Цард… ӕвӕлмон, ӕнӕлаз, ӕппӕт хӕрзтӕй дзаг цардӕй цӕрын у алы адӕймаджы бӕл-лиц. Хъыгагӕн, уый стӕм адӕй-мӕгты къухы бафты. Кӕмӕн нӕ бантысы, уый та хъысмӕтимӕ  иудадзыг бацӕуы тохы ӕмӕ бырсы, тырны царды размӕ, сӕтты зынтӕ ӕмӕ сыл уӕлахиз кӕны. Уый царды ӕцӕгад у: цард тохы быдыр  у, адӕймаг та – хӕстон.

  Табу Дунескӕнӕгӕн, нӕ чысыл ӕхсӕнады цыма царды иумӕйаг ӕмвӕзад бӕрзонддӕр кӕны, кусынц, амӕлттӕ кӕнынц йӕ минӕвӕрттӕ. Цард цӕрынӕн у, кус ӕмӕ дзы цӕрынӕй бафсӕд. О, фӕлӕ… ӕппӕт хӕрзтӕ алы хатт нӕ хӕссынц цин ӕмӕ амонд. Æхцон мысинагӕй баззадысты мӕнӕн, кӕддӕры чысыл чызгӕн, советон цардӕвӕрды баззайӕццӕгтӕй ма цы ӕрӕййӕфтон, уыдон. Æндӕр уыд цыма уӕлдӕфы ад, ӕндӕр уыдысты адӕм. Уыдис сын уаз бӕллицтӕ, хӕрзӕгъдаумӕ тырнынад, уыд кад хӕларад ӕмӕ уарзтӕн. Зыдтой искæйы циныл цин кӕнын, хъыгыл та – зӕрдӕбын хъынцъым. Уӕд уды сыгъдӕгдзинад рухс кодта сӕ алыварс дуне, ӕмӕ адӕмы ‘хсӕн ахастытӕ уыдысты хъӕрмуд.  Уӕдӕй абон цард скӕнынӕн фылдӕр фадӕттӕ, хуыздӕр уавӕртӕ ис. Фӕлӕ…  Мулчы азар, хӕлӕгдзинады хъӕстӕ ауагътой уидӕгтӕ ӕмӕ адӕймагӕн ӕвдӕр-зынц йӕ уд, хӕццӕ кӕнынц йӕ хъуыды ӕмӕ адӕймаг адӕймаджы нал ӕмбары. Нӕ цӕуы иу иннӕйы уавӕры, алчи ма ӕрмӕст йӕхи гуылы бын ӕндзарыныл хъазуатонӕй архайы: уадз, мӕ дзул сфыцӕд, ды ӕххормагӕй амӕл, уый мӕ быгъдуан нӕу. Йӕхи искӕй цӕсты бӕрзонд кӕнынмӕ хъавгӕйӕ, адӕймаг нӕ ауӕрды искӕй ӕрдӕлдзиныг кӕныныл. Æрмӕст  райсы адӕмы фыдӕх, арф зӕрдӕхудт. Уый свӕййы удыхъӕдӕй чысыл адӕймаг. Афтӕ сӕ хонынц зонадон литературӕйы дӕр: «чысыл адӕймаджы фӕлгӕнцтӕ».

Адӕм сӕхимӕ бӕрндзинад куы нал фӕхатынц, закъоны сӕрты ахизын сын ӕнцон куы свӕййы, уӕд уый фыдӕх ӕмӕ хӕццӕдзинады (дунейы хаос кӕй хонынц) гуырӕн у. Нал ӕмбарӕм, ирон адӕм, кӕрӕдзи, раст цыма хӕццӕ ӕвзӕгтыл дзурӕм, уыйау.

О, ӕвӕдза, ӕвзаджы тыххӕй… уый  нӕ фыдбылызты ратӕдзӕн ды куы дӕ, ӕппӕт бӕллӕхты аххосаг дӕр. Бӕласӕн йе сӕфт – фӕрӕтӕй, фӕрӕты хъӕд та – бӕласӕй. Ратонбатон дӕр дӕ уымӕн кӕнынц.

