Хуссар Ирыстоны æвзарджытæн ныммыхуыр кæндзысты 40 мин хонæн билеты республикæйы Парламентмæ депутатты æрбалæугæ æвзæрстыты схъæлæс кæныны тыххæй, фехъусын кодта информагентад «Рес»-æн Централон æвзарæн къамисы сæрдар Плиты Беллæ.

«Мах заказ радтам, цæмæй 40 мин хонæн билеты мыхуыр æрцæуой æмæ хъæлæс кæныны рæстæджы уыдон æрбацæуой æвзæрстытæм, хайад райсой хъæлæс кæныны процессы. Хонæнтæ лæвæрд æрцæудзысты æвзарæн къамисты фадгуытæм, цæмæй сыл райдайой æвзарджыты нæмттæ фыссын, цы фадгуытæм хауынц, уыдон», – радзырдта Плиты чызг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, хонæнты бæрц сбæрæг кæныны рæстæджы, Централон æвзарæн къамис бындуриуæг кодта 2017 азы Хуссар Ирыстоны президенты æвзæрстыты рæстæджы цы нымæц уыд, ууыл.

Хуссар Ирыстоны цæрджыты нымæц 2017 азы райдианы уыд 53 мин адæймаджы. Æвзарджыты нымæц уыд 39 мин адæймаджы онг.

18 майы Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамис фæцис, æвдæм æрсидт Парламенты депутаттæм кандидатты регистрацийы куыст. Регистраци æрцыд авд партийы иумæйаг æвзарæн зылды фæдыл  – «Иугонд Ирыстон», «Адæмы иудзинад», «Ныхас», Адæмон парти, Коммунистон парти, «Иудзинад» æмæ «Фыдыбæстæ». Афтæ ма регистраци æрцыдысты 99 кандидаты 17 иумандатон зылдæй, уыдонæй 60 сты партитæй раразмæгонд æмæ 39 – сæхæдæг сæхи чи раразмæ кодтой, уыдон.

Парламентмæ æвзæрстытæ уагъд æрцæудзысты 9 июны. Депутатты фыццаг хатт æвзардзысты мажоритарон-пропорционалон системæ гæсгæ: 34 парламентаритæн се ‘рдæг – партион номхыгъдтæм гæсгæ, иннæ ‘рдæг та – иумандатон зылдтæм гæсгæ. Уый размæ æвзæрс-тытæ уагъд цыдысты æрмæстдæр партион номхыгъдтæм гæсгæ.

ИА «Рес»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.