг кӕнӕм, нӕхицӕн ӕй ма фенад кӕнӕм, афтӕмӕй?.. Чизоны, фӕлӕ нырма не стӕм уый хъом, нырма ирон хӕлӕджы ахӕсты стӕм. Нӕ сӕртыл ма куыройы фыдтӕ нӕ разылдысты, уый йедтӕмӕ фыдбон-фыдрынӕй цы нӕ бавзӕрстам, ахӕм нын нал баззад, фӕлӕ, куыд нӕ абон, афтӕ нӕ фидӕны раз дӕр бӕрндзинады уӕз нӕма ӕнкъарӕм…

Ногӕй та нын фӕзынд Уӕрӕсейы скондмӕ бацӕуыны «фадӕтты рудзынг», фӕлӕ йӕ бакӕнӕм, уымӕ нӕ не вдӕлы. Бирӕтӕ йӕ ӕмбаргӕ дӕр нӕма  кӕнынц, цы нысан кӕны, уый ӕмӕ карз полемикӕйы бацыдысты йӕ бамбарыны охыл! Ликбез! Фадӕтты рудзынг махӕн у, уартӕ нын 2014 азы чи байгом, фӕлӕ фидар ӕвдузӕнӕй кӕй сӕхгӕдтам, ахӕм рудзынг. Уый уыд,  Уӕрӕсе йӕ историон зӕхх Хъырым фӕстӕмӕ йе скондмӕ куы райста, уыцы рӕстӕджы. Уӕд Уӕрӕсейӕн фадат уыд, цӕмӕй йе скондмӕ райстаид мах дӕр, уымӕн ӕмӕ Америкӕ-Ныгуылӕнӕн Хъырым уыдис, иууыл стырдӕр стратегион нысаниуӕг кӕмӕн лӕвӕрдтой, ахӕм бынат ӕмӕ сӕ уый ӕмрӕстӕджы Хуссар Ирыстоны кой скӕнынмӕ ӕвдӕлгӕ дӕр нӕ ракодтаид. Уымӕн загъта Путин, гӕнӕн ис ӕмӕ Хуссар Ирыстон дӕр Уӕрӕсейы скондмӕ бацӕуа ӕви нӕ, зӕгъгӕ, ахӕм фарст ӕм куы радтой, уӕд – «Хуссар Ирыстоны адӕм куыд зӕгъой, афтӕ уыдзӕн». Фӕлӕ «нӕ загътой» Хуссар Ирыстоны адӕм афтӕ… Уӕд махӕн уыцы «фадӕтты рудзынг» куынӕ уыдаид, уӕд Путин загътаид цӕхгӕр «нӕ», кӕнӕ ныхас иннӕрдӕм аздӕхтаид. Æмӕ уӕд уыцы «фадӕтты рудзынг» байгом кӕнын, референдум ауадзын чи домдта? Политикон Парти «Иугонд Ир» Бибылты Анатолийы сӕргълӕудӕй… Æмӕ та байгом уыцы рудзынг – ныртӕккӕ та Уӕрӕсейӕн уӕлдай нал у, Америкӕ ӕмӕ йын Ныгуылӕн санкцитӕ сӕвӕрдзысты, уымӕй йӕ ничиуал фӕтӕрсын кӕндзӕн. Æмӕ зындгонд политиктӕ ӕмдзыхӕй куыд дзурынц, афтӕмӕй Бибылты Анатоли «йӕ тӕккӕ рӕстӕгыл» спайда кодта уыцы фадатӕй. Фӕлӕ та чидӕртӕ ныззӕгӕл сты иу хъуыдыйыл: Бибылты Анатоли алы хатт алы хатт адӕмы сайгӕ кӕны, цӕмӕй йын хъӕлӕс радтой, уый тыххӕй… Бибылты Анатоли уыцы фӕндон дзуры 2011 азӕй фӕстӕмӕ. Бирӕ, тынг бирӕ хӕттыты загъта йӕ хъуыды, Хуссар Ирыстонӕн йӕ сомбоны хъысмӕт ӕрмӕстдӕр