95 азы сæххæст уыдаид ацы аз,  тъæнджы мæйы, дзæнæттаг Гæбæраты Никъалайыл. Газет «Хурзæрин»-имæ иумæ кæй  райгуырдис æмæ иумæ  æмдзу кæй фæкодтой, чизоны йын ирзонынады бирæ саразын дæр уымæн бантыст. Уымæн æмæ Никъалайы ном хорз зынд-гонд уыдис Ирыстоны æмæ уымæн æдтейæ дæр, куыд ахуыргонд-ирзонæг, афтæ. Уый уыдис филологон зонæдты доктор, Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университетты профессор,  Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты æвзаджы хайады сæргълæууæг.

Гæбæраты Никъала æвæллайгæ куыст фæкодта ирзонынады æндæр æмæ æндæр проблемæтæ иртасыны фæдыл дæр. Зонадон куысты æмрæнхъ бирæ азты дæргъы уæзгæ бавæрд бахаста ирон æвзаджы фæдыл квалификациджын педагогон æмæ зонадон кадртæ цæттæ кæныны хъуыддагмæ.

Зонады бæрзæндтæм Гæбæраты Никъалайы фæндаг лæгъз нæ уыдис. Зиулеты астæуккаг скъола каст куыддæр фæцис, афтæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Йæ фыццаг бонты йæм æрсидтысты  Сырх Æфсады рæнхъытæм. Райдианы йæ ахуыр кæнынмæ арвыстой Бакойы æф-сæддон ахуыргæнæндонмæ. Афæдзы фæстæ æрыгон лейтенант бахауд архайæг фронтмæ. Фыдызнаджы ныхмæ тох кодта æндæр æмæ æндæр фронтты. Афтæмæй тохгæнгæ фæцыд Австрийы онг. Уым æй æрыййæфта Уæлахизы бон дæр. Йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй хорзæхджын æрцыд бирæ ордентæ æмæ майдантæй. Уыдоны нымæцы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фыццаг æмæ дыккаг къæпхæнты ордентæй. Никъала ма хæсты фæстæ дыууæ азы баззад æфсады рæнхъыты, стæй æрыздæхт йæ райгуырæн уæзæгмæ. Уыцы аз ахуыр кæнынмæ бацыд Тбилисы паддзахадон университеты филологон факультеты уырыссаг хайадмæ.

Студент ма куы уыдис, уæд фидæны ахуыргонд цымыдис кæнын райдыдта ирзонынады фарстытæм. Йæ дипломон куыст дæр уыдис нарты эпосы фæдыл. Уыимæ ма йе студентон азты æмбырд кодта ирон æмбисæндтæ æмæ загъдаутæ, кæцыты фæстæдæр, æндæр авторимæ иумæ, рауагътой хицæн чиныгæй. Йæ пародитæ та Пиранты Микка, зæгъгæ, ахæм номы бын мыхуыр цыдысты журнал «Фидиуæджы».

Гæбæраты Никъала университет каст фæцис 1952 азы æмæ уыцы аз ссис ацы уæлдæр ахуыргæнæндоны уырыссаг æвзаджы кафедрæйы аспирант. Йæ зонадон къухдариуæггæнджытæ уыдысты Д.С. Мгеладзе, кæцыйæн æнгом бастдзинæдтæ уыд нæ уæды педагогон институтимæ, æмæ ирон æвзаджы зынгæ иртасæг Георги Ахвледиани. 1956 азы июны мæйы Никъала диссертаци бахъахъхъæдта ахæм  темæйыл: «Уырыссаг фразеологион иуæгтæ æмæ се ‘нгæс æмбарынæдтæ ирон æвзаджы», æмæ ссис филологон зонæдты кандидат.

Æрыгон ахуыргонды уайтагъд райстой Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институтмæ. 60-æм азты институты баконд æрцыд æвзаджы хайад æмæ уæдæй суанг йæ амæлæты бонмæ æнæраивгæйæ фæкуыста йæ сæргълæууæгæй.

