Хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады парламентон комитет æркаст «Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты æвзæрстыты гарантитæ æмæ референдумы хайад райсыны бары тыххæй» Конституцион закъоны 4-æм статьямæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Конституцион закъоны проект.

Рабадты уыдысты комитеты уæнгтæ æмæ Централон æвзарæн къамисы нымæрдар Аулохты Кристинæ, Хъахъхъæнынады министры хæдивæг Сиукъаты Вадим, Парламенты Хицауады минæвар Кокойты Зураб, Парламенты Президенты мивæвар Коцты Георги, Æддагон раз-вæдсгæрсты службæйы сæргълæууæг Варзиаты Алексей æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ.

Комитеты Сæрдар Бибылты Ацæмæз куыд бамбарын кодта, афтæмæй ивындзинæдтæ бахæссын хъæуы, цæмæй РХИ-йы Парламенмæ æвзарыны бар уа Æддагон развæдсгæрсты службæйы хайадисджытæн.

Уæрæсейы ныхмæ НАТО-йы бæстæты сæвзæргæ тæссаг геополитикон уавæр æмæ не стратегион партнер Уæрæсейы ног субъектты ныхмæ Украинæйы хæстон архæйдтытæ, афтæ ма Сæрмагонд æфсæд-дон операцийы не ‘мбæстæгты хайадист бахынцгæйæ, ивындзинæдтæ бахæссын хъæуы уæлдæр банысангонд закъонмæ.

Уыцы ивындзинæдтæ куы бахастæуа Конституцион закъонмæ, уæд Сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисæг Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн уыдзæн Парламентмæ сæ равзарыны бар.

«Уæрæсейы Федерацийы Президент бирæ хæттыты дзырдта, зæгъгæ, Сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисджытæ хъуамæ дарддæр дæр кусой æфсæддон фадыджы, æмбæстагон службæйы æмæ хицауиуæгады органты æппæт æмвæзадты. Уыдон хъуамæ æмбарой æмæ сæ уырна, Фыдыбæстæ бахъахъхъæнынмæ сæ хайбавæрдæн сын республикæ кæй аргъ кæны. Уыимæ ма сын Парламентмæ сæв-зарыны бар дæр хъуамæ уа», – загъта Бибылты Ацæмæз.

Комитеты уæнг Мулдарты Гаррийы ныхæстæм гæсгæ, закъоны проектыл нырма бакусын хъæуы. Ома, «закъонмæ ивындзинæдты æнæмæнгхъæуындзинад сæвзæрд экспрезидент Бибылты Анатолийы аххосæй. Нæ лæппутæ Сæрмагонд æфсæддон операцийы нæ республикæйы сæрибардзинад хъахъхъæнынц, æмæ сын хъуамæ уа нæ Парламентмæ æвзарыны бар дæр».

Комитеты уæнгтæ Санахъоты Давид æмæ Сланты Иваны ныхæстæм гæсгæ, Сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисджыты ‘хсæн хъайтартæй дарддæр ис дызæрдыггаг адæймæгтæ дæр, уый тых-хæй уыдонæй Парламентмæ равзарыны бар алкæцыйæн ма хъуамæ уа. Уымæй дарддæр 2014 азæй райдайгæйæ, æдзухæй республикæйы цæрыны ценз хъуамæ парахат кæна бархионтыл дæр.

Бирæ дискусситы фæстæ Централон æвзарæн къамисы нымæрдар Аулохты Кристинæ банысан кодта, зæгъгæ, Централон æвзарæн къамис архайдзæн, æзæрстыты компанийы рæстæджы цы закъæттæ кусой, уымæ гæсгæ. «О, фæлæ мах не ‘мбарæм, Сæрмагонд æфсæддон операцийы æцæгæй хайад чи исы, уыдон куыд сбæрæг кæндзыстæм, уый».

Ацы фарсты тыххæй Сиукъаты Вадим банысан кодта, зæгъгæ, нæ министрадæн йæ бон у УФ-йы Хъахъхъæнынады министрадæй æркуры, не ‘мбæстæгтæй Сæрмагонд æфсæддоны операцийы хайад исыны тыххæй контракттæ чи сарæзта, уыдоны номхыгъдтæ.

Комитеты уæнгтæ аскъуыддзаг кодтой, закъоны проектыл радон рабадты æруынаффæ кæнын. Комитеты сæрдар сæм бахатыд, цæмæй уæдмæ ацы фарсты фæдыл комитетмæ бавдисой сæ фæндæттæ.

Комитеты уынаффæ кодтой «Æддаг развæдсгæрсты тыххæй» закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй дæр.

Санахъоты Давид банысан кодта,  зæгъгæ, президенты администрацийы уыд информацион-аналитикон службæ. Ацы службæйы Паддзахадон æдасдзинады комитет рахизын кодта Æддагон фæдысгæрсты службæмæ. «Хъыгагæн, нырыонг ацы факт закъонмæ хаст не ‘рцыд. Уый раст нæу, уымæн æмæ иуæй уый баст у службæйы историимæ, иннæмæй  та – уым чи службæ кæны, уыдон социалон æгъдауæй хъуамæ хъахъхъæд уой. Уый тыххæй бакусын хъæуы ацы фарстыл.

Йæ рады РХИ-йы Æддаг развæдсгæрсты службæйы къухдариуæггæнæг Варзиаты Алексей банысан кодта, зæгъгæ, исад, материалон æргъадтæ æмæ финансон æргъадтæ, службæйон документтæ адæттыны тыххæй ницы барамындтæ, бардзырдтæ, уынаффæтæ æмæ æндæр барадон-нормативон акттæ ис, уыцы нымæцы информацион-аналитикон службæйы кусджытæй Æддагон развæдсгæрсты службæмæ чи бацыд, уыцы кусджыты сæрмагонд хъуыддæгтæ дæр арæзт не ‘рцыдысты.

Уый ма загъта, зæгъгæ, «Æддагон фæдысгæрсты тыххæй» закъоныл развæлгъау хъуамæ бакусой уæрæсейаг фарс дæр, уымæн æмæ Æддагон развæдсгæрсты службæгæнджытæн пенси фидынц Уæрæсейы Æдасдзинады федералон службæйы хыгъдæй.

Ацы закъоны проекты комитеты уæнгтæ райстой æмæ йæ дарддæр уынаффæмæ адæтдзысты Парламенты Президиумы рабадтмæ.

Нæ уацх.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.