Ивгъуыд къуырийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фыдыбæстæйон хæсты Ветеранты совет фæуазæг сты Дзауы районы  Теделеты хъæумæ, цыран ацы аз, майы мæйы  æвæрд æрцыд 18 цæвæджджынæн хæстонты мемориалон цырт. Ацы акцийы организатор, Ветеранты советы сæрдары хæдивæг Уалыты Гайоз куыд загъта, афтæмæй уыдон ныронг дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, тынг хорз зыдтой ацы историон цауы тыххæй, фæлæ ныр та сæ балцы нысан уыд бæлвырддæрæй бынаты базонгæ уæвын, 18 хæстоны цырты раз дидинтæ сæвæрын æмæ нæ фыдæлты истори фæсивæдæн зонгæ кæнын. Гайозы ныхæстæм гæсгæ, кæд Ветеранты советы уæнгтæ  тынг арæх бабæрæг кæнынц нæ республикæйы ахæм историон бынæттæ, уæддæр 18 хосдзауы хæстоны райгуырæн бæстæм æрбацыдысты фыццаг хатт.

Уазджытыл цытджын æгъдауæй сæмбæлдысты  Синагуры хъæуы Уæрæсейы Федерацийы Арæнхъахъхъæнæг управленийы федералон хайы службæгæнджытæ, Синагуры астæуккаг скъолайы педколлектив, скъоладзаутæ æмæ ацы хъæуты цæрджытæ.

Арæнхъахъхъæнæг управленийы службæгæнджытимæ фембæлды рæстæджы чысыл мадзалы  раныхас кодта дæл-булкъон Дмитри Анониев. Уый раарфæ кодта цытджын уазджытæн æмæ загъта, «абон Ветеранты советы хъæппæрисæй уагъд цæуы æфсæддон-патриотикон  акци, кæцыйæн ис стыр нысаниуæг, куыд нæ истори ма ферох кæныны хъуыддаджы, афтæ  фæсивæды дæр патриотикон зондахастыл ифтонг кæныны хъуыддаджы дæр.  Ацы акцийы хайад райсдзысты Синагуры скъолайы ахуырдзаутæ дæр. Уыдон хъуамæ æмбарой, махæн нæ фыдæлты истори кæй у ахсджиаг, æнус-тæм  æй кæй хъæуы зæрдылдарын». Уый фæстæ ныхасы бар радта Ветеранты советы сæрдары хæдивæг Уалыты Гайозæн.

«Абон мах стыр бузныг зæгъæм Уæрæсейы Федерацийы æппæт æфсæддон хæйттæн, сæрмагондæй – сымахæн. Уымæн æмæ Хуссар  Ирыстоны адæм 22 азы дæргъы тох кодтой  знаджы ныхмæ, хъахъхъæдтой сæ Райгуырæн зæхх, махмæ нæ уыд æфсæддон техникæ, уыд нæм æрмæстдæр хуымæтæджы винтовкæтæ æмæ фидар ныфс, кæй рамбулдзæн рæстдзинад æмæ  нæ къухты кæй бафтдзæн уæлахиз. Уый уыд нæ иумæйаг сæйраг тых. Стыр Уæрæсе æр-балæууыд нæ фарсмæ æмæ сымах æххуысæй ныртæккæ нæ республикæйы арæнтыл ис стабилон уавæр. Абон махæн нæ акцийы сæйраг нысан у  нæ кæстæр фæлтæры Ирыстоны историон бынæттимæ зонгæ кæнын, цæмæй уыдон ма рох кæной сæ нацийы хъайтарты, уой сæрыстыр сæ фыдæлты ныфсхаст æмæ фæндвидар зондахастæй. Сымах, Уæрæсейы арæнхъахъ-хъæнджыты управленийы къухдариуæгад, ацы хъуыддаджы дæр æрбалæууыдыстут нæ фарс-мæ æмæ уын уый тыххæй зæгъын арфæйы ныхæстæ»,- загъта Уалыты Гайоз.

Уый фæстæ Арæнхъахъхъæнæг управленийы къухдариуæгады номæй Ветеранты советы уæнгтæ:  Дзеранты Шота, Тедеты Никъала, Харебаты Леонид, Уалыты Лидия, Козаты Павел æмæ иннæтæн Дмитри Анониев бакодта зæрдылдарæн лæвæрттæ. Йæ рады Ветеранты советы сæрдар Бесаты Вячеслав раарфæ кодта службæгæнджытæн æмæ Арæнхъахъхъæнæг управленийы дæлбулкъон Дмитри Анониев æмæ капитан Эдуард Ивахины РХИ-йы Ветеранты советы номæй схорзæхджын кодта Кады грамотæтæй.

