Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизыл 75 азы сæххæсты цытæн Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгады номæй юбилейон майдантæй Хуссар Ирыстоны фæсчъылдымы ветеранты цытджын уавæрты схорзæхджын кодта Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов.   

 Хорзæхтæ дæттыны церемони уагъд цыд Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварады бæстыхайы. Ветерантæй алкæуыл дæр минæварады кусджытæ æмбæлдысты райгондæй, аудгæйæ – æххуыс сын кодтой сæ уæлæдарæс раласынæн æмæ, сæ мадзал уагъд кæм цыд, уыцы залмæ бацæуынæн.

Фæсчъылдымы ветерантæм ахасты йæ арфæйы ныхасы Марат Кулахметов банысан кодта, зæгъгæ, уыцы тугкалæн цаутæ æмæ æгъатыр хæстæй рацыд 75 азы. Æмæ уæ кары адæмы фæрцы, тохы быдыры æмæ фæсчъылдымы фæллойы руаджы абон цæрæм сабыр, цъæх арвы бын. Хъыгагæн, уыдонæй бирæтæ нæ фæцардысты абоны онг. Мах, зæгъгæ, уæ разы стыр хæсджын стæм æмæ уын уый тыххæй зæгъæм стыр бузныг.

«Ацы зæрдылдарæн майдантæ сымах исут аккагæй, уымæн æмæ æмбæлон хайбавæрд бахастат уæлахизмæ» – банысан кодта минæвар.

Фæсчъылдымы ветерантæн дипломаты цæст бауарзта бирæ цæрæнбон æмæ фидар æнæниздзинад, зæгъгæ, нырма фембæлдзыстæм, разæй ис бирæ мадзæлттæ, ацы стыр бæрæгбоны цытæн.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 75 азы сæххæсты цытæн мадзæлттæ ныридæгæн уагъд цæуынц. Æмæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварад йæхимæ райста ахæм хæс, Хуссар Ирыстоны территорийыл хъуамæ алы ветеранæн дæр арфæ ракæной, хæсты хайадисæг уа æви фæсчъылдымы ветеран. Мадзæлттæ уагъд цæудзысты хайгай, уымæн æмæ ветерантæ цæрынц алы районты дæр.

Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы минæвар куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ абоны хорзæхтæ дæттыны церемони у бæрæгбонон мадзæлтты райдиан æмæ Фыдыбæстæйон хæсты Стыр Уæлахизыл 75 азы сæххæсты бæрæгбон нысан кæныны агъоммæ алы ветеран дæр арфæтимæ хъуамæ райса юбилейон майдан.

«Уæлæмхас мадзæлттæ уагъд цæудзæн минæварады, уымæй дарддæр уæрæсейаг дипломаттæ хайад исдзысты, Хуссар Ирыстоны ацы стыр бæрæгбоны цытæн цы мадзæлттæ уагъд цæудзæн, уым. Уымæн æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеранты раз мах стæм хæсджын, хъуамæ сæ хъуыды кæнæм æмæ сын се сгуыхтдзинæдтæн аргъ кæнæм», – банысан кодта Уæрæсейы Федерацийы минæвар.

Дзырдтой нын сæ мысинæгтæ

Уанеты Зауырæн ацы хорзæх æнæнхъæлæджы уыд. Уымæн йæ зæрдыл æрлæууыд, немыцаг тыхæйисджытыл советон æфсад куы фæуæлахиз, уыцы бон.

«Уыцы бон æз хуым кодтон нæхи хъæу Амбреты. Дзæнгæрæджы фæдисхъæрмæ гутоны фæдыл чи цыд, уыцы лæг мын афтæ, къуылдымæй ма, зæгъгæ, акæс, цы хабар у? Уæдмæ скъолайы агъуысты сæр Уæлахизы тырыса дæр æрсагътой æмæ адæм цин кæнынц, кафынц.

Хорз хъуыды кæнын, мæ мад куыд куыдта, мæ фыд æмæ йе фсымæртæ дæр хæсты фесæфтысты, æмæ уыдон тыххæй», – дзырдта йæ цæстысыг тыххæй уромгæйæ фæсчъылдымы ветеран. Ацы цаутæ Зауыр мысыд, раст цыма 75 азы размæ нæ уыдысты, фæлæ знон, йæ зæрдæ уынгæг кодта, афтæмæй сæ дзырдта.

Тыджыты Замирæ райгонд у нæ паддзахады къухдариуæгадæй, нæ адæмæй, Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадæй. Уымæн æмæ уыдон стыр кад æмæ аргъ кæнынц, уæлахизмæ йæ хайбавæрд чи бахаста, уыцы ветерантæн.

«Æз, кæй зæгъын æй хъæуы, тохы быдыры нæ уыдтæн, фæлæ мæ тыхтæ æмæ хъарутыл нæ ауæрстон фæсчъылдым фæллой кæныныл.

Иу рæстæджы Згъудеры къуылдымыл æрхаудта бомбæ æмæ мæ мад фæтарст мæнæн æмæ мæ уый фæстæ акодта йæ цæгатмæ – Хъорнисы хъæумæ. Уым урокты фæстæ къахтам картоф, æмбырд кодтам фæткъуы, уыгътам æфсиртæ, най кодтам… 

Ацы хъæуы уыцы рæстæджы баззад æрмæст сылгоймæгтæ, æмæ нæ нæ тыхтæ куыд амыдтой, афтæ сæ фарсмæ лæууыдыстæм мах дæр», – дзырдта йæ мысинæгтæ Замирæ.

Уыцы фыдæбæттæ, хъарутæ æмæ уæлахизмæ йæ хайбавæрды тыххæй Замирæйæн æрвыл юбилейон аз дæр йæ ном кæй ссарынц, уый фæдыл бузныджы ныхæстæ дзырдта ноджыдæр. Уый бирæ азты ахуыргæнæгæй фæкуыста нæ горæты 5-æм æмæ 6-æм скъолаты æмæ областон библиотекæйы методистæй.

           КЪÆБУЛТЫ Маринæ 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.