Уӕрӕсейы сконды кӕй ис, уый тыххӕй. Фӕлӕ ныры хуызӕн реакци никуы уыд йӕ уыцы сидтытӕн – йӕ ныхӕстӕ кӕронмӕ загъд нӕма фесты, афтӕ ӕппӕт уӕрӕсейаг каналтӕ, зӕй раскъуыдау, уыцы-иу гуылф ныккодтой ӕмӕ йын йӕ сидт фӕлхатт кӕнын райдыдтой ӕзфӕраздӕронӕй. Цыдӕриддӕр Уӕрӕсейы дзырддзӕугӕ лӕгтӕ, зындгонд политиктӕ ис, уыдон дӕр афтӕ –  ныхас кӕрӕдзи дзыхӕй исгӕйӕ райдыдтой дзурын, Бибылы-фырт раст кӕй у, Хуссар Ирыстон Уӕрӕсейы скондмӕ бацӕуа, уымӕн бынтондӕр кӕй ницы барадон ӕмӕ политикон ныхдуртӕ ис, уый тыххӕй. Уый нын ахъуыдыйы аккаг нӕу? Исчи афтӕ зӕгъынмӕ хъавы, ома, Путинӕй куынӕ рацӕуа, уӕд уыдон чи сты?.. Уӕд уый уыдзӕн ӕцӕг сайд, бынтон гӕды ныхас! Уымӕн ӕмӕ уыдон се ‘ппӕт дӕр сты, Путины фӕндонӕн, йӕ политикон къахдзӕфтӕн фӕндаг чи айгӕрды ӕмӕ алӕгъз кӕны, ахӕм «ӕххуысгӕнджытӕ». Фӕлӕ мах не вдӕлы ахӕмтыл хъуыды кӕнынмӕ, фадатӕй иумӕ, ӕмвӕндӕй спайда кӕнынмӕ, иууылдӕр иуӕрдӕм ацӕуынмӕ… Ницӕмӕуал нӕ ӕвдӕлы Бибылты Анатолийыл исты азым сӕвӕрыны йедтӕмӕ, ӕндӕр нын ницыуал проблемӕ ис, ӕндӕр ницыуал хъусӕм: «Чи дӕ?» – «Бибылты Анатоли», «Кӕдӕм цӕуыс?» – «Бибылты Анатоли», «Цы хъуыды кӕныс культурӕйы размӕцыды тыххӕй?» – «Бибылты Анатоли», «Дӕхӕдӕг цы сарӕзтай?» – «Бибылты Анатоли», «Дӕхӕдӕг цы сараздзынӕ?» – «Бибылты Анатоли»… Æмӕ афтӕ дарддӕр… Алцы дӕр, дам, уый аххос у. Гуырдзы, дам, Уӕрӕсейы ныхмӕ рахӕсгӕ санкциты ӕвварс рахӕцынмӕ нӕ хъавыдысты, фӕлӕ, дам, сӕ Бибылты Анатоли сразӕнгард кодта… Гуырдзыйы сӕ дарӕг, сӕ уромӕг Советон Цӕдисы скондӕй рацӕуынмӕ дӕр Бибылты Анатоли сразӕнгард кодта?.. Джо Байденӕй райдайгӕйӕ Æппӕт ныгуылӕйнаг бӕстӕты лидертӕ гуырдзыйӕн сӕ хурхы сӕртӕм кӕй бавнӕлдтой, цӕмӕй Уӕрӕсейы ныхмӕ расидгӕ санкциты ӕвварс рахӕцой, уый рӕгъмӕ рахӕссинаг нал у? Кӕд уыдонӕй Бибылы-фырт тыхджындӕр разынд, уӕд уый политикон гигант куы у, ӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм лидер… Цавӕр у, цы рцыди –  Бибилты Анатолийы адӕмӕн удхӕссӕг фестын кӕнӕм, уый йедтӕмӕ бӕстыл арт дӕр сирвӕзӕд!..