…Ехх, куы зонис, куы ̓мбарис,  адӕймаг, фылдӕр хатт де ̓взаг кӕй свӕййы де знаг ӕмӕ цалынмӕ хъама хъуырмӕ бахӕццӕ вӕййы, уӕдмӕ йӕ ӕвзаг кӕй ралыг кӕны. Æппынӕдзух фыдӕх, хӕрамы тауинӕгтӕ  цӕмӕн тауыс?  Цӕмӕн дӕ фӕнды фехалын ӕнусты дӕргъы чи ныббиноныг, Къоста йӕ ӕвидигӕ уацмыстӕй бындур кӕмӕн ӕрӕвӕрдта, уыцы литературон ӕвзаг? Нӕма райгуырд Къостайы ӕмсӕр. Нырыккон дуджы йын аккаг фӕдон уыд Шамил. Уыдон радтой сӕ цард сӕ адӕмы сӕрвӕлтау, уыдон сты ӕцӕг «Адӕймӕгтӕ», ӕцӕг патриоттӕ. Се сфӕлдыстады кой нал кӕнын.  Ныртӕккӕ ахсджиагдӕр сты хӕрзӕгъдауы ӕууӕлтӕ, уымӕн  ӕмӕ «Лӕджы хуызӕн лӕг нӕм стӕм//Бӕрӕг дӕр нӕ нал ис, цы стӕм», «Кӕдӕмдӕр ма хилӕм куырмӕй», «Цы уыдзӕн нӕ фидӕн, нӕ фӕстаг». Гъе, уӕууӕй, гъе, ӕнусты сӕрты рахизгӕйӕ, уӕдӕй абонмӕ ацы рӕнхъытӕ баззадысты сӕ раны, сӕ тыхы, нӕ фесӕфтой абоны онг сӕ ахадындзинад! Уый хъуыдыйаг у, уый додойаг у…

Æвзаджы закъонбӕрцад афтӕ домы: ис ӕвзаг, уымӕн ис диалекттӕ, диалекттӕн та ис ныхасыздӕхтытӕ. Ныхасыздӕхтытыл дзурджытӕ кӕрӕдзи ӕмбарынц, диалекттыл дзурджытӕ кӕрӕдзи иттӕг не ̓мбарынц. Ацы терминтӕ хъусгӕ дӕр чи нӕ фӕкодта, уыдон иууыл  карздӕр тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ зондджындӕр уынаффӕгӕнджытӕ свӕййынц. Хӕрам, мыййаг, никӕй кӕнын, алкӕмӕн йӕхи дӕсныйад ис ӕмӕ йӕм уый зонын ӕмбӕлы сӕйраджы (ӕниу …), фӕлӕ дилетант цы хъуыддаджы дӕ, уым дӕхи ма хъуамӕ хӕццӕ кӕнай. Æвзаг домы иууон литературон ӕвзаг, уымӕй пайда хъӕуы культурон уагдӕтты, телеуынынады, сценӕйыл, алыхуызон мадзӕлтты. Цӕмӕн куы зӕгъай, уӕд уымӕн, ӕмӕ царды ӕппӕт фӕзындтӕ  дӕр хъуамӕ амад уой бӕлвырд системӕйы бындурыл ӕмӕ бӕрӕг фӕткмӕ гӕсгӕ, уый куы нӕ уа, уӕд уӕлдӕр цы хаосы кой кодтон, уымӕ цӕуӕм. Зӕгъӕм, хъуыддаджы гӕххӕттытӕ фыссӕм алчи йӕхи ныхасыздӕхтыл (ӕниу уыдон уырыссаг ӕвзагыл фыст цӕуынц), кӕнӕ чингуытӕ, газеттӕ ӕмӕ журналтӕ ирон ӕвзаджы цы авд ныхасыздӕхты ис, уыдоныл фыст куы уаиккой, уӕд дӕм куыд раст фӕкӕсид? Цы бачындӕуа ахуыргӕнӕн чин-гуытӕн та? Къласы сывӕллӕтты ‘хсӕн ис алы ныхасыздӕхты минӕвӕрттӕ. Цавӕр чиныг сын хъуамӕ уа? Зӕгъдзынӕ, ам нын бабӕздзӕн Къостайы ӕвзаг, чиныг «ц»-гӕнагыл фыст уӕд (радтай бар ӕмӕ дӕ сӕрныллӕг стӕм). Æмӕ сабитӕй алчи йӕхирдыгон ныхасыздӕхтыл куы кӕса, кӕнӕ дзура йӕ урок, уӕд дӕм уый та куыд раст фӕкӕсдзӕн? Бынтон зыгъуыммӕ, уый таудзӕн иу адӕмы ‘хсӕн хӕццӕдзинад ӕмӕ знаггад, фыдӕх кӕндзысты кӕрӕдзимӕ. Афтӕмӕй былӕй ахауын дӕр диссаг нӕу…