Гæбæраты Никъала æнтысгæйæ куыста ирон æвзаджы лексикологийы хицæн фарстатыл. Фæлæ уæддæр ирон æвзаджы арф æмбарынад, йæ лексикæйы æппæт сусæгдзинæдтæ æргом кæнынмæ йе ‘взыгъддзинад уый равдыста фæстæдæр, ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат саразыны фæдыл хайады кусджыты сæргъ куы слæууыд, уæд.

Гæбæрайы фырт стыр куыст бакодта ирон æвзаджы структурæйы сæйрагдæр проблемæтæ, ирон дзырдарæзтады системæйы амæлттæ æмæ фæрæзты иртасыны фæдыл. Йæ фундаменталон монографи «Нырыккон ирон æвзаджы дзырды æмæ дзырдарæзтады морфологион структурæ»-йы дунеон лингвистикон зонады æмвæзадыл иртæст цæуынц ацы проблемæтæ. Автор дзы зæгъы къорд оригиналон хъуыдытæ, аразы дзы йæхи хатдзæгтæ. Ацы куыст ссис йæ докторон диссертаци æмæ йæ æнтысгæйæ бахъахъхъæдта 1981 азы. Афтæмæй йын лæвæрд æрцыд филологон зонæдты докторы ном.

Ирзонынады ма Никъала фыццаг хатт сарæзта «Ирон æвзаджы инверсион    дзырдуат», кæцы стыр æххуыс у, ирон æвзаджы дзырды æмæ дзырдарæзтады структурæ, йæ фонетикæ æмæ фонологи чи иртасы, уыцы ахуыргæндтæн.

Æдæппæт Гæбæраты Никъалайæн йæ фыссæн сисы бынæй рацыд 100 зонадон куыстæй фылдæр.

Уæлдай банысангæнинаг у Никъалайæн йæ бирæазон педагогон архайд. Уыдис ын стыр кад куыд ахуыргæнджыты, афтæ студентты ‘хсæн дæр.

Гæбæраты Никъалайæн йæ лæггæдтæ бирæ сты Ирыстоны скъолайы раз. Уый у ирон æвзаджы фæдыл скъолайон программæтæ аразджытæй сæ иу, афтæ ма ирон æвзагæй ахуыргæнæн чиныджы автор дæр. Ацы чиныгæй дыууæ Ирыстоны скъолаты пайда кæнынц стыр райгондæй.

Профессор Гæбæраты Никъала уыдис Ирыстоны зындгонддæр ахуыргæндтæй сæ иу. Лæвæрд ын æрцыд зонады сгуыхт архайæджы кадджын ном. Хорзæхджын та æрцыд нæ республикæйы паддзахадон хорзæх – Кады орденæй.

Зындгонд ахуыргонд стыр куыст кодта ирон æвзаг пропагандæ кæныны фæдыл дæр. Нæ телекæсджытæ йæ арæх уыдтой бынæттон телеуынынады. Уый уагъта алæвæрдты цикл «Не ‘взаг – нæ хæзна».

Никъала ма йæ адæмы ‘хсæн зындгонд уыд, куыд хæларзæрдæ, адæмуарзон адæймаг æмæ хорз бинонты хицау, афтæ. Йæ цардæмбал Зариффæимæ схъомыл кодтой дыууæ чызджы æмæ иу фырт, æмæ уыдоны дæр бафтыдтой царды раст фæндагыл.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ бирæ ахуыргæндтæ сфæлварынц се ‘сфæлдыстадон хъарутæ ирзонынады къабазы. Фæлæ дзы алкæмæн нæ бантысы уæзгæ бавæрд йæ рæзты хъуыддагмæ бахæссын. Никъалайæн та бантыст зонады бæрзæндтæм æдæрсгæйæ схизын. Æмæ абон кæд не ‘хсæн нал ис, уæддæр сæрыстырæй дзурæм ирондзинады къабазы йе стыр лæггæдты тыххæй.

Никъала йæ адæмæн стыр ахуыргонд æмæ уыимæ фарны лæг уыдис. Йæ цард цæвиттойнаг уыд, йæ фæстæ чи цæуынц, æрмæст уыцы ахуыргæндтæн нæ, фæлæ махæй алкæмæн дæр.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.