Цытджын æмбæстæгтæ!

1989 азы 23 ноябрь нæ адæмæн сæрмагонд бон у æмæ йын ис æнæмæнгæй дæр бæрзонд символикон нысаниуæг. Уыцы бон цæргæ-цæрæнбонтæм бацыд республикæйы историмæ, Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты Æхсардзинады æмæ Хуссар Ирыстоны адæмы Национн иудзинады боны символ суæвгæйæ, кæцы растад йæ фыдæлты зæхх, йæ сæрибардзинад æмæ хæдбарæй йæ хъысмæт сбæрæг кæныны бартæ бахъахъхъæнынмæ

Ивгъуыд æнусы 80-æм азты кæрон Гуырдзыстоны сытынг сты карз националон монцтæ, уыдонæй сæ иу уыд æнæгуырдзиаг цæрджыты дискриминаци æмæ сæ ныссæттын дырысæй фæкарздæр кæнын. Советон Цæдисы скондæй рахизыны фæндагыл слæугæйæ, Гуырдзыстоны националистон тыхтæ Хуссар Ирыстоны областы æмæ Абхазы ныхмæ райдыдтой масштабон кампани.

Гуырдзиаг адæмæн уырнын кодтой ирон адæм се знæгтæ кæй сты, дзыллон информацион фæрæзтæ æвæллайгæйæ фæлхатт кодтой, Гуырдзыстоны «зæрдæ» стонынмæ чи хъавы æмæ «хорздзинад чи не ‘мбары, уыцы уазджыты»  тыххæй таурæгътæ. Гуырдзыстоны «зæрдæ» хуыдтой Хуссар Ирыстоны зæххы. Хъæрæй æмæ æдзæсгомæй  хъуыстысты  автономи аивын æмæ æнæсæттон ирæтты Кавказы хохæй фалæмæ асурыны тыххæй сидтытæ. Пропагандистон сидтытæ сæ кæнон бакодтой, республикæйы æнæгуырдзиаг цæрджыты ныхмæ сытынг  сæ  бартæ гуымирæй халын æмæ сæ фæдыл зилыны кампани.

Хуссар Ирыстон фæлвæрдта йæ бартæ цивилизацион политикон æгъдауæй бахъахъхъæнын æмæ автономийы конституцион гарантитæ сифтонг кæнын. Фæлæ Тбилисы аскъуыддзаг кодтой иу хатт æмæ кæронмæ ирæттæй фервæзын, конфликты эскалаци æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, тыхæй спайда кæныны фæндаг равзаргæйæ.

1989 азы 23 ноябрь ныппырх кодта уавæр æрнывыл кæныны фадæтты тыххæй æппæт иллюзитæ дæр, æмæ ссис ныхмæлæууынады ног этап. Уыцы бон Тбилисæй Хуссар Ирыстоны сæйраг горæтмæ рараст стыр колоннæ, кæцыйы сконды уыдысты, национ сидтытæй сæррауæвæг фæсивæдæй дарддæр гæрзифтонг абырджыты бандæтæ дæр.

Акцийы организатортæ æнхъæлдтой, зæгъгæ, бирæминон адæмæн бантысдзæн горæтмæ баирвæзын æмæ горæт ныппырх кæнын, цæмæй ирæттæ фæтæрсой æмæ  сæ ферох уа сæ автономийы сæрыл тох кæнын. Джеоргуыбайы бон – 23 ноябры Цхинвалмæ се стæр план кæнгæйæ, националисттæ æнхъæлдтой, ома, Уастырджимæ æххуысмæ сидæйæ, сæ фæдонты хæстон ныфсхастдзинад фæфылдæр уыдзæн. Фæлæ звиадистты сæ фын фæсайдта, уымæн æмæ агрессорæн не ‘ххуыс кæнынц уæларвон тыхтæ, уыдон кæддæриддæр сты, рæстаг хъуыддаджы тыххæй йæ къухмæ хæцæнгарз чи райсы, уыдоны фарс.

Æвæццæгæн, Уастырджи, æцæгæйдæр сæ фарсмæ уыд нæ уыцы лæппутæн, кæцытæ æнæ хæцæнгарзæй æрлæууыдысты экстремистты раз æмæ бирæнымæц мæсты фашистты уромгæйæ, иу къахдзæф дæр фæстæ нæ алæууыдысты. Æмбал кæмæн нæй, сæ уыцы æхсардзинады фæрцы сарæзтой хъæуæг къахдзæфтæ тугкалд аиуварс кæныны тыххæй æмæ цасдæр рæстæджы фæстæ сæ фарсмæ раззагон хаххыл æрлæууыдысты сæдæгай æндæр лæппутæ.