Уӕдӕ нӕм ис культурӕйы артдзӕсты уагдӕттӕ: библиотекӕтӕ, алыхуызон экспонаттӕй хъӕздыг музей, парктӕ, сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуан. Сцӕттӕ, бирӕ кӕмӕ фенхъӕлмӕ каст ӕнувыд сценӕмӕкӕсӕг, уыцы театр дӕр. Ис нӕм диссаджы дӕсны актертӕ, уыдон ӕппӕт хъомысӕй лӕггад кӕнынц ирон театрӕн ӕмӕ сценӕмӕкӕсӕг ӕнӕрхъӕцӕй фенхъӕлмӕ кӕсы алы ног премьерӕмӕ. Сӕ куыст ӕвӕрӕз уавӕрты, мыййаг, цауддӕр нӕ уыдис. Ног агъуыст, ног фадӕттӕ та актерæн фенцондӕр, фӕрогдӕр  кодтой йӕ авналӕнтӕ. Алы-хуызон декорацитӕ, зилгӕ сценӕтӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ радтой актеры архайдӕн стырдӕр тыгъдад. Театр, уый нӕ культурӕйы дзуар у, нӕ монон культурӕйы зынг ӕмӕ зӕрдӕ. Театрӕн, куыд ӕндӕр культурон уагдӕттӕн, афтӕ йӕ нысан у культурон ӕгъдауӕй размӕдзыд  гоймаг хъомыл кӕнын, цайдагъ ӕй кӕны бӕрзонд идеалтыл, у «царды ахуыргӕнӕн чиныг».

Йӕ рӕстӕджы Брытъиаты Елбыздыхъо зӕронд ӕмӕ ног, примитивон ӕмӕ бӕрзонд про фессионалон театралон аивады ӕмвӕзад ӕрӕмных кодта  йӕ къаннӕг драмон этюд «Маймули рухсаг, ӕгас цӕуӕд ирон тиатр»-ы. Маймули у фӕстӕзад аивады символон фӕлгонц. Уый нӕ зоны дзурын, адӕмы та хъӕуы ӕлвӕст, аив ӕвзагӕй сӕм рӕстдзинад чи хӕццӕ кӕна, царды сын фӕндагамонӕг чи  уа, ахӕм. Адӕм ыл сӕхи схӕссынц, свӕййы сӕ хъазӕнхъул ӕмӕ уымӕй сӕхи хъӕлдзӕг кӕнынц, фӕлӕ уый нӕу бӕрзонд аивад. Дзуары лӕг бакувы: «Æнкъард уӕвгӕйӕ нӕ нырыонг хъӕлдзӕг кодта йӕ рӕвдз митӕй. Ратт ын мӕлгъӕвзаг, табу дӕхицӕн, Сыгъзӕрин Уастырджи, джих куы уӕм, уӕд-иу кӕмӕ ‘рыхъусӕм, фӕринчы риуыгъдау кӕмӕй стъӕлфӕм, зӕрдӕйыл ӕнӕмӕнг ӕхсӕры къӕрццау чи ‘мбӕла, йӕ фыррастӕй мӕнгарды цӕст чи къаха!» Адӕмы фӕндӕй маймули фесты рӕсугъд лӕппу. Рӕсугъд лӕппу свӕййы рӕсугъд, бӕрзонд аивады символ. Æгӕрон у йӕ цин: «Маймули нал дӕн! Маймули рухсаг, ӕгас цӕуӕд Ирон Тиатр!» (Тырыса ӕвдисы).

