Президент Бибылты Анатоли бабæрæг кодта автомобилон фæндаг Гуфта-Къуайсайы арæзтадон куыстытæ.

Президентимæ ма балцы уыдысты Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей, Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдар Гуыззыдтаты Эдуард æмæ Паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой»-йы генералон директор Мæхъиты Семен.

Гуыззыдтаты Эдуард Президентæн фехъусын кодта арæз-тады уавæры тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, фæндаджы арæзтады фæстаг, æр-тыккаг этапы арæзт куыстыты гуырахст у алыгъуызон.

Æввахсæй-æввахсдæр кæны къуайсайæгты рагон бæллиц

«15 километр дæрддзæгæй 4 км фылдæр асфальтгонд æрцыд, фæндаджы иу километры фидар æрцыдысты бетонæй къæйдуртæ, иннæ фадгуыты æххæст цæуынц зæххы куыс-тытæ, фæндаджы иу хай цæттæ у асфальт кæнынмæ», – загъта Автомобилон фæндæг-ты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдар.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, ис графикæй фæстæ зайыны цаутæ, фæлæ уый фæд-фæдылонæй къаддæр кæны.

Фæндаг хæххон бынаты кæй ис, уый фæдыл Бибылты Ана-толи бацымыдис кодта фæнда-джы зын фадгуытæм, цыран хъæуы инженерон арæзтæдтæ.

Æввахсæй-æввахсдæр кæны къуайсайæгты рагон бæллиц

«Рæстæг бирæ домынц быцæу  къултæ, донбылгæрæтты фидаргæнæн къултæ, дондзæуæн трубæтæ. Курæг уæ дæн, цæмæй ацы куыстытæ уадзат интенсивондæрæй. Уыдон гæнæн ис æмæ уой дарддæры графикæй фæстæ баззайыны аххосæгтæ. Уыимæ иумæ, æз уынын, фæндаджы уæлцъар æвæрыны фæдыл куыстытæ æнтыстджынæй æххæст кæй цæуынц», – загъта Президент.

Бибылты Анатоли ма бабæрæг кодта Дзауы районы Кировы хъæуы хиды арæзтад дæр.

Ныртæккæ арæзтады бынаты уагъд цæуынц донбылгæрæтты фидаргæнæн къултæ сæвæрыны куыстытæ. Хидæн йæ дæргъ у 64 метры: 48 метры у хиды конструкци, 16 метры та – бацæуæн арæзтадтæ.

Цæугæдон Джоджорайыл хид арæзт æрцыд зæронд хиды цур, кæцыйæ пайда кæнынц, фæлæ нымад у аварионыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.