Ныхмæлæууынад ахаста иу суткæйæ фылдæр, фæлæ 24 ноябры изæры æнæхонгæ уазджытæ райдыдтой фæстæмæ здæхын. Гæрзифтонг боевиктæ æрæхгæдтой Цхинвалмæ цæуæг фæндæгты, ахстой ирæтты æмæ сын карз хъизæмæрттæ æвзарын кодтой. Хъизæ-майраджы мардæй фæмард сты цалдæр адæймаджы. Афтæмæй Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстон райдыдта хæстон архайдтытæ, кæцытæ-иу цасдæр рæстæгмæ куы фæсабырдæр сты, куы та-иу ноджы тынгдæр сцырын сты. Хуссар Ирыстоны сабыр цæрджыты ныхмæ Гуырдзыстон хæцыд уæззау гарзджын тыхтæй. Цхинвалы æхстой ракетон-артиллерион хæцæнгæрзтæй.

1992 азы сæрды нæ уавæр фæкарздæр. Гуырдзиæгтæ басыгътой æмæ ныппырх кодтой сæдæйæ фылдæр ирон хъæуы. Гуырдзиаг хæстонтæ ирæтты ныхмæ арæзтой геноциды акттæ. Фæмардуæвæг æмæ фæцæфуæвæг ирæтты нымæц уыд цалдæргай минтæ. Хæст урæд æрцыд æрмæстдæр Уæрæсейы фæндвидар хихæццæдзинады фæрцы, кæцы гуырдзиæгтæй æрдомдта тугкалд æруромын. 1992 азы 24-æм июны  къухтæ фыст æрцыд гуырдзиаг-ирон конфликт æрбæстон кæныны принципты тыххæй сразыдзинадыл,  14-æм июлы та Хуссар Ирыстоны территоримæ æрбацыдысты уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхтæ.

1992 азы июны кæрон цы сабырадон процесс райдыдта, уый фехæлд Гуырдзыстоны радон фæфæлдæхтæй. Саакашвилийы режим сфæнд кодта гарзджын агресси. Йæ ныгуылæйнаг спонсорты æххуысæй Гуырдзыстон сæххæст  кодта йæ хæстон потенциал фылдæр кæныны масштабон программæ. Саакашвили  æнхъæлдта, зæгъгæ, рог хæстон тезгъо фаг уыдзæн Цхинвалы сæрмæ гуырдзиаг тырыса æрсадзынæн, фæлæ тынг фæрæдыд. 2004 азы августы гуырдзиаг хæстонтæ карз ныхкъуырд куы райстой, уæд фæлыгъдысты нæ зæххæй.

Хуссар Ирыстон кæддæриддæр  уыд политикон æрбæстондзинады фарс, бадзырдон процессы фæлгæтты сабырадон фæндæгтæ агурыны фарс. Уымæ нæ кæсгæйæ, Гуырдзыстон æрлæууыд сабырадон процесс фехалыны фæндагыл, нæ цахæмфæнды фæндæттæ нын ницæмæ даргæйæ.

Сабырад хъахъхъæныны операцийы хайад исыныл цæмæй Уæрæсе йæ къух систаид, уый тыххæй фидауынгæнæг тыхты уæвынады зонæйы гуырдзиаг фарс æдзухдæр арæзта гарзджын провокацитæ.

Сæ фæнд сæ къухы куынæ бафтыд, уæд Саакашвили бардзырд радта Хуссар Ирыстонмæ æрбабырсыны тыххæй. Тбилисы æнхъæлдтой цыбыр рæстæгмæ Хуссар Ирыстоны сисын, Ручъы тъунелы  бацахсгæйæ, цæмæй ма æруагътаиккой æххуыс цæгатæй.  Фæлæ гуырдзиаг инæларты æмæ сæ фæсарæйнаг уынаффæгæнджыты плæнттæ фехæлдтой ирон хæстонты æхсардзинад, уæрæсейаг фидауынгæнджыты фидардзинад æмæ Мæскуыйы ныфсджын архайд.

Æртæ суткæйы тохтæ цыдысты Цхинвалы уынгты, фæлæ горæт хъахъ-хъæнджыты æмæ агрессоры тыхтæ æмхуызон нæ уыдысты. Æрмæстдæр Уæрæсейы æххуысæй, кæцы сæххæст кодта Гуырдзыстоны сабырадмæ тыхæй æркæныны операци, аивæрзтыстæм стырдæр зиæнттæй æмæ дæсгай мин адæймæгты цард хъахъхъæд æрцыд. Уæрæсейы Федераци сабырады гаранты хуызы æрмæст йæ æхсæндунеон æппæт хæслæвæрдты æххæст кæнын нæ фенын кодта, фæлæ ма фенын кодта, йе ‘мбæстæгты ныхмæ йын исчи хæцæнгарз куы райса, уый кæй нæ бабыхсдзæн.

Хуссар Ирыстоны адæм цæргæ цæрæнбонты бузныг уыдзысты Уæрæсейæ, нæ республикæйæн иууыл уæззаудæр азты  йæ фарсхæцынад æмæ æххуысы тыххæй. Ацы историон бон æз ноджыдæр сфæлхатт кæндзынæн стыр бузныджы ныхæстæ Уæрæсейы паддзахады къухдариуæггæнджытæн, æппæт уæрæ-сейæгтæн, кæцытæ  фехъуыстой æх-хуысмæ нæ сидты æмæ æппæт дæр сарæзтой, цæмæй æруромой агрессоры, нæ зæххмæ æрхæссой сабырад, фæрог-дæр кæной нæ адæмы хъизæмæрттæ æмæ республикæйы æндидзынæн бах-хуыс кæной.