Цы мӕ бафтыдта театрыл сагъӕс, цы мӕ сразӕнгард кодта ацы уац ныффыссынмӕ? Æрӕджы нӕ паддзахадон театры нысан кодтой курдиатджын актер Уанеты Хсары 70 азы юбилей. Мӕ зӕрдӕбын арфӕтӕ актерӕн. Уадз, бирӕ азты дӕргъы  ноджыдӕр рухс кӕн дӕ театрдзауты зӕрдӕтӕ дӕ дӕсны архайдӕй.

…Зал  йемыдзаг сценæмæкæсджытæй. Алчидӕр ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы ма-дзал райдайынмӕ. Дзӕнгӕрӕг… Фыццаг… Дыккаг… Æртыккаг…

Байгом ӕмбӕрзӕн. Аив сырхвӕлыст сценӕ, юбиляры сырх къӕлӕтджын сцырын кодта сценӕмӕкӕсӕджы цыбӕл, ӕнхъӕлмӕ кӕсы стырмӕ, бӕрзондмӕ. Сценӕмӕ рахызтис дыууӕ хӕзконд амонӕджы. Зӕрдӕ цины рӕхост скодта…райдыдта. О, мӕ дуне, мӕнӕ цы хъусын… бӕрзонд сценӕйӕ, аив ныхас кӕцӕй хъуамӕ хъуыса, уырдыгӕй ныййазӕлыд хъӕбӕр «Ш»-гӕнаг ныхас стилистикон ӕмӕ грамматикон рӕдыдтытимӕ. Театр, сыгъдӕг литературон ныхас кӕцӕй зӕлы, зӕрдӕйы хъармгӕнӕг арт чи судзы ӕмӕ кӕсӕджы культурон ӕгъдауӕй чи хъомыл кӕны, уырдыгӕй хъуысы ныхасыздӕхтыл дзырд.  Арфӕйы ныхасы бар лӕвӕрд ӕрцыд, театры, ӕндӕр, фӕлтӕрд ӕмӕ курдиатджын актерӕн. Спектаклты хъазгӕйӕ, адӕймаг улӕфы йӕ архайдӕй, ӕхцондзинад исы йӕ ныхасӕй – йӕ дикци ӕмӕ интонацийӕ. Ӕмӕ ныр… уый фӕкарздӕр,  фӕхъӕбӕрдӕр кодта йӕ къуыдайраг ныхас. Уаз сценӕйы ӕмвӕз уысммӕ ӕрхауд ныллӕгмӕ. Æвӕццӕгӕн, не ‘хсӕнады «Ш» дамгъӕйы фӕдыл фӕстаг хатт сӕвзӕргӕ цаутӕ ахӕм стыр тас бауагътой йӕ минӕвӕрттӕй иуӕй-иуты ӕмӕ сын ӕй цӕмӕй мачи байса, уый тыххӕй йын йӕ позицитӕ театры ныффидар кӕнын сфӕнд кодтой.  Хъуыстысты зарджытӕ къуыдайраг ныхасыздӕхтыл. Сармадзаны дзӕхстау ӕмбӕлдысты «Ш»-тӕ сценӕмӕкӕсӕджы хъустыл. Æмӕ йыл ӕфтыдтой сагъӕс. Æмбӕлон, аив, ӕппӕт домӕнтӕн дзуапп чи дӕдта, ахӕм зарджытӕ азарыдысты цӕгатӕй ӕрхонгӕ артисттӕ. Уый уыд ӕцӕг аивад.

Уый фӕстӕ ноджы дзырдтой, арфӕтӕ кодтой, ӕнӕкӕрон…ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр ныхасыздӕхтытыл, пьесӕтӕй скъуыдздзӕгтӕ хъазыдысты литературон ӕвзагыл. Афтӕмӕй та сӕрысуангӕй, йӕ райдианӕй суанг йӕ кӕронмӕ, хъуамӕ хъуыстаид иууон Литературон Æвзаг. Уый у адӕмы, нацийы иугӕнӕг.

