Республикæйы æхсæнад банысан кодта Æхсардзинад æмæ адæмон иудзинады бон

«1989 азы 23 ноябрь æнустæм бацыдис Ирыстоны историмæ. Уæд Згъудеры къуылдымы бын горæтмæ ‘рбацæуæны цалдæр лæппуйæ, стæй горæты иннæ цæрджытæ иумæ слæууыдысты знаджы егъау тыхты ныхмæ. Ацы бон нын нæ зæрдыл æлæууын кæны уæды хабæрттæ. Иу бæстæйы цардыстæм уæд  Советон Цæдисы, кæцыйы хай уыдыстæм мах дæр. Уыцы стыр Цæдисмæ баххæсыдысты æмæ йæ ныппырх кодтой, æмæ уыцы рæстæджы мах  хуссайраг ирæтты дæр сæр бахъуыд, фæлæ уæд фæстæ нæ алæууыдыстæм, кæд нæ тох, нæ хъизæмар сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл райдыдта, уæддæр. Суанг уыцы бонæй 2008 азы августмæ ирон адæм тох кодтой уыцы хæдбардзинад æмæ сæрибардзинады сæрыл. Æхсардзинад æмæ адæмы иудзинады бонæн йæ нысаниуæг у тынг стыр æмæ йæ кæддæриддæр нæ зæрдыл дардзыстæм.

«Нæ фидæны хъысмæт сбастам Уæрæсеимæ æмæ абон дæр стæм уыцы стыр бæстæимæ», – ахæм ныхæстæй Цхинвалы цæрджыты сгуыхтдзинады цытæн митинг байгом кодта Мидхъуыддæгты министрады штабы сæргълæууæг Кокойты Тарзан.

Горæтмæ æрбацæуæны бирæминон гуырдзиаг националистты ныхмæ, кæцытæ цыдысты «сабырадон митинг» уадзынмæ, æрлæууыдысты фистæг лæппутæ цæнгтæбыдæй æмæ сæ горæтмæ нал бауагътой. Уыцы бон, 23 ноябрь сси Æхсардзинад æмæ адæмы иудзинады бон.

Мысæн мадзалы хайад райстой бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, раздæры Президент Тыбылты Леонид, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Æххæстбарджын минæвар, министрадтæ, уагдæтты сæргълæуджытæ, æхсæнады минæвæрттæ.

Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли Æхсардзинады цытæн мемориалы раз сæвæрдта дидинджыты губакк. Йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, ацы бон Ирыстоны историйы баззайдзæн мысæн бонæй. Уыцы бон Ирыстоны хъайтартæ слæууыдысты хæрзæввахс знаджы ныхмæ, кæцы нымæцæй бирæ фылдæр уыд уыдонæй. Уыцы хæстхъом лæппутæ, Фыдыбæстæ знагæй чи бахъахъхъæдта, уыдон хъайтардзинад баззайдзæн нæ адæмы мысинæгты. Фыдыбæстæмæ æгæрон уарзт, ныфсхастдзинад сын егъау тых лæвæрдта, цæмæй фидар фæлæууыдаиккой æмæ сæ бæстæ бахъахъхъæдтаиккой.

«1989 азы ноябрь йемыдзаг уыд ахæм цаутæй, кæцытæ здæхт уыдысты нæ бæстæйы – уæды рæстæджы  нæ  автономон  областы скуынæг кæнынмæ. Уæд Гуырдзыстоны бандитон баиугæндтæ бацыдысты Ленингоры районмæ æмæ  райдыдтой ирон цæрджыты куынæг кæнын. Уæд ист æрцыд уынаффæ Хуссар Ирыстоны статус раивыны фæдыл дæр», – дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Дарддæр куыд загъта, афтæмæй Уæрæсейы руаджы уæды рæстæджы дæр чысыл æнкъардæуыд сабырад.

«Мах уæд иу бинонты хуызæн цардыстæм, æмæ уыцы бинонты хъавыдысты иу уысммæ ныппырх кæнын, схæццæ кæнынмæ. Хъыгагæн, уæд советон къухдариуæгадæн нæ уыд принципиалон позици. Фæлæ Уæрæсейы Федераци йæхимæ райста уыцы бæрндзинад, йæ минæвæрттæ-иу æрцыдысты ардæм бадзырдтытæм, йæ депутатты æрвыста бынаты уавæр ахуыр кæнынмæ. Уыцы къахдзæфтæ ахъаз кодтой уымæн, цæмæй хæст цасдæрбæрцæй урæд цыдаид», – дзырдта Президент.

