Нæ паддзахад бонæй бонмæ кæй рæзы, уый æнæ хатгæ не стæм. Районтæм арæзт æрцыд рæсугъд æмæ уæрæх сосæфæндæгтæ. Хæххон хъæутæй рæстмæ фæндаг кæдæм нæ уыдис, уыдон цалцæг цæуынц, Бирæ хъæуты скъуыддзаг æрцыдысты нуазыны доны фарстытæ. Горæты ивд цæуынц зæронд коммуникацитæ. Зæрдæ рухс кæны уынгты уындæй. Æрвылаз дæр арæзт æрцæуы цалдæр бирæуæладзыгон цæрæн хæдзары æмæ административон хæдзæрттæ æмæ агъуыстытæ. Чи нæм æрцæуы, уыдон зæрдæтæ барухс вæййынц сæ уындæй. О, фæлæ ис æнтыстытыл мæгуырауырдæм чи æндавы, ахæм цухдзинæдтæ дæр.

Бæгъиатæй-Хуыцъемæ фæндагыл, цы æдзæллаг хæрæндæттæ арæзт ис, уыдон абон, уæлдайдæр та ахæм хуызы кæй нал хъæуынц, уый мæ размæ дæр загътой бирæ чидæртæ.

Бирæ рæтты ахæм чысыл хæрæндæттæ, афтæ рæсугъд арæзт сты æмæ адæймаджы хонынц сæхимæ. Сæ аив æмæ сыгъдæгдзинадæй зæрдæ афтæ барухс вæййы æмæ адæймаджы бафæнды дыккаг хатт бацæуын дæр.

Ацы фæндагыл уыйбæрц хæрæндæттæ хъæуынц æви нæ, ууыл нæ дзурдзынæн, фæлæ кæд хъæуынц, уæд дзы саразын хъæуы ахæм хæрæндæттæ, Ирыстон æмæ ирон адæмы чи нæ æгад кæна.  

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.