2015-2017 азты Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæмæ хаст чи æрцыдысты, уыцы арæзтцæуæг объекттæй сæ иу у Тыбылты Алыксандры номыл паддзахадон университет.

Бæрæг куыд у, афтæмæй ног университетон корпус аразынмæ æрæвнæлдтой æрæджы æмæ знон та цытджын æгъдауæй йæ бындуры æвæрд æрцыд фыццаг дур æмæ капсулæ.

Цытджын мадзалмæ æрбацыдысты РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид, РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли æмæ республикæйы разамынады æндæр бæрнон кусджытæ. Хайад ма дзы райстой ХИПУ-йы ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ, хицæн уагдæтты æмæ организациты разамонджытæ.

Цытджын мадзалы ныхасгæнгæйæ, университеты ректор Тедеты Вадим бузныг загъта, университеты арæзтады хъуыддагмæ йæ бавæрд чи бахаста, æппæт уыдонæн. Сæрмагондæй бузныг загъта, куыд республикæйы, афтæ Уæрæсейы Федерацийы разамынадæн. Банысан ма кодта, ахуыргæнджытæ æмæ республикæйы цæрджыты фæндон хынцыд кæй æрцыд æмæ арæзт кæй цæуы йæ историон бынаты, уый.

«Ног университетон комплекс уыдзæнис иууон, монолитон, цыппаруæладзыгон. Æмæ мæн фидарæй уырны нæ университет арæзт кæй фæуыдзæнис сфидаргонд æмгъуыдмæ», — загъта Тедеты Вадим.

Дарддæр мадзалы раныхас кодта нæ паддзахады сæргълæууæг Тыбылты Леонид æмæ банысан кодта, зæгъгæ, арæзтад цæуы хорз темптæй.

Æвæрд æрцыд фыццаг дур. Ныстуан фидæны фæлтæртæм
Æвæрд æрцыд фыццаг дур. Ныстуан фидæны фæлтæртæм

«Абон мах йæ бындуры дур кæй æвæрæм, уый у нысаниуæгджын цау нæ царды. Æз афтæ хъуыды кæнын æмæ ацы ног университеты, раздæрау, кæй цæттæ кæндзысты хорз специалистты нæ æрыгон республикæйæн. Мæн фæнды стыр бузныг зæгъын Стыр Уæрæсейæн, абон мах Хуссар Ирыстоны кæй аразæм бирæ объекттæ, уыдон нымæцы университетон комплекс дæр. Мах хъуамæ ныфсимæ кæсæм фидæнмæ, цæмæй не студенттæ ахуыр кæной уæрæх æмæ райдзаст аудиториты, уыдон ифтонг уыдзысты нырыккон ифтонггæрзтæй.

Афтæ зæгъæн ис, æмæ мах нæ фылдæр стæм ацы университеты рауагъдонтæ, уымæ гæсгæ йæ уарзæм бирæ æмæ архайдзыстæм, цæмæй цыбыр æмгъуыдмæ арæзт æрцæуа. Ныфс уын æвæрын, йæ арæзтад Президенты контролы бын кæй уыдзæн æмæ йæ афтæ кæй сараздзыстæм, цæмæй дзы исæм æхцондзинад æмæ йыл цин кæнæм», — загъта Тыбылты Леонид. Уый ма университеты коллективæн балæвар кодта Мады Майрæмы иконæ.

Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Къарджиаты Эльбрус куыд банысан кодта, афтæмæй стыр циндзинады æмæ амонды æнкъарæнтæ æвзары ацы цауы фæдыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ 20 азæй фылдæр уый кодта уæлдæр ахуыргæнæндоны ахуыргæнæджы куыст æмæ хорз æмбары университеты коллективы æнкъарæнтæ. Уый ма загъта, зæгъгæ, сæрыстыр у, абон цы арæзт цæуы, уыдæттæй æмæ иумæ зындзинæдтæ кæй иуварс кæндзыстæм.

Мадзалы раныхас кодта, ацы объект чи аразы, уыцы арæзтадон организацийы гендиректор Джусойты Константин æмæ ныфс бавæрдта æппæтдæр кæй сараздзысты гъæдджынæй æмæ сфидаргонд æмгъуыдмæ лæвæрд кæй æрцæудзæн эксплуатацимæ.

Капсулæйы фидæны фæлтæртæм цы ныстуан æвæрд æрцыд, уыимæ æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта стратегион партнерты æмæ инновацион политикæйы фæдыл проректор Тедеты Зæлинæ. Уый фæстæ уыдис ныстуаныл къухтæ æрфыссыны церемони. Церемонийы хайад райстой Президент Тыбылты Леонид, университеты ректор Тедеты Вадим æмæ арæзтадон организацийы гендиректор Джусойты Константин. Уый фæстæ капсулæ бавæрд æрцыд арæзтады бындуры æмæ йыл саргъуыдта Цхинвалы аргъуантыл аудæг фыд Яков.

Мадзал адарддæр кодтой университеты студенттæ концертон номыртæй.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.