Мах æмбарæм уый, æмæ гуырдзиаг хицауиуæгад Жорданияйæ Гамсахурдиямæ, Шеварднадзе æмæ Саакашвили Хуссар Ирыстоны ныхмæ арæзтой гарзджын агресситæ æмæ геноцид. Рæстæгæй рæстæгмæ архайдтой республикæйы скуынæг кæныныл, гуырдзиаг гарзджын тыхтæ сырдон митæ арæзтой Хуссар Ирыстоны сабыр адæмæн, кæцы никуы ферох кæндзæн æмæ никуы ныббардзæн гуырдзиаг фашизмы фыдракæндтæ.

Цытджын æмбæстæгтæ, хæлæрттæ!

Ногдæр историйы цаутæ ирдæй равдыстой нæ адæмы æнгомдзинад, национ идеяйыл æнувыддзинад, хæдорганизацийы курдиат æмæ паддзахадон цæттæдзинад. Хуссар Ирыстон сæрыстыр у йæ фыртты хъæбатырдзинадæй, кæцытæ сæ цæст дæр нæ æрныкъуылдтой зна-джы барадхъахъхъæнæг тыхты раз æмæ радон хатт нæ историйы бирæ æнусты дæргъы сбæлвырд кодтой, бар кæй никæмæн ис махимæ тыхы æвзагæй дзурынæн, æнæхæларадон фæндæттæ нын хъарынæн.

Бирæ азты дæргъы тох фенын кодта, мæлæтдзаг тасы раз нæ адæм куыд æнгом æмæ хъæбатыр сты æмæ  Фыдыбæстæйы тыххæй æрбангом уæв-гæйæ, куыд стыр у адæмы потенциал. Сæ хъæбатырдзинадæй сæ цард нывондæн æрхæссынмæ цæттæдзинадæй, кæронмæ лæууынмæ цæттæдзинады тыххæй Хуссар Ирыстоны адæм бахъахъхъæдтой сæрибар бæстæйы сæрибарæй цæрыны бартæ. Нæ хæдбардзинад нымад не ‘рцыдаид,  уыцы фидардзинад æмæ Фыды-бæстæйы сæрвæлтау кæронмæ цæуынмæ цæттæ куынæ уыдаиккой, уæд.

Райгуырæн бæстæйы æмæ уæлахизы тыххæй Ирыстоны фырттæ нæ ауæрстой сæ тыхтыл дæр æмæ сæ цардыл дæр. Абон нæ фарсмæ нал сты, Хуссар Ирыстоны сæрибардзинады сæрыл тохгæнджыты рæнхъыты чи уыд, гуырдзиаг фашизмæй нын нæ райгуырæн бæстæйы чи хъахъхъæдта, йæ адæмы скуынæг кæнынæй чи ирвæзын кодта, уыдонæй бирæтæ.

Мах стыр бузныджы æнкъарæнтимæ мысæм, чи фæмард, уыцы æмбæстæгты, уæрæсейаг хæстонты æмæ фидауынгæнджыты, йæ царды аргъæй уæлахиз чи æввахс кодта, уыдоны, сæ рухс нæмттæ сын никуы ферох кæндзысты абоны æмæ фидæны фæлтæртæ.

Курæг уæ дæн, иу минут æмырæй  алæугæйæ, ссарат фæмардуæвæг хъайтарты рухс нæмттæ.

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

1989 азы 23-æм ноябрь бын æрæвæрдта Фыдыбæстæйы æмæ сæрибардзинады тыххæй патриотон тыхты, Ирыстоны æппæт адæмы  баиу кæныны райдианæн. Уæд æнæхъæн Хуссар Ирыстон бамбæрста йæ иудзинад, национ  хъысмæты иумиагдзинад, банкъардта йæ тых æмæ национ сæрыстырдзинад.

1989 азы 23-æм ноябры уроктæ мах цæрæнбонтæм хъуамæ бахъахъхъæнæм нæ адæмы историон мысынады. Мах æй хъуамæ бамбарæм, æрмæстдæр æн-гомæй, нæ тыхтæ æмæ адæмы фæндон баиу кæнгæйæ, махæн нæ бон кæй у цыфæнды тасдзинады ныхмæ фæлæууын, нæ интересты хъахъхъæнын, царды æххæст кæнын сабыр дугæй фæстæмæ зындгонд лозунг «ДИДИН ÆФТАУ, МÆ ИРЫСТОН!»

Уадз, махæй алкæй дæр æрбаиу  кæнæд дидинæфтаугæ Хуссар Ирыстон саразынмæ тырнындзинад!

Уадз, нæ бæстæйы, алы хæдзары, алы бинонты ‘хсæн æлдариуæг кæнæд сабырдзинад, фæрныгад æмæ кæрæдзиæмбарынад!

Джеоргуыбайы хорзæх уæ уæд, мæ зынаргъ æмбæстæгтæ!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.