Сценӕйыл нӕй бынат хуымӕтӕг дзургӕ ныхасы элементтӕн. Нӕу раст ӕмӕ аив афтӕ зӕгъын сценӕйӕ: «дыууӕ ныхас зӕгъджен». Иуӕй – «зӕгъдзӕнис», иннӕмӕй та стилистикон ӕгъдауӕй растдӕр уыдзӕн: «йӕ хъуыдытӕ раргом кӕндзӕн». Контексты куыд арӕхсы, уымӕ гӕсгӕ.«Сценамӕ курын». Сценӕмӕ хонгӕ кӕнынц. «Ис бинонтӕ, кӕдонимӕ…» ирон литературон ӕвзаджы домгӕвазыгджын хъуыдыйады арӕзт нӕ быхсы ахӕм формӕтӕ сӕйраг ӕмӕ уӕлӕмхас хъуыдыйады  кӕдон – уыдон, уыцы – кӕцы, уыцытӕ – кӕцытӕ. Уый у уырыссаг ӕвзаджы хъуыдыйады струк-турӕ. Иронӕн та ис йӕхи стилис-тикӕ ӕмӕ структурон сконд.

Сценӕмӕ арфӕ кӕнынмӕ рахизын ӕнӕнхъӕлӕджы никӕ-мӕн уыд, уӕлдайдӕр та мадзал амонджытӕн. Уымӕ гӕсгӕ сӕ сӕ раныхӕстыл развӕлгъау ахъуыды хъуыд. Алы дзырд, дзырдбаст ӕмӕ хъуыдыйад хъуамӕ аразой логикон ӕмиуад. Адӕмы раз раныхас кӕнынмӕ хи цӕттӕ хъӕуы, иугӕр дын гуырцӕй лӕвӕрд нӕу дзырдарӕхстдзинад, уӕд. Рагон Грецийы, цӕмӕй сӕ ныхас аивдӕр уыдаид, уый тыххӕй бӕрзонд трибунӕйӕ дзырдтой, ӕмдзӕвгӕтӕ куыд кастысты, афтӕ. Сценӕйыл та ныхасы аивдзинад ӕнӕмӕнг домӕн у.

Ныхасы аивдзинады ӕм-рӕнхъ ма ахъаззаг нысаниуӕг ис мидисы хъӕздыгдзинадӕн.  Ныхас хъуамӕ уа нысанмӕз-дӕхт ӕмӕ искӕуыл кӕнӕ истӕуыл дзургӕйӕ, дӕ ныхас ма бӕтт дӕхиуыл кӕнӕ искӕуыл, зӕгъӕм, уӕлдӕр хицауадыл дӕхимӕ йын йе ̓ргом раздахыны охыл. «Цӕстмӕхъус ныхас фыдбылыз хӕссы». Йӕ фӕсвӕд дзы ӕппӕл, комкоммӕ нӕ, фӕлӕ. Кӕннӕд уый къозбаудзинад у. Махмӕ, ирон адӕммӕ, та ӕнхъӕлцау худинагыл нымад уыд рагӕй ӕрӕгмӕ.

  О, адӕймаг, Дунейы фарн ӕмӕ Хуыцауы комытӕфӕй райгуырӕг! Куыд минхуызон сты дӕ уды фӕлхъазӕнтӕ. Æмӕ ӕргом та де ‘взаджы ‘руаджы кӕнынц. Уый у дӕ сафӕг, дӕ аразӕг дӕр. Елбыздыхъойы фӕдзӕхст Рӕсугъд лӕппуйӕн, бӕрзонд аивады минӕварӕн, у ахӕм: «Де  ‘взаг уӕд мӕлгъӕвзаг. Фӕринкӕй цыргъдӕр, уымӕй тынгдӕр кӕрдӕд, ӕхсӕры къӕрццӕй рӕвдздӕр, топпы фатӕй растдӕр! Уый уыдзӕн рӕсугъд ӕвзаг! Уый уыдзӕн тыхджын дзыхы дзуапп: зонд ӕмӕ зӕрдӕйы дуар чи у. Дӕ зӕрдӕйӕ цӕуӕд уарзондзинад, зонд та йын – фӕндагамонӕг. Дӕ дзуаппӕн иудадзыг йӕ тых ма ‘ргом кӕн. Кӕм хъӕуа, уым та пакъуыйӕ фӕлмӕндӕр ӕмӕ хъармдӕр уӕд дӕ уарзон ныхас – йӕ тӕвдӕй хъӕбӕр зӕрдӕ фӕлмӕн куыд кӕна!»

Ма хизӕм мах дӕр ацы фӕдзӕхсты иувӕрсты, бадарӕм ӕй нӕ зӕрдыл.

БИАЗЫРТЫ Аллæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.