Цхинвалы фæндзæм скъолайы уагъд æрцыдысты Æхсардзинады уроктæ. Ахуырадон уагдоны директор Бестауты Азæ радзырдта ахуырдзаутæн 1989 азы 23 ноябры хабæртты тыххæй, кæцыйæ райдыдта Хуссар Ирыстоны ног истори.

«Уыцы бон нæ бæстæйы æцæг патриоттæ удæгас цæгæй æрлæууыдысты гуырдзиаг агрессорты ныхмæ æмæ сæ горæтмæ не ‘рбауагътой. Уыдон уыдысты ахæмтæ, кæцытæн се уæнгты уыд уæндондзинад æмæ æхсардзинад, уымæ гæсгæ 23 ноябрь нæ республикæйæн ссис Æхсардзинады бон. Ацы бон ссис нæ адæмы фидардзинад æмæ тыхы символ», – загъта уый.

Бестауты чызг ма радзырдта ахуырдзаутæн, Цхинвалы №5 скъолайы кæрты цы мемориал арæзт æрцыд, уый историйы тыххæй, цыран 90-æм азты ныгæдтой гуырдзиаг агрессийы амæттæгты.

Мадзалы рæстæджы сывæллæттæ бакастысты ирон адæмы царды трагикон хабæрттыл, нæ бæстæйы хъахъхъæнджыты хъайтардзинадыл фыст æмдзæвгæтæ.

Афтæ ма æвдыст æрцыдысты Хуссар Ирыстоны 90-æм азты архивон кадртæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.