7-æм декабры уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æвдæм сессийы фæндзæм рабадт. Уагъта йæ Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Мамиты Инал.

Боны фæтк сфидар кæныны фæстæ депутаттæ рахызтысты, цы фарстытæ йæм бахастой, уыдоныл уынаффæ кæнынмæ. Вакантон депутатон мандат радтыны тыххæй фарст депутаттæм æркæсынмæ рахаста РХИ-йы Парламенты мандатон къамисы уæнг Тасойты Барис. «Централон æвзарæн къамис республи-кон политикон парти «Иугонд Ирыстон»-ы куырдиаты бындур-мæ гæсгæ РХИ-йы Парламентмæ æрбавдыста уынаффæ, вакантон мандат кандидатты республикон номхыгъдæй РХИ-йы Парламенты депутаттæм срегистрацигонд кандидат Уанеты Æхсарбегæн радтыны тыххæй, кæцыйы раразмæ кодта парти «Иугонд Ирыстон»», – загъта уый.

Банысанчындæуыд, зæгъгæ, ацы фарстмæ æркастæуыд профилон комитеты æмæ Прези-диумы. Депутаттæ æмхъæлæсæй схъæлæс кодтой ацы кандидатурæйы тыххæй.

Хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады фæдыл парламентон комитеты сæрдар Харебаты Сергей уынаффæмæ рахаста «Æддагон развæдсгæрсты тых-хæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проект. Ацы фарсты мидисимæ депутатты базонгæ кодта РХИ-йы Æддагон развæдсгæрсты къухдариуæггæнæджы фыццаг хæдивæг Тыбылты Таймураз. Банысанчындæуыд, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Æддагон развæдсгæрсты службæйы архайд бæстон цæуы «Æддагон развæдсгæрсты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны 2005 азы 3 августы райсгæ Закъонмæ гæсгæ, фæлæ рæстæджы цыдимæ бахъуыд закъоны текстмæ дзæвгар ивындзинæдтæ бахæссын. Уый фæдыл ист æрцыд уынаффæ закъон ног редакцийæ райсыны тыххæй.

«Закъоны проекты хынцыд æрцыд Æддагон развæдсгæрсты службæйы барадон бæс-тонкæнынады цухдзинæдтæ аиуварс кæныны æмæ Æддагон развæдсгæрсты службæйы организаци æмæ архайды барадон бындуртæ саразын. Закъоны проекты сæйраг нысæнттæ сты: Æддагон развæдсгæрсты службæйы хæстæ æмæ бартæ, Æддагон развæдсгæрсты службæйы кусæджы барадон статус ирдæй сбæрæг кæнын; Æддагон развæдсгæрсты службæйы архайды закъондзинад сфидар кæнын», – загъта Тыбылты Таймураз.

Ацы комитет мы æркæсын-мæ рахаста «Аварион-ирвæзынгæнæн службæты æмæ ирвæзынгæнджыты статусы тыххæй» закъоны проект.

Харебаты Сергей куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ фарстмæ æркастысты уартæ фæндзæм æрсидты депутаттæ æмæ ист æрцыд æрмæстдæр фыццаг бакасты, уымæн æмæ йемæ нæ уыд финансон хатдзæг. «Закъоны проектыл ногæй æруынаффæ кодтой РХИ-йы Парламенты комитеты æмæ Президиумы, æмæ йын ныр ис æппæт хъæуæг документтæ, уыцы нымæцы финансон хатдзæг дæр. Афтæ ма хынцыд æрцыдысты комитеты рабадтыты банысангонд æппæт фиппаинæгтæ æмæ уæлæмхасæнтæ», – бамбарын кодта Харебаты Сергей.Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, ацы закъоны проектыл бакусыны бындур ссис экстремалон уавæрты адæмы цард чи ирвæзын кæны, уыцы аварийон-ирвæзынгæнæн æмæ ирвæ-зынгæнджыты статусы архайды нормативон бæстонкæнынад кæй нæ уыд, уый. Ныр ирвæзынгæнджыты бартæ æмæ хæстæ, сæ архайды гарантитæ, куысты ацы хуызы характер бахынцгæйæ ир-дæй бæрæг æрцыдысты закъоны.

Дыууæ фарсты фæдыл дæр депутаттæ схъæлæс кодтой æмхъæлæсæй.

Фæсивæды, спорт æмæ туризмы   хъуыддæгты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Тедеты Бахва æркæсынмæ рахаста «Физикон культурæ æмæ спорты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проект. Уый банысан кодта, зæгъгæ, закъоны проектмæ бахæсгæ ивындзинæдтæн ис техникон характер, сæрмагондæй фæндон хаст цæуы дзырдтæ «ахуырады, зонады æмæ фæсивæдон политикæйы министрад» дзырдтæ «æххæстгæнæг хицауиуæгады æххæстбарджын органтæ»-йæ баивыныл, кæцытыл æруынаффæ кодтой æмæ сæ хорзыл банымадтой РХИ-йы Парламенты комитеты æмæ Президиумы. Уымæй дарддæр ма, хынцыд æрцыдысты уыцы барасткæнинæгтæ дæр, кæцыты æрбавдыста РХИ-йы Юстицийы министрад ацы закъоны проекты фæдыл. Парламентаритæ æмхъæлæсæй сфидар кодтой ацы закъоны проект.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны спорты сгуыхт мастер»-ы кадджын ном сфидар кæныны тыххæй уагæвæрд æрбавдыста Тедеты Бахва. Уагæвæрдыл бакуыста профилон комитет æмæ лæвæрд цæудзæн спортсментæн спорты алы хуызты бæрзонд спортивон фæстиуджытæ къухты бафтын кæныны тыххæй официалон дунеон ерысты, кæцытæ бæрзонд кæнынц Республикæ Хуссар Ирыстоны авторитет.

Ацы уагæвæрд дæр депутаттæ сфидар кодтой æмхъæлæсæй.

Сессийы куысты хайад райста Парламенты РХИ-йы Хицауады æххæстбарджын минæвар Кокойты Зураб.

РХИ-йы Парламенты

информацион-аналитикон управлении

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.