Бибылты Анатоли банысан кодта уæды рæстæджы бæстæйы сæргълæуджыты стыр куыст, сæрмагондæй Хъуылымбегты Торезы стыр хайбавæрд, кæцы æппæт амæлттæй дæр архайдта, дунеон æмæхсæнадмæ раст информаци хæццæ кæныныл. Банысан кодта нæ лæппуты стыр хайбавæрд дæр, кæцытæ æхсæнгарзимæ слæууыдысты æмæ сæ Райгуырæн бæстæ хъахъхъæдтой знагæй. Æнæ уыдон, æнæ сæ хъæбатырдзинад нæ уыдаид Хуссар Ирыстон дæр. Сæ Фыдыбæстæмæ уарзондзинад сын лæвæрдта знаджы ныхмæ фæлæууыны тых.

«Адæмы æхсардзинад, сæрибардзинадмæ æмæ сæрибар бæстæйы цæрынмæ тырнынадæн уыд йæхи фæстиуджытæ – нæ фæдонты цард сабыр æмæ хæларадон уавæрты.

Æз стыр бузныг зæгъын, уыцы сæрибардзинад йæ цардæй чи æрхаста, æппæт уыцы хъæбатыр æмбæстæгтæн», – загъта Президент.

Нæ горæты Аивæдты лицейы ирон æвзаджы ахуыргæнæг Гæбæраты Фатимæ дæр банысан кодта, зæгъгæ, 29 азы размæ ацы бон æрбангом кодта афтидарм лæппуты, хъæбатырдзинад ныфс бауагъта сæдæгай лæппуты зæрдæты æмæ уыцы лæгсырдты нæ горæтмæ не ‘рбауагътой.

Уый фæстæ Гуырдзыстоны раздзæуджытæй, зæгъгæ сæ иу афтæ дзырдта, уыцы лæппуты мах скодтам сæ адæмы хъайтартæ, æмæ  фæрæдыдыстæм, Цхинвалмæ кæй бацыдыстæм, уымæй. Дыууæ хатты рæдыдыл та банымадтой, ахæм цыдæй фæстæмæ кæй ацыдысты.

«Нæ лæппуты тох сæрибардзинады сæрыл райдыдта сгуыхтдзинадæй. Æхсардзинад æмæ адæмы иудзинад кæрæдзийыл æнгом баст сты, уымæн æмæ сын хицæнтæй уæвæн нæй ирон адæммæ», – дзырдта ныхасгæнæг.

Уый ма куыд дзырдта, уымæ гæсгæ скъолаты дæр уагъд цыд æхсардзинады уроктæ. Уырдæм хуынд æрцыдысты Ирыстоны сæрибардзинады сæрыл тохгæнджытæ.

Уыцы хъайтартæ махæн сты стыр кады аккаг, фыссынц сыл æмдзæвгæтæ.

Мадзалы рæстæджы 1989 азы 23 ноябры цауты фæдыл сæхи фыст патриотикон æмдзæвгæтæ бакастысты Гæбæраты Фатимæ æмæ æвзонг фыссæг Плиты Григол.

Цытджын митинджы фæстæ мадзалы хайадисджытæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты æхсардзинады номыл мемориалы раз сæвæрдтой дидинджытæ.

29 азы фæстæ дæр Гуырдзыстоны нæ нымæг кæнынц провокацион архайдтытæ. Фæлæ афон у æмæ бамбарой, уыцы архайдтытæ сæхи ныхмæ кæй сты. Хуссар Ирыстон знагиуæг никæмæн кодта, никæмæ дæр бырсгæ кодта. Абон хæдбар æмæ сæрибар кæй у Гуырдзыстонæй, уый сын фадат дæтты адæймагадон ахастытæ биноныг кæнынæн, топпы кæсæнæй кæсын нæ, фæлæ. Афон сын у æмæ бамбарой, Хуссар Ирыстон хæдбар паддзахад кæй у æмæ нæм æппындæр кæй ницы бар дарынц. Æмæ уый та у Хуссар Ирыстоны адæмы хъæбатырдзинады æвдисæн

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.