Фӕлӕ уый ног хабар нӕу, ног хабар ӕндӕр цыдӕр у: иугӕр ныртӕккӕ Уӕрӕсейы скондмӕ бацӕуын реалон у, «адӕмы фӕсайынӕн нал у», уӕд та ноджы фыддӕр – фӕзынд, Президентӕй ӕндӕргъуызон референдумтӕ ауадзын чи домы, ахӕмтӕ дӕр, зӕгъӕм, Уӕрӕсеимӕ ӕмцӕдисады фӕдыл референдум, ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Иу уый ӕмӕ махӕн Уӕрӕсеимӕ Æмцӕдисады фӕдыл сӕрмагонд бадзырд рагӕй ис, иннӕмӕй та махӕн Уӕрӕсе уыцы бынаты нӕй ӕмӕ йыл эксперименттӕ аразӕм… Æмӕ ахӕм фӕндагыл куы нылӕууӕм, искӕй фыдӕнӕн нӕхицӕн фыдаудӕн куы кӕнӕм, уӕд Уӕрӕсейӕн зын нӕу, уыцы «фадӕтты рудзынг» бынтондӕр сӕхгӕнын. Бибылты Анатолийӕн Уӕрӕсейы уый бӕрц хӕлӕрттӕ, уый бӕрц ӕввахс адӕм ис ӕмӕ йӕ ӕгуыст нӕ ныуадздзысты. Ссардзысты йын, Хуссар Ирыстоны президенты бынатӕй йын ӕнцондӕр ӕмӕ хуыздӕр кӕм уа, ахӕм бынат, фӕлӕ… Байхъусӕм ын йӕхимӕ: «Мах иууылдӕр лӕггад кӕнӕм Райгуырӕн бӕстӕйӕн. Куыд ӕфсӕддон адӕймаг, афтӕ мӕ бон зӕгъын у, Райгуырӕн бӕстӕ мӕ кӕдӕм барвита, уырдӕм бацӕудзынӕн лӕггад кӕнынмӕ. Ома, мӕнӕн принципиалон нӕу, цӕмӕй мӕ снысан кӕной исты бӕрзонд бынатмӕ. Кӕдӕм мын бацамоной, цы мын зӕгъой, пайда кӕм уон, ахӕм бынаты кусдзынӕн… Сӕйраг мидис хицауиуӕгады нӕй, уымӕн ӕмӕ, куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр цӕрӕнбонтӕм президенты кӕнӕ сӕргълӕууӕджы бынаты нӕ уыдзынӕн, ӕмӕ никуы ничи уыдзӕн. Куыд зонӕм, афтӕмӕй цыфӕнды бынат дӕр у рӕстӕгмӕ, уымӕ гӕсгӕ сӕйраг куысты бынат нӕу, сӕйраг у адӕмы фидӕн. Бынӕттӕ та сты ӕмӕ уыдзысты, уым диссагӕй ницы ис, Хуссар Ирыстоны адӕм куы баиу уой, ӕмӕ адӕм ӕмткӕй рӕзты фӕндагыл куы нӕллӕуой, уӕд цы ролы хъазы, ӕз цы бынаты кусон, уый?».

Æмӕ афтӕ нӕу? Афтӕ у. Уӕдӕ бынатмӕ баирвӕзыны монцӕн алцӕуыл дӕр цӕмӕн разы, кӕнӕм, нӕ сӕрмӕ цыфӕнды методтӕ дӕр цӕмӕн хӕссӕм? Нӕ бон у, ахӕм фарстимӕ референдум дӕр ауадзӕм, цӕмӕй Ирыстонӕн йӕ цӕгат хай Уӕрӕсейы скондӕй рӕцӕуа ӕмӕ иумӕ хицӕн паддзахад саразӕм… Фӕлӕ дзы исты рамбулдзыстӕм?.. Ницы, фӕлӕ уӕддӕр нӕ хъиутӕ хӕрӕм, искӕмӕн смаст кӕныны охыл цыфӕнды ӕбуалгъдзинадыл дӕр разы стӕм… Мах уый бӕрц не стӕм, цӕмӕй фӕйнӕрдӕм ныййарц уӕм, цалдӕр фӕндагыл нылӕууӕм – иу фӕндаджы фаг дӕр тыххӕйты скомдзыстӕм. Æмӕ нын кӕд зӕрдӕйы хъустӕ ӕмӕ зонды цӕстытӕ ис, уӕд хъуамӕ равзарӕм ӕрмӕстдӕр иу фӕндаг – цӕуын кӕуыл базонӕм, нӕ нысанмӕ кӕуыл цӕугӕйӕ фӕхӕццӕ уӕм… Æниу нӕ амонды, хӕрзӕбоны фӕндаг ӕвзарыны сӕр дӕр нӕ хъӕуы, ӕвзӕрст нын у. Нӕ куырыхон, нӕ дардмӕуынаг  фыдӕлтӕ нын равзӕрстой иу фӕндаг, ӕмӕ уыцы фӕндагыл иумӕ куынӕ ацӕуӕм, уӕд иунӕджытӕй, Къостайы тарст фосы дзугау, пыхсы ныдзӕгъӕл уыдзыстӕм.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.