Нæ республикæ Хуссар Ирыстоны ном нæ иууыл рагондæр фыдæлтæ Аланты номæй раивыны тыххæй бирæ дзырд цæуы, куыд нæ къухдариуæгады ‘рдыгæй, афтæ не ‘хсæнады æндæр æмæ æндæр минæвæртты ‘хсæн дæр. Ацы фарстыл кусынц нæ фæсивæды иуæй-иу ми-нæвæрттæ дæр. Уыдонæй иу инициативон къорд 9-æм августы нæ горæты Хетæгкаты Къостайы скверы ауагъта акци «Æз уарзын Алани»-йы.

Акцимæ æрбацыдысты нæ Республикæйы Президент Тыбылты Леонид, Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик, фæсивæдон-ахуырадон форум «Алани»-йы хайадисджытæ, фæсивæдон змæлд «Æппæт дæр гæнæн ис»-ы уæнгтæ, нæ горæты цæрджытæ.

Мадзалы организатор та уыдис фæсивæдон инициативон къорды уæнгтæй сæ иу – Цхуырбаты Людвиг. Уыдон акцийы фæлгæтты бацæттæ кодтой чысыл стенд  «Æз уарзын Алани»-йы.

Нæ республикæйы Президент Тыбылты Леонид бузныг  загъта фæсивæдон инициативон къорды уæнгтæн се ‘рхъуыдыйы æмæ архайды тыххæй æмæ йæ бафæндыд, цæмæй сын дарддæр дæр уа фылдæр æнтыстытæ сæ архайды.

«Нæ республикæйы ном ивыныл дзырд куы цыдис, уæд бирæ варианттæ раразмæгонд æрцыд, фæлæ æз уыдонæй равзæрстон Республикæ Хуссар Ирыстон-Алани, Цæгат Ирыстон дæр афтæ кæй хуыйны, уымæ гæсгæ. Фидæны Хуссар æмæ Цæгат Ирыстон ист æрцæудзысты æмæ ма баззайдзæнис сæ иумæйаг ном «Алани». Уыцы схемæмæ гæсгæ æрлæууыдтæн ахæм хъуыдыйыл», – загъта Президент Тыбылты Леонид.

Организатор Цхуырбаты Людвиг бузныг загъта Тыбылты Леонидæн, рæстæг кæй ссардта æмæ сæ ма-дзалмæ кæй æрбацыдис, уый тыххæй. Æрдзырдта ма сын сæ бакæнгæ куысты тыххæй. Стæй фæйнæгыл фыст «Æз уарзын Алани»-йы цур фæсивæды минæвæрттæ нæ республикæйы Президентимæ систой иумæйаг къам.

Цхуырбаты Людвиг ма нын куыд ра-дзырдта, уымæ гæсгæ сæ акци бацæттæ кæныны хъуыддаджы цы фæсивæдон змæлдтыты минæвæрт-тæ райстой хайад, уыдон нæдæр политикæмæ исты бар дарынц, нæдæр искæцы партиты уæнгтæ сты. «Æз уарзын Алани»-йы акци ауадзыны фæнд сæм куы фæзынд, уæд алкæмæн дæр йæ зæрдæмæ фæцыд æмæ йыл иу-мæйагæй иумæ бакуыстой.

 

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.