Цытджын Анатоли Ильяйы фырт!

Айс иууыл зæрдиагдæр арфæтæ дæ гуырæн боны юбилейы цытæн!

Бирæ азты дæргъы дæу зонынц куыд бæрзонд æмвæзады къухдариуæггæнæг, кæцыйы хицæн сты бæрндзинад, дардуынынад, царды иууыл уæндондæр проекттæ æмæ ног идеятæ гуырын кæнын дæ адæмы царды хорз ивындзинæдты хæрзиуæгæн.

Президенты бынаты æнтыстджын куысты азты дæргъы дæ  къухты бафтыд стыр æнтыстытæ бæстæйы социалон-экономикон хъомысады рæзт æмæ фидар кæныны, райстай егъау авторитет æмæ дын цыт кæнынц Фыдыбæстæйы арæнтæн æдтейæ дæр. Республикæйы æнтыстытæ комкоммæ баст сты дæ егъау энерги æмæ нысанмæ тырнындзинадимæ, стратегионæй æгъдауæй хъуыды кæнынимæ, масштабон хæстæ æвæрын æмæ скъуыддзаг кæнынимæ.

Ныфс мæ ис, дæ бæрзонд профессионализм, куырыхондзинад, райгуырæн зæхмæ уарзондзинад дарддæр дæр ахъаз кæндзысты Хуссар Ирыстоны рæзт æмæ дидинæфтыдадæн.

Уадз æмæ дæ фарсмæ алыхаттдæр уæт æнувыд æмтохгæнджытæ æмæ хæлæрттæ, фидар æххуысгæнджытæ, уарзæгой бинонтæ æмæ æввахс адæм!

Мæ цæст дын уарзы фидар æнæниздзинад, æвидигæ энерги æмæ дарддæры æнтыстытæ дæ архайды  Республикæ  Хуссар  Ирыстоны хæрзиуæгæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.