Фесты Республикæ Хуссар Ирыстоны VII cæвзæрст Парламентмæ депутатты æвзæрстытæ. Хъæлæсдæттыны процессмæ сæ хъус дардтой республикæмæ 15 бæстæйæ æрцæуæг 70 фылдæр æхсæнадæмон хъусдарæджы. Делегацитæ æрцыд æфсымæрон Цæгат Ирыстонæй, Уæрæсейæ, Абхазæй, Приднестровьейæ, Республикæ Арцахæй, Донецк æмæ Луганскы Адæмон республикæтæй, Республикæ Никарагуайæ. Цымыдисон уый у, æмæ Хуссар Ирыстонмæ æвзæрстытæм хъусдарджыты хуызы æрцыдысты делегацитæ Япон æмæ европæйаг бæстæтæ –  Финлянди, Герман, Бельги æмæ Италийæ дæр.

Æвзæрстытæ куыд ацыдысты, уый тыххæй делегациты минæвæрттæ загътой сæ хъуыдытæ.

Уæрæсейаг хъусдарджытæ стыр аргъ скодтой æвзæрстытæн

Республикæ Хуссар Ирыстоны VII сæвзæрст Парламентмæ депутатты æвзæрстыты организацион æмвæзадæн стыр аргъ скодтой, УФ Федералон Æмбырды Федерацийы Советæй цы хъусдарджытæ æрцыд, уыдон. Æхсæнадæмон хъуыддæгты фæдыл Федерацийы Советы уæнг Сергей Цековы ныхæстæм гæсгæ, фыццаг хатт не сты Хуссар Ирыстоны. Уыдон уыдысты Президентон æвзæрстыты рæстæджы дæр æмæ уæд дæр банысан кодтой, æвзæрстытæ бæрзонд æмвæзадыл кæй цыдысты.

«Фæткхалынады цаутæ нæ уыд президентон æвзæрстыты рæстæджы дæр æмæ ныр дæр», – бахахх кодта Сергей Цеков.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, «делегаци бабæрæг кодта цыппар æвзарæн фадыджы, æмæ куыд федтам, афтæмæй, зæгъæн ис, æвзæрстытæ ацыдысты бæрзонд æмвæзадыл, æвзарджытæ цыдысты хорз зæрдæйы равгимæ. Æвзæрстыты тыххæй закъон цы парламентаритæ истой, уыдон бацархайдтой, цæмæй æвзæрстытæ уыдаиккой кæронмæ демократон, цæмæй дзы æппындæр ма уыдаид бынат фæткхалынад æмæ фальсификацийæн».

Хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады фæдыл Федерацийы Советы комитеты уæнг Ольга Ковитиди куыд загъта, афтæмæй æвзарæн фадгуытæ байгом сты рæс-тæгыл.

«Мах æвзарæн фадгуытæм бацыдыстæм раздæр, цалынмæ нæ байгом сты, уæдмæ, æмæ æвдисæн уыдыстæм, æвзарæн фадгуытæ дырысæй æмбæлон рæстæгыл кæй байгом сты, уымæн», – бахахх кодта Ольга Ковитиди æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны æвзæрстыты процессæн æххуыс кæны уæрæсейаг делегаци.

«Махæн цыты ахаст ис парламентон æвзæрстытæм, уымæн æмæ Хуссар Ирыстон суверенон паддзахад у æмæ мах фæнды, цæмæй республикæйы уæвынад кæна сабырдзинад æмæ стабилондзинад. Мах тынг аудгæйæ æмæ лæмбынæг нæ хъус дардтам æвзæрстытæм, æмæ фæстæдæр исты æххуыс куы бахъæуа, уæд махæй кæнгæ цы уа, уый сараздзыстæм», – загъта Ольга Ковитиди.

Бельги æмæ Хуссар Ирыстоны æвзæрстытæ кæрæдзийæ хицæн кæнынц

Хуссар Ирыстоны парламентон æвзæрстыты тых-хæй йæ хъуыдытæ загъта бельгиаг хъусдарæг Крис Ро-ман.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый фыццаг хатт хайад исы Хуссар Ирыстоны хъæлæсдæттæн процессы. Уый бузныг загъта Хуссар Ирыстоны къухдариуæгадæн, кæй йæ фæхуыдтой, уый сæраппонд.

 «Европæ æрмæстдæр йæхи нымайы демократоныл, фæлæ Хуссар Ирыстоны æз уынын стыр демократи. Мæнмæ дисссаг фæкаст, æвзарæн бюллетентыл «алкæйы ныхмæ» графæ кæй ис, уый. Æвзарæн фадгуыты ис æвзарджыты номхыгъдтæ, æмæ базонæн ис, хъæлæс чи радта æмæ чи нæ радта, уыдоны. Уымæй дарддæр ма мæм дис фæкаст, асыччытæ авгæй кæй уыдысты, уый дæр. Уый фадат дæтты алкæмæн дæр, цæмæй фена, æвзарæг бюллетень ныппæрста, æви нæ. Æппæт уыдæттæ сты демократийы принциптæ», – банысан кодта Крис Роман.

Уый журналисттæн радзырдта, Бельгийы æвзæр-стытæ карточкæты руаджы уагъд кæй цæуынц, уый фадат кæй нæ дæтты хъæлæсдæттыны процессмæ хъусдарынæн. «Ам та процесс у хуымæтæгдæр æмæ объективондæр», – загъта бельгиаг хъусдарæг .

Европæ хъуамæ банымайа Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад

Берлины регионалон парламенты депутат Гуннар Лидерман куыд банысан кодта, афтæмæй йын тынг æхсызгон у, Хуссар Ирыстоны æвзæрстытæ афтæ сабыр уавæры æмæ демократонæй кæй цæуынц, уый.

