Фæстаг азты нæ горæт æмæ районты цæрджыты ‘хсæн адæймаг арæх фехъусы, зæгъгæ, ирон æвзаджы рæзт æмæ размæцыдыл нырмæ дæр паддзахадон æмвæзадыл ахæм куыст куы цыдаид, уæд нæм абон уыйбæрц цухдзинæдтæ æмæ фиппаинæгтæ нæ уаид. Æз нæ зæгъын æмæ кæддæр не ‘взаг рохуаты аззад, йæ мæт æппындæр нал кодтам, фæлæ йæм хицæн рæстæджыты, фаг хъусдард кæй нæ дардтам, уый дæр нæу дызæрдыггаг.

Гуырдзыстоны хицауадæй рахицæны фæстæ не ‘взаджы рæзт æмæ размæцыды хъуыддаджы нырма алцы кæд нывыл нæу, ис дзы дзæвгар рарасткæнинаг цухдзинæдтæ, уæддæр æм нæ ахаст фæхуыздæр. Дарддæр дæр афтæ куы уа, уæд уырнинаг у, цалдæр дæс азы фæстæ уавæр ноджыдæр кæй фæхуыздæр уыдзæнис. Йæ рæзт æмæ размæцыд сæйраджыдæр баст у паддзахады разамонджыты аудгæ ахастыл. Уымæн æмæ уыдон сæхи хорз ахастæй разæнгард кæнынц æвзагзонынады дæсныты, хуымæтæг адæмы, ахуыргæнинæгты. О, фæлæ мæн абон сæйраджыдæр зæгъын фæнды æнтыстытыл нæ, фæлæ къухы чи нæма бафтыд, уыцы миниуджытыл.

Арæх не ‘мбæстæгтæй бауайдзæф кæнын бирæтæн, сæ ныхасы гуырдзиаг дзырдтæй кæй фæпайда кæнынц, уый тыххæй. Мæ уайдзæфты рæстæджы мын фæзæгъынц, зæгъгæ, уыцы ныхæстæ мах дæр зонæм, фæлæ сæ æндæртæ нæ пайда кæнынц æмæ мах дæр æфсæрмы кæнæм. Диссаг у махæй иуæй-иуты ахаст. Рæсугъд æмæ раст зæгъыны тыххæй æфсæрмы кæнæм, фæлæ уымæй не взаджы рæзт æмæ размæцыдæн ныхдуртæ кæй æвæрæм, уый нæ хынцæм. Уыдæттæ та, сæйраджыдæр сты ирон адæм цы зын фæндæгтыл рацыдысты уый фæстиуæгæн, не ‘взаджы сæфтмæ чи æнхъæлмæ каст, уыдон аххосæй. Абон махмæ уыцы «æфсæрмдзинад» куы нæ уаид, уæд уымæй бирæ-бæрцæй рауæрæхдæр кæниккам не ‘взаджы рæзт æмæ размæцыды арæнтæ. Уый та йæ рæзтæн уыдзæн стыр ахъаз.

Ирон æвзаджы рæзт æмæ размæцыдæн стыр хæстæ сæ разы лæууы бинонтæн, фæлæ ацы хъуыддаджы, стæм бинонтæй дарддæр мачи раппæлæд йæхицæй. Бирæ бинонтæ æвзагмæ сæ мæгуырау ахасты аххосæй æвзаг æрмæст цъæлтæ нæ кæнынц, фæлæ ма дæлдзиныг дæр. Ахæм хъомылгæнджыты ‘хсæн цы сывæллон хъомыл кæны, уымæн рæвдауæндæтты куыдфæнды ма уарзын кæной йæ мадæлон æвзаг, уæддæр дзы æнтыст нæ уыдзæн. Къорд азты, кæд арæх цæуын ирон бинонтæ кæм цæры ахæм хæстæджытæ æмæ зонгæтæм, уæддæр никуы никæй баййафын ирон чингуытæ, газеттæ æмæ журнæлттимæ архайгæ. Ахæм хъомылгæнджыты кæстæр та зынтæй бауарздзæн йæ мадæлон æвзаг, ирон чингуытæ, газеттæ æмæ журналтæ кæсын.

Ирон æвзаджы рæзт æмæ размæцыдыл мæгуырæй æндавы би-рæтæ æрбайсгæ дзырдтæй кæй фæпайда кæнынц, уыцы æвæрццаг хъуыддаг дæр. Модæйы хуызы уыдæттæй фесхъауынц сæхи. Ахæмты ‘хсæн дзæвгар ис хистæркъласонтæ, уыдонæн та афон у æмæ æмбарой мадæлон æвзагмæ ахæм ахаст дарын кæй не ‘мбæлы, уый. Хъыгагæн, алы хатт æмбæлон мадзæлттæ нæ фæисынц скъолаты разамонджытæ, ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ.

