АДÆЙМАГ ÆМÆ ÆРДЗ

Æрдзы сконды алкæмæн дæр цæрынæн йæхи бынат, йæхи уавæртæ ис. Адæймаг дæр уыдонæй у, фæлæ æндæрты хъуаджы уый халы ацы фæтк. Зæххы къорийыл кæм нæ бамидæг вæййы! Æгæрыстæмæй ихджын полюстыл дæр ацаразы станцæтæ æмæ дзы æрбынат кæны. Зоны йæ, ихты нæ бахуым кæндзынæ æмæ дзы мæнæу нæ байтаудзынæ, дыргъы тала дзы нæ ныссадздзынæ, урс а-сы фарсмæ дæхи хурмæ нæ судздзынæ, уæддæр æй фæнды алцы басгарын, алцы базонын. Æгæрыс-тæмæй Зæххæн æдтейæ дæр.

Уыцы фадат ын йæ зонд дæтты. Зонд та ахæм цыдæр у, æмæ æдзух змæлгæ, агургæ кæны. Агуры хорз дæр æмæ фыд дæр. Хорзæй цы аразы, уый нæ алчидæр уыны – йæ руаджы нæ цард æнцонвадатдæр, рæсугъддæр кæны. Акæсут-ма нæ нырыккон  горæттæ, æндæр цæрæн бынæттæм, чи сæ змæлы, уыдонмæ. Зæрдæ райы сæ бакастæй. Зонд ракæны фыд дæр æмæ адæмæн хъизæмæрттæ æрхæссы. Зæрдæ ныккæрзы, хæсты фæстæ пырх горæттæм, æндæр цæрæн бынæттæм, сæ æрдæгцагъд адæммæ, лидзинаг чи фесты, уыдонмæ кæсгæйæ! Зæрдæ ныкæрзы æппæт тæригъæддзинæдтæм кæсгæйæ. Уый дæр зонды куысты фæстиуæг у.

Зонды хуызы æрдз адæймагæн стыр, тынг стыр  тых радта æмæ дзы пайда кæны, куыд хæрзиуæгон  хъуыддæгты, афтæ фыд ракæныны хъуыддаджы дæр. Пайда дзы кæндзæнис дарддæр дæр, цæмæй ноджы стырдæр хæрзиуджытæ сфæлдиса æмæ уыимæ иумæ ноджы стырдæр фыдтæ ракæна. Абоны онг уал ын фыдæй цы бантыст саразын, уыдон фагæй бирæ фылдæр сты, цæмæй йæхи дæр скуынæг кæна, йæ фарсмæ чи уæвынц, уыдоны дæр æмæ æрдзæн йæхи æгасæйдæр. Æмæ кæд афтæ у, уæддæр адæймаджы раз æрдз йæ сæр нæма æркъул кодта. Ис æм ахæм тыхтæ, кæцыты раз адæймаг нырма æдых у. Адæймагæн йæ æдых, йе ‘нæбон разыны зæххæнкъуысты, донивылды, арвы цæфы, цунамийы, зæйы æмæ æндæр ахæм æрдзон æнамонддзинæдты рæстæджы. Зæгъгæ, æрдзы уыцы æгæрон тыхты ныхмæ дæр амæлттæ ссардта, уæд, зæгъæн ис, адæймаг кæй басаста æрдзы. Фæлæ цымæ æрдзы ныхмæ тох кæнын хъæуы, йæ тыхы ныхмæ тых æвæрын, æви хуыздæр у æрдзон фыдбæллæхтæй хи бахизын æмæ æрдзимæ æмразыйы цæрын?

ГУЫБЫН, РАГЪ ÆМÆ УД

Адæймаг, куы фæзынд, уæдæй фæстæмæ йæ хъуыдытæ, йæ архайд цæимæ баст сты? Цæмæй йæ гуыбын æфсæст уа. Ацы хъуыддаджы уый райдианы æппындæр ницæмæй хицæн кæны æрдзы æндæр уæвæгойтæй. Уыдонау уый дæр хъеллау кодта зæххы уæлцъарыл æмæ-иу цæуыл баныдзæвд, уый хордта. Фæстæдæр, йæ зонд, йæ æмбарынад куыд рæзт, афтæ ма йын фæзынд æндæр аудинаг – йæ буар æмбæрзын. Æмæ уый дæр бамбæрзта, нал æм хæццæ кодта фæрсаг цæстæнгас.

Адæймаг дарддæр йæ рæзты фæндагыл бамбæрста, æрмæст гуыбын æфсадын æмæ рагъ  æмбæрзтæй дарын фаг кæй нæу, кæй ма хъæуы, адæймагæй адæймаджы ‘хсæн ахастытæ чи нывыл кæнынц, ахæм хæрзиуджытæ аразын.

Ацы æртæ аудындзинадыл райдианы адæймаг йæхæдæг тыхст – йæхæдæг амал кодта йæхицæн хæринаг, йæхæдæг цармæй кодта дарæс, уæфта хъуымац, уæдæ хи дарыны уагæй дæр хуыздæр цы уыдис се ‘хсæн, уый кæрæдзийæ истой æмæ æрфидар сты куыд фæтк, æгъдау æмæ нымад цыдысты удварны хæрзиуджытыл.