Дарддæр уазджытæм бæрæгбонвæлыстæй æнхъæлмæ кастысты  Синагуры астæуккаг скъолайы скъоладзаутæ æмæ педколлектив. Уыдон ветерантыл сæмбæлдысты стыр цытимæ æмæ сын балæвар кодтой дидинтæ æмæ  Стыр Уæлахизы символ – Георгиевскы лентæтæ. Скъолайы директор Бестауты Аркади раарфæ кодта  уазджытæн æмæ загъта, ацы акцийы уый дæр кæй нымайы ахсджиагыл:  «Мах хъуамæ кæддæриддæр аразæм æппæтдæр, цæмæй нæ фæсивæд ма рох кæной сæ фыдæлты истори, хæсджын стæм, цæмæй нæ нацийы хъайтарты нæмттæ фæлтæрæй фæлтæрмæ раттæм нæ фæсивæдмæ æмæ сын амонæм, уыдон кæй сты махæн нæ абоны цардаразджытæ»,- загъта Бестауы фырт.  Фыссæг, Стыр  Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг Харебаты Леонид скъолайы библиотекæйæн балæвар кодта йæ чиныг «Уарз дæ Ирыстон æмæ дæ уый дæр уарза». Уый фæстæ скъоладзаутæ æмæ педколлектив уазджытимæ систой зæрдылдарæн нывтæ.

Акцийы нывæзтмæ гæсгæ хайадисджытæ бацыдысты  Хахеты хъæумæ, федтой 1991 азы зæххæнкъуысты фæстиуæгæн  ацы хъæуы фæмардуæвæг цæрджыты иумæйаг ингæн æмæ уым сæвæрдтой дидинтæ. Синагуры хъæуы скъолайы директор  Бестауты Аркади æрбацæуджытæн цыбыртæй радзырдта ацы уæззау трагикон цауы истори. «Æвæццæгæн, Ирыстоны æппæты фылдæр туг æмæ цæссыг кæм фæкалд зæххæнкъуысты рæстæджы, ныртæккæ мах стæм  уыцы бынаты. 1991 азы апрелы мæйы ам æрцыд уæззау трагеди, кæцыйæн нæй æмбал æгас дунейы дæр. Æнæхъæн хъæуы адæмыл æнæнхъæлæджы баталынг сæ бон… ракалд сыл хох æмæ сæ æгъатырæй ассæста дуртæ, цъыф æмæ æппæт æндæр удхæссæг тыхты бын. Нæ батæригъæд кодта хъысмæт зæрæдтæн, сылгоймæгтæн æмæ, æгæрыстæмæй сабитæн дæр, афтæмæй цалдæр уысммæ æрбадæлзæхх,  Хахеты хъæу æд цæрджытæ. 41 æм-хъæуккаджы фесты мæлæты амæттæгтæ. Уыдонæй сæ иу – нырма рухс чи нæ федта, ахæм чысыл æдзард хъæбул бабын йæ мады гуыбыны. Мады гуыбын дам æппæты æдасдæр бынат у, загъдæуы, фæлæ ацы æнамонд хъæбулы уый дæр нал бахъахъхъæдта. Ацы æнамонд цауæн йæхи цæстæй феныны фадат кæмæн фæци, уыдон загътой, Хахеты цæрджыты зæххæн-къуысты уылæнтæ уæларвмæ куыд сыскъæфтой, стæй иугай-дыгай æрызгъæлдысты онггай зæхмæ æмæ сæ цъыфы лæсæнтæ гуырдзыстоны ʻрдæм аластой. Уым ма сын мах ардтам æрмæстдæр сæ буæртты иугай хæйттæ, æнæхъæнæй нæм æрбафтыдысты æрмæстдæр иуцалдæр адæймаджы буары. Махæн, ирон адæмæн, ацы трагеди у иумæйаг æмæ нæ хæс у, цæмæй сын  ма рох кæнæм сæ ном».

Ацы цырты раз Ветеранты советы номæй раныхас кодтой Бесаты Вячеслав æмæ Уалыты Гайоз. «Ацы уæззау трагеди у Ирыстоны историйы иу хай. Æвæццæгæн махæн, хуымæтæджы адæмæн, нæ бон нæу банкъарын Хахеты зæхх нырма дæр кæй базмæлы ацы адæмы тæригъæдæй, зæххы бынæй сыхъуысы сæ хъæрзын æмæ кæд уыдонæн баххуыс кæнын  махæн нæ бон нæ бацыд, уæддæр се ʻппæт дæр уыдысты Ирыстоны хъæбултæ, не ʻввахс адæм æмæ мах хъуамæ нæхицæн бар макуы радтæм, сæ ферох кæнын. Ветеранты совет фæсивæдимæ арæх ауадзы фембæлдтытæ æмæ нæ хæсыл нымайын, цæмæй сæ бæстондæр базонгæ кæнæм нæ историйы ацы уæззау трагикон цауимæ»,- загъта Уалыты Гайоз.