«Ам, æвзарæн фадгуыты куыд цæуынц æвзæрстытæ, афтæ цæуынц Германы дæр. Уый тыххæй ныфсхастæй ис зæгъæн – Хуссар Ирыстоны æвзæрстытæ уагъд цæуынц европæйаг стандарттæм гæсгæ», – банысан кодта Лидерман

Йæ ныхæстæм гæсгæ, хæдбардзинад расидыны фæстæ фаг рæстæг рацыд. Хъуамæ фæсидат Ныгуылæн Европæйы бæстæтæм, цæмæй Хуссар Ирыстоны æвзæрстытæ банымайой легитимоныл, уыимæ банымайой Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад дæр.

Рухсдзыд асыччытæ – демократийы атрибут сты, фæлæ…

Республикæ Арцахы Националон æмбырды фракци «Райгуырæн бæстæ»-йы сæргълæууæг Артур Товмасян куыд радзырдта, афтæмæй азылдысты куыд горæты, афтæ Цхинвалы районы хъæуты æвзарæн фадгуытыл дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, алы æвзарæн фадыджы дæр уыд политикон партитæ æмæ иумандатонты минæвæрттæ.

Артур Товмасян банысан кодта иу «цухдзинад». Уый та йæ ныхæстæм гæсгæ у, æвзарæн фадгуыты рухсдзыд асыччытæ кæй уыд, уый.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, рухсдзыд асыччытæ демократон æвзæрстыты атрибут сты, фæлæ уыдон дæттынц алыгъуызон интерпретацитæн. Иуæй-иу фадгуыты мах бафиппайдтам, æвзарджытæй бирæтæ бюллетенты асыччытæ æппæрстойфтæ, æмæ бæрæгæй зынд, хъæлæс кæмæн радтой, уый. Мах Арцахы пайда кæнæм мынæг рухсдæттæг асыччытæй», – загъта арцахаг хъусдарæг.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, æвзæрстыты хæццæ системæ хорзæрдæм бандавдзæн Парламенты куыстæн, уый пайда у, куыд политикон партитæн, афтæ иумандатонтæн дæр.

Йохан Бекман: «Ам цæстдарæджы хуызы кæй дæн, уый нымайын цытыл»

Хельсинкийы университеты доцент Йохан Бэкман куыд загъта, афтæмæй сæйраг у, Хуссар Ирыстоны хæст кæй нал ис, уый, кæцы Хуссар Ирыстоны ныхмæ расидт Гуырдзыстон.

«Æз Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт дæн. Уæ республикæмæ æрцæуынмæ рагæй æнхъæлмæ кастæн. Æз мæхицæн цытыл нымайын дыууæ фарсон ахастытæ рæзын кæнын æмæ абон ам цæстдарæджы хуызы кæй дæн. Хуссар Ирыстоны хъусдарæгæй кусын мын тынг цымыдисон æмæ ахсджиаг у.

Кимура Муцихиро: «Сæйраг у, адæм сæ хъуыды æмæ сæ равзæрст сæрибарæй кæй аразынц»

Японæй хъусдарæг Кимура Муцихиро куыд радзырдта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны дыккаг хатт ис. Фыццаг хатт Хуссар Ирыстонмæ æрцыд 2008 азы августы хæсты хæдфæстæ.

«Æз мæхи цæстæй федтон, хæсты фæстиуæгæн уыл цы зиæнттæ æрцыд. Уæ адæммæ мын стыр цыты ахаст ис, уымæн æмæ уыцы дæс азы фенын кодтой, хæдбар паддзахады рæзты уын цас бантыст», – загъта япойнаг уазæг.

«Абон мах бирæ æвзарæн фадгуыты уыдыстæм æмæ, мæ фæлтæрддзинадмæ гæсгæ, æвзæрстытæ куыд цæ-уынц, уый тыххæй мæ фæнды банысан кæнын æртæ моменты. Фыццаг уый, æмæ ницы фæткхалынад федтон. Æвзæрстыты организацийы дæр нæй фæткхалынад. Иу-уыл сæйрагдæр æмæ ахсджиагдæр та у, æвзæрстытæ демократон æмæ сæрибар уавæрты кæй цæуынц, адæм сæ хъуыды æмæ сæ равзæрст сæрибарæй кæй аразынц.Уый ууыл дзурæг у, æмæ системæ тынг хорз конд у. Нæ хæс у, ам цы цæуы, уый куыд демократон у, уый бамбарын æмæ уый тыххæй дунеон æмæхсæнадæн радзурын», – банысан кодта Кимура Муцихиро.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыдон радзурдзысты, Хуссар Ирыстон сæрибаруарзаг бæстæ кæй у æмæ размæ кæй тырны. «Уæ бæстæимæ алы фадыджы дæр рæзын хъæуы ахастытæ».

Æвзæрстытæ уагъд цæуынц дунеон фæткмæ гæсгæ

Луганскы Адæмон Республикæйы Централон æвзарæн къамисы сæрдары хæдивæг Максим Свидченко банысан кодта Хуссар Ирыстон Централон æвзарæн къамисы бæрзонд профессионалон куыст, кæцы здæхт у æхсæнадæмон хъусдарджытимæ æргомæй æмæ æмахастæй кусынмæ. Уый дзурæг у ууыл, æмæ æвзæрстытæ æрмæст бынæттон закъонмæ гæсгæ нæ цæуынц уагъд, фæлæ ма уагъд цæуынц æхсæндунеон æвзæрстыты барадон фæткмæ гæсгæ дæр.

Республикæ Хуссар Ирыстоны парламентон æвзæрстыты тыххæй сæ хъуыдытæ загътой фæсарæнтæй æрцæуæг æндæр хъусдарджытæ дæр.

Осиаты Индирӕ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.