Сочийы кекусинкай каратейæ Æппæтуæрæсейон турнир «Кубок Кубани»-йы стыр æнтыст йæ къухты бафтыд Дудайты Доннæйæн.

Уый тыххæй нын фехъусын кодта зындгонд тренер Созаты Владимир. Уый куыд зæгъы, афтæмæй йæ хъомылгæнинаг 14-15- аздзыд спортсменты ‘хсæн хæцыд 50 кг категорийы уæзы. Йæ ныхмæлæууæг ульяновскаг спортсменкæйыл 15 секундмæ накаутæй фæуæлахиз. Æрдæгфиналы фем-бæлд Краснодары спортсменкæимæ æмæ йыл фæуæлахиз æмгъуыдæй раздæр. Финалы та рахæцыд абхазаг спортсменкæимæ æмæ ууыл дæр фæуæлахиз.

Уыцы æнтысты тыххæй Дудайты Доннæйæн ерысты лæвæрд æрцыд Уæрæсейы спорты мастертæм кандидаты ном.

«Доннæйы архайдæй æз баззадтæн тынг райгондæй. Уый равдыста иттæг хорз техникон цæттæдзинад. Æвзист призеры аккаг сси Дудайты Доннæйы æмбал Тыджыты Иринæ, кæцы архайдта æвзæнгты ‘хсæн 70 кг  категорийы уæзы. Уый æмгъуыдæй раздæр уæлахиз кодта йæ ныхмæлæуджытыл, фæлæ йыл финалы, хъыгагæн, уæлахиз кодта Казахстанæй йæ ныхмæлæууæг спортсменкæ», – загъта Созаты Владимир.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ма уыцыиу рæстæджы Созайы фырты хъомылгæнинæгтæн кæй уыд стыр æнтыстытæ Цæгат Ирыстон-Аланийы уагъдцæуæг ерысты.

Не спортсментæй кекусинкай каратейæ сыгъзæрин майданты аккаг систы Тедеты Аннæ, Цхуырбаты Нинæ, Тадтаты Софья, Джиоты Эрик.

Æвзист майдантæ та райстой Абайты Камиллæ, Гайты Аннæ æмæ Лалыты Джер.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.