Рæстæг куыд цыд, афтæ хæринаг аразынмæ хуыздæр чи рæхст, уыдон фылдæр продукттæ æмбырд кодтой, сæхи, сæ бинонты цы хъуыд, уымæй фылдæр хæринæгтæ цæттæ кодтой æмæ сæ æндæрты размæ хæссын райдыдтой. Кæй зæгъын æй хъæуы, лæвар нæ. Афтæ фæзындысты хæрæндæттæ, ресторантæ. Ныр, хъæууон цæр-джытæй дарддæр, нæхæдæг нал тыхсæм продукттæ æмбырд кæныныл. Фæзынд хъæууон хæдзарад, уый кусы ууыл æмæ нын сæ хæрæндæттæ, ресторантæ, магазинтæм ласынц. Æмæ цæмæй хъæууон хæдзарад йæ уагыл куса, уый тыххæй йын аразын хъæуы алыгъуызон техникæ, цæттæ хъæуы алыгъуызон специалисттæ. Æмæ цæмæй уыдон уой, уый тыххæй та сæ хъæуы ахуыр кæнын…

Нæ буар æмбæрзыныл дæр нæхæдæг нал тыхсæм. Уыцы хæс йæхимæ райста рог сæудæджерад æмæ нæ алыгъуызон дарæсæй ифтонг кæны.

Æндæр фадæттæ æмæ уавæртæ ис удварны хæрзиуджытæ аразджытæн дæр. Артисты арæхстдзинад кæмæ уыдис, уыдон æй раздæр æвдыстой куывдтæ, чындзæхсæвты. Сæ зарынмæ, сæ кафынмæ, сæ хъазынмæ-иу æркастысты адæм æмæ се ‘хсæн нымады уыдысты. Нывгæнджытæ сæ куыстыты алыгъуызон равдыстыты не ‘вдыстой – кодтой сæ лæгæтты къултыл, цардуагон мигæнæнтыл, рæсугъдгæнæнтыл… Фыссæджы хæс æххæст кодтой таурæгъгæнджытæ, кадæггæнджытæ æмæ  аив ныхас, аив уацмыс фæлтæрæй фæлтæрмæ лæвæрдтой. Афтæ – æндæртæ дæр.

Гуыбын, рагъ æмæ уд сты адæй-магæн йæ царды сæйраг мидис. Æмæ уыдон кæд раздæр йæхицæй кæнгæ уыдысты, уæд сæ ныр та паддзахад айста йæхимæ. Паддзахадтæ та бирæ сты, алкæцыйæн дзы, хъыгагæн, йæ бон нæу йæ цæрджыты гуыбыны хæлцæй, дарæсæй æмæ удварны хæрзиуджытæй ифтонг кæнын…

ЧИ БИРÆГЪДÆР У?

Адæймаг йæ кæрæфдзинадæй йæхи бирæгъы онг хъуамæ ма æруадзид. Бирæгъы бамбарæн ис. Стонгæй йæ ахсæны къултæ кæрæдзийыл кæмæн сныхæсынц, уый æваст фысты дзугыл амбæлгæйæ, фæхæлæф кæны. Æмæ мæнæй-ма! Алы бон сыл кæм амбæлы æмæ йæ фæфæнды фылдæры дзы æрбаргæвда. Уымæ ахæм æмбарынад нæй, æмæ ахъуыды кæна, иу фыс мын дзы фагæй уæлдайдæр куы у, уæд-ма иннæты цæуыл цæгъдын? Фæлæ æххормагæй кæй баззайы, уый йæ æнæфсис кæны. Æрмæст дзы иуы  гæнæн ис йе ‘ккой баппара æмæ йæ ахæсса, иннæтæм кæсгæ дæр мауал фæкæна. Цы йæ бон у æндæр,  цы сæ хъуамæ фæкæна – машинæйы сæ куынæ бавгæндзæн æмæ сæ уазалгæнæны куынæ бавæр-дзæн!

Адæймаг диссагдæр у. Йæ къухтæ паддзахады, æндæр адæй-мæгты дзыппмæ, исадмæ кæмæн æххæссынц, уыдон фылдæр хатт æппæт хæрзиуджыты, хæсджын кæмæн сты, уыцы адæмы хæрзæбонмæ уыйбæрц не здахынц, цас сæ зонгæ-зонын здахынц сæ дзыппытæм. Æмæ сын нæрсынц. Сæхиуыл, сæ æввахсдæртыл цы хардз кæнынц, уый дзыппытыл зынгæ дæр нæ кæны. Адæймаг та æнусты нæ цæры, цард цыбыр у – мæлæт мæгуырмæ куыд уæнды, афтæ хъæздыгмæ дæр. Хъæздыг ныууадзы йæ фæстæ бирæ æхцатæ æмæ бирæ фæллæйттæ. Нæ йын бантысы сæ бахардз кæнын æмæ йæ фæстагæттæн хатт масты хос дæр фæвæййынц. Сæ дих кæнын сын нæ базонынц, нæ сыл бафидауынц æмæ кæрæдзимæ знаджы цæстæй акæсынц. Гъе, та сæ фыдвæндагыл бафтауынц…

Уæдæ чи бирæгъдæр у?

Биазырты Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.