Фæстаг рæстæджыты бирæ дзырд цæуы ирон æгъдæутты тыххæй куыд мыхуыры, афтæ телеуынынады дæр. Æмæ хатт бакæсæн, фехъусæн вæййы, кæмдæр, кæцыдæр хъæуы иу кæнæ иннæ æгъдауы куыд æххæст кодтой æмæ кæнынц, уый тыххæй æмæ йæ адæмы рæгъмæ рахæссынц, куыд æгас адæмæн ахæм хуызы æххæсткæнинаг, афтæ. Фæзæгъынц, зæгъгæ, алы хъæуæн дæр йæхи фæтк ис, æмæ кæцыдæр æгъдаумæ, гæнæн ис цыдæр ивындзинад бахаст æрцæуа, фæлæ йæ сæйраг мидис, йæ æххæст кæныны фæтк хъуамæ хъахъхъæд цæуа. Уый хауы мард бавæрыны æгъдаумæ дæр.

Бæлвырддæрæй мæ фæнды зæгъын, зианы рæстæджы марды хицæуттæ табæтæн кæцы фарс фæлæууынц æмæ табæты сæр кæцы фарс æвæрд вæййы скъуыхт хæдзарæй рахæссыны рæстæджы, уыцы уавæрыл.

Æз фæцартдæн, æнудæс хъæу цы хъæусоветы уыдис, ахæм комбæсты цæрæг адæмы ‘хсæн. Æрыййæфтон, сæдæйæ фылдæр азы кæуыл цыд, ахæм нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгты. Комбæсты цæрæг адæмы цины æмæ хъыджы фынгтæм цæуæг уыдтæн æмæ абон дæр дæн æмæ кастæн, æгъдæуттæ куыд æххæст цæуынц, уымæ.

Хуссар Ирыстоны адæмы цæрæн хæдзæрттæн сæ рудз-гуытæ сты, гæнæн уæвгæйæ, хуссарырдæм. Бацæуынц сæм хуссар, кæнæ скæсæнырдыгæй. Марды табæт æвæрд вæййы скæсæнæй ныгуылæнырдæм. Марды хицæуттæ табæтæн кæцы фарс æрлæууой, уый бирæбæрцæй баст у хæдзармæ бацæуæн, скъуыхт цы хатæны ис, уыцы дуары бахизæныл. Мард цы хатæны ис, уырдæм хуссарæрдыгæй дуарыл куы бахизынц мæрддзыгой адæм, уæд марды хицæуттæ фæлæууынц табæтæн йæ галиу фарс. Æндæр гæнæн сын нæй. Зианджын бинонтæ чъылдымырдæм æрлæууой æрбацæуæг мæрд-дзыгой адæммæ, уый аив нæу. Æрæджы, иу зианджыны хæдзармæ, рухс кæнынмæ куы бацыдыстæм, уæд федтам, куыд алы зианы рæстæджы дæр, афтæ. Марды хицæуттæ лæууыдысты табæтæн галиуæрдыгæй фарс. Кæй зæгъын æй хъæуы, раст лæууыдысты, хæдзармæ бахизæн кæцырдыгæй ис, уый хынцгæйæ. Фæлæ уæдмæ кæцæйдæр иу лæг фæзынд æмæ буцтæгæнæгау скодта марды хицæуттыл, зæгъгæ, мæнæ рахис фарс æрлæуут. Зианы хиуæттæ нæ разы кодтой, марды цурмæ цæуæг мæрддзыгой адæммæ чъылдымздæхтæй слæууой, ууыл, фæлæ уыцы лæг уæддæр йæхион акодта. Мах рухс кæнын нæма райдыдтам, афтæ чызджытæн сæ мады хо хъарæггæнгæ æрбахызт хуссарырдыгæй дуарыл, æмæ куы федта, марды хицæуттæ сæм чъылдымздæхтæй лæууынц, уæд сылгоймаг йæ хъарæг фæуагъта æмæ сыл тыфылтæкалгæ сбуцтæ кодта, зæгъгæ, чердæм лæуут, æрбацæуæг мæрддзыгой адæммæ зыгъуыммæ, чъылдымы ‘рдæм цæмæн сыздæхтыстут? Æмæ сæ фæстæмæ æрлæууын кодтой мардæн йæ галиу фарс.

Марды табæты сæр кæцы фарс æрæвæрой табæтæн, ууыл дæр бирæ быцæудзырд фæ-цæуы. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ марды хицæуттæ фæлæууынц табæтæн галиу фарс, йæ сæр та хъуамæ уа рахисæрдыгæй. Гъе, стæй дæр мæрддзыгой адæм табæты алыварс куы зилынц, уæд сæ хъыгдары.

Амæйразмæ мемæ иу лæппулæг дзуры: мардæн, дам, йæ сæр чердæм фæкæнæм? Зæгъын, ме’ фсымæр Никъала куы амард, уæд æй æрæвæрдтам хæдзары хатæны хуссарæй цæгатырдæм. Бынат æндæргъуызон нæ амыдта. Æмæ, дам, афтæ фæччыйы? Зæгъын, дæ хæдзары фезмæлæн бынат дæ куыд амоны, афтæ архай.

Хæдзары цæсгом цæгатырдæм куы уа, мард цы хатæны ис, уырдæм мæрддзыгой адæм цæгаты ‘рдыгæй дуарыл куы бахизой, уæд марды хицæуттæ мæрддзыгой адæмыл æмбæлынц цæсгомырдæм. Ахæм уавæры фæлæууынц мардæн рахис фарс.

Чизоны мæ хъуыдыимæ чидæртæ разы нæ уой, фæлæ йæ адæмы царды фæлтæрддзинад куыд амоны, куыд æвдисы æцæгæй, æз æй афтæ фыссын æмæ нымайын.

Нæ фыдæлтæй ацырдæм бирæ дон аивгъуыдта, бирæ фæлтæртæ раивта рæстæг, æмæ хæссы йемæ ивындзинæдтæ, куыд хуыздæрæрдæм, афтæ мæгуырау æрдæм дæр, æмæ дзы нæдæр мард у зылынджын, нæдæр зианджын хæдзарвæндаг. Алцæмæн дæр вæййы кæрон, æмæ йæ алчи йæхирдыгонау ма хъуамæ фæлхат кæна, фæлхат кæнæт, зиан куыд бавæрын хъæуы, уый.

Гæбæраты Ефим

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.