Уый фæстæ акцийы хайадисджытæ ацыдысты Теделеты хъæумæ 18 хосдзаухæстоны цырты размæ.  Бестауты Аркади йæ раныхасы бузныг загъта, ацы мемориал чи сарæзта, уыдонæн æмæ уазджытæн се ʻппæтæн дæр, абон кæй ссардтой ацы хъайтарты ном, уый тыххæй.  «Фыццаджыдæр мæн фæнды, куыд мæхи номæй, афтæ хъæубæсты номæй дæр стыр бузныг зæгъын информацион портал Sputnik-ы къухдариуæггæнæг Нарек Орданян æмæ æппæт коллективæн, ацы мемориалон цырт кæй сарæзтой, уый тыххæй. 18 цæвæдджыны махæн уыдысты нæ хъайтартæ æмæ хъуамæ сæ ном æнустæм уа нæ историйы. Уый тыххæй та фæхъæуы ахæм цыртдзæвæнтæ саразын.  Мах, ацы хъæубæстæ, кæд бирæ амæлттæ кодтам, цæмæй цырт сарæзтаиккам, уæддæр нын бæрæг аххосæгтæм гæсгæ нæ бантыст, фæлæ Нарек Орданяны æххуысæй мемориал æвæрд æрцыд. 1941 азы июлы мæйы Теделеты хъæуы хосдзау фæсивæд ацыдысты уыгæрдæнмæ, уырдæм сæм фехъусын кодтой æфсæддон камисариатæй, кæй хъæуы Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнын немыцаг фашисттæй. Уыдонæй иу дæр фæстæ нæ фæлæууыд, æмæ сæ уистæ кæронмæ æрхæсгæйæ, уыгæрдæны кæрон æрсагътой сæ цæвджытæ æмæ араст сты фронтмæ. Сæ кусæнгæрзтæ куысты бынаты кæй ныууагътой, хæдзары нæ фæлæ, уый хæххон æгъдæуттæм гæсгæ нысан кодта, сæ куыст кæй ныууагътой æрмæстдæр рæстæгмæ. Фæлæ 18 хосдзауæн сæ цæвджытæ æнустæм баззадысты уыгæрдæны сагъдæй, 18 хæстонæй иу дæр нал æрыздæхт фæстæмæ. Абон ацы цыртыл æфсæн дамгъæтæй фыст æрцыдысты сæ нæмттæ, цырты фарсмæ та – 18 цæвæджы сæ хицæуттæм æнхъæлмæ кæсгæйæ.  Ныр уыдон сты нæ хъайтартæ æмæ  кады аккаг», – загъта Бестауы фырт. 1941 азы Теделеты хъæуы уыд 150 хæдзары бæрц, уыдонæй фронтмæ  ацыд 78 хæстоны æмæ дзы 43 хæстоны нал æрыздæхт фæстæмæ, иннæ 35 та æрыздæхтысты цæфтæй æмæ онгцухтæй.  Уыдонæн хъæубæсты иумæйаг хæрдзтæй арæзт æрцыд  мемориалон комплекс, кæцы ныртæккæ ис 18 хосдзауы цырты цур.

«Кæд абоны акцийы бындурæвæрæг Ветеранты совет уыд, уæддæр махæн нæ фарсмæ куы нæ ʻрбалæууыдаиккой  бынæттон цæрджытæ, Уæрæсейы Федерацийы арæнхъахъхъæнджытæ æмæ Синагуры скъолайы директор Бестауты Аркади, уæд мах, æвæццæгæн, ацы акци нæ сарæзтаиккам ахæм æмвæзадыл. Уый тыххæй мæн Ветеранты советы номæй фыццаджыдæр фæнды бузныг зæгъын, чидæриддæр ссардта рæстæг æмæ æрбацыд ардæм, цæмæй нын баххуыс кæной ацы историон бынæттæ ма ферох кæныны хъуыддаджы, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр. Се ‘ххуысæй мах абон ацы хъæу-бæстæм фæуазæг стæм фыццаг хатт æмæ систæм хæххон адæмы хъайтардзинады  æвдисæн-тæ фыдæлтæй абонмæ. Уыдон махæн фадат дæттынц, цæмæй мах сæрыстыр уæм нæ нацийæ. Ацы 18 цæвæджджыны иу бон ацыдысты сæ комбæстæй, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уый бандæвта  хъæубæстыл дæр, сæ бинонтыл дæр, фæлæ уыдон уыдысты фидар æмæ нæ фæцудыдтой. Абон махæн нæ хæс у, цæмæй сын арæм сæ ном, æмæ мах, Ветеранты совет æп-пæт дæр араздзыстæм, цæмæй ахæм номарæн мадзæлттæ  арæхдæр уагъд цæуой»,- загъта Уалыты Гайоз.

Мадзалмæ æрбацæуджытæ 18 хосдзауы ном ссардтой иу уысм æмырæй алæугæйæ, стæй Арæнгæрон управленийы службæгæнджыты къорд æмæхст фæкодта сæ кадæн.

Мадзалы кæронбæттæн Синагуры скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Бестауты Мери бакаст Харебаты Леониды æм-дзæвгæ 18 хосдзауы тыххæй. Уый фæстæ ахуыргæнинæгтæ  аив бакастысты  ацы комбæсты хъайтартыл фыст æмдзæвгæтæ, куыд иронау, афтæ уырыссагау дæр.

Хуыгаты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.