Ирон æхсæнадæн æнæзындгонд нæу хими æмæ биологион зонæдты кандидат Гæбæраты Юлияйы ном. Нæ республикæйы экологи бахъахъхъæд æрцыдис, фыццаджыдæр, Юлияйы нысанмæздæхт активон архайды руаджы. Ацы хъуыддаг рох хъуамæ макуы уа нæ адæмæй, йæ ном ын сæнусон кæныны тыххæй 2018 азы ХИПУ-йы химион факултетæн лæвæрд æрцыд Гæбæраты Юлияйы ном.

Нæ газеты редакцимæ Цæгат Ирыстоны Октябры хъæуы цæрæг Гæбæраты Валя

æрбарвыста фыстæг, Юлияйы номыл цыртдзæвæн саразыны домæнимæ, фыстæджы дзырдæуы.

«1979 азы Гуырдзыстоны уæды къухдариуæгады бадзырдмæ гæсгæ Цхинвалы хъуамæ сарæзтаиккой мыстмарæн завод. Юлия æмбæрста, уæд Ирыстоны Хуссар хайы цæрæн кæй нал уыдаид, нал дзы схъомыл уыдаид иунæг æнæниз сывæллон дæр æмæ æргомæй рацыд Гуырдзыстоны æмæ ма сын Хуссар Ирыстоны областы къухдариуæггæнджыты ‘рдыгæй сæ фарс чи уыд, уыдоны ныхмæ. Растын кодта студентты, интеллигеницийы минæвæртты æмæ стох кодта мыстмарæн завод саразыны тыххæй.

Уыдæттæ базонгæйæ Эдуард Шеварднадзе бахæс кодта Цхинвалы къухдариуæгадæн, цæмæй йæ ныхмæ ист æрцæуой карз æфхæрæн мадзæлттæ. Юлия ист æрцыд йæ куыстæй æмæ ма йæм бартхъирæн кодтой æрцахсынæй дæр. Уæд Юлия ацыд Мæскуымæ, æмæ  уым дарддæр кодта йæ архайд. Алыгъуызон конференциты бакастис докладтæ ацы фарсты тыххæй æмæ Уæрæсейы къухдариуæгады базонгæ кодта проблемæимæ. Уæрæсейы къухдариуæгад æмæ æппæт дунейы æхсæнад фарст бæстондæр сахуыр кодтой, бынаты уавæримæ базонгæ сты æмæ аскъуыддзаг кодтой, завод Цхинвалы ма саразын. Афтæмæй Юлия фервæзын кодта йæ райгуырæн Ирыстоны сæфтмæкæнæг завод саразынæй.

Абон Хуссар Ирыстоны цæрджытæ стыр арфæ кæнынц Юлияйæн, горæты территорийыл мыстмарæн завод арæзт кæй не ‘рцыдис, уый тыххæй. Мах, Гæбæрайы мыггаг, курæг стæм Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланæй, цæмæй Юлияйæн йæ райгуырæн хъæу Залдайы арæзт æрцæуа цырт, йæ ном цæра æнустæм. Уадз, рæзгæ фæлтæр зонгæ кæной йæ куырыхон, патриот æмæ зонджын адæймагы. Уый æппæт Ирыстонæн дæр уыдзæн стыр кад.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.