Нæ горæты уынгты цæугæйæ, адæймаджы фæнда æви нæ, арæх æрцæуы ахæм хъуыдымæ: нæхи æвзагæй æндæр адæмты æвзæгтæм дарæм хуыздæр ахаст. Цæмæн афтæ хъуыды кæнын, уый тыххæй та кæсут дæлдæр.

Горæты фæстаг цалдæр азы байгом иу мин магазинæй фылдæр. Растдæр зæгъгæйæ та 1263 магазины. Уыдоны ‘хсæн ис, бар чи нæ райста, афтæмæй магазин чи бакодта, ахæмтæ дæр, фæлæ уыдон сты цъус æмæ сæ кой нæ кæндзынæн. Бар чи райста, уыдоны тыххæй та зæгъдзынæн  уый æмæ,  цымæ, цæуыл хъуыды кодтой, æгæрæстæмæй сæ нысаниуæг цæмæн нæ зонынц, ахæм нæмттæ сæ магазиныл куы æвæрдтой, уæд. Æви сæм афтæ кæсы адæм цы номы нысаниуæг не ‘мбарынц, уыцы магазинмæ цæуынц фылдæ-рæй æмæ тынгдæр?!.

Нæ республикæйы паддзахадон æвзæгтæ сты ирон æмæ уырыссаг, магазинтыл дæр нæмттæ хъуамæ æвæриккам уыцы æвзæгтыл, фæлæ не ‘мбарын, иуæй-иу æмбæстæгтæ сæ магазинтыл цæмæн æвæрынц фæсарæйнаг, куыд фæзæгъынц, нæ аууон дæр нын топпæй чи æхсы, чи стæм уыцы номæй нæм бадзурой, уый кæй нæ фæнды йæ сæрмæ йæ чи нæ хæссы, уыцы адæмты æвзæгтыл. Азымджын æрмæст магазинты хицæуттæ не сты, фæлæ ма сын магазин бакæныны тыххæй бар гæххæтытыл йæ къух чи æрфыссы, уыдон дæр.

Ацы хъуыддаджы кæд фылдæр азымджын кæнын хуымæтæг æмбæстæгтæй бирæты, уæддæр æнæазым не сты интеллигенцийы иуæй-иу минæвæрттæ дæр. Цæвиттон, нæ адæм ирон æвзаджы рæбинаг цæджындзыл кæй нымайынц, ирон æвзаджы рæзт æмæ размæцыд сæйраджыдæр кæмæ хауы, уыдонæй цалдæр, иунæг ирон газет «Хурзæнин»-ы сæрты ахизгæйæ сæ къамтæ исынц æмæ реклама кæнынц æндæр газетты. Кæй кой кæнын, уыдоны уынд мын алы хатт дæр вæййы æхсызгон, фæлæ сын ахæм хуызы сæ нывтæ куы федтон уæд мын уыд тынг хъыг. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы факт нæу стыр рæдыд, фæлæ мæнæн æмбæрстгонд нæу сæ логикæ. Уымæн æмæ иу хъуыддаджы кусынц цæрæнбонты, иу хъуыддагæй сарæзтой æмæ аразынц сæ цард æмæ æндæр хъуыддагæн та кæнынц кад æмæ табу.

Ирон æвзагмæ дæргъвæтин рæстæджы йæ хъус чи дары, уыдон се ‘ппæт дæр хорз хъуыды кæнынц раздæр хæлд кæй нæ цыдысты йæ сыгъдæг æмæ рæсугъд домæнтæ æмæ нормæтæ. Абон нал ис афтæ зæгъæн. Алырдыгæй, уыцы нымæцы сценæтæй дæр хъуысынц æвзаг халæн дзырдтæ æмæ хæццæ ныхас. Æгæрстæмæй, иуæй-иутæ сæ ныфс бахæссынц, класикты уацмыстæ куыд фыст æрцыдысты афтæ нæ, фæлæ æндæргъуызон бакæсынмæ.

Иннæ та уый, æмæ бирæ ирон дзырдтæ æнцондæр дзурæн сты, рæсугъддæр у зæлынад иронау дзургæйæ, фæлæ, уæддæр, стыр хъыгагæн, фæпайда кæнæм не знæгты дзырдтæй, уыдон нын сты «адджындæр». Ирон æмбæстаг цæмæн хъуамæ дзура «къакъали, стъапило, саламури» кæд æмæ бирæ аивдæр æмæ æнцондæр зæгъæн сты  æнгуз, уырыдзы, уадындз æмæ бирæ æндæр дзырдтæ.

Бирæтæ æрвылбон дæр къорд хатты фехалынц ирон æвзаджы рæсугъддзинад. Цымæ цæмæн æмæ цæй тыххæй?

Гæззаты Иван  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.