2008 азы августы хæсты фæстиуæгæн цы бæстыхæйттæ ныппырх сты, æмæ абоны бонмæ дæр цалцæг чи не ‘рцыдысты, уыдонæй сæ иу у паддзахадон телерадиокомпани «Ир». Уымæн йæ иу хайæн тынг разиан чындæуыд. Куыд зонæм, афтæмæй, Никозы хъæуæй гуырдзиаг æфсæдтæ комкоммæ горæтмæ схызтысты Хъайтарты уынгыл. Уыдон сæ фæндагыл пырхгæнгæ, æхсгæ цыдысты æмæ фехстой зæрæдты хæдзар «Аудындзинад»-ы, стæй ныппырх кодтой чысыл уæлдæр цы фондзуæладзыгон хæдзар уыд, уый. Афтæ хæдзæртты æхсгæ-æхсгæ схæццæ сты паддзахадон телеуынынады размæ æмæ, цыма, æппæт мæстытæ дæр уымæй истой, уыйау ыл аздæхтой танктæй, æхстой йæ æндæр æмæ æндæр æхсæнгæрзтæй дæр. Пырх æмæ дæрæн къулты бын фесты архивон бирæ æрмæджытæ. Иудзырдæй, телеуынады агъуыстæн ныддæрæн кодтой йæ иу хай. Уым та уыд, æнæмæнгхъæуæг чи уыд, уыцы телестуди, йæ аппаратурæимæ.

Æмæ, уæдæй абонмæ, кæд дзæвгар рæстæг рацыд, уæддæр ын саразын нал æнтыст.

Паддзахадон телеуынады директор Чилæхсаты Георги куыд зæгъы, афтæмæй ацы агъуыст ахæм аварион уавæры кæй уыд, уый зыдтой нæ республи-кæйы раздæры æндæр æмæ æндæр алы къухдариуæггæнджытæ дæр, фæлæ йæхи ничи батыхсын кодта, нæ республикæйæн ахæм ахсджиаг объект саразын кæй хъæуы, уый тыххæй. Уымæ гæсгæ телеуынынады кусджытæ абоны бон-мæ æвзарынц зындзинæдтæ. Ныртæккæ журналисттæ сæ куыст кæм кæнынц, уый у бæстыхайы административон хай æмæ цы алæвæрдтыл кусынц, уыдон та цæттæ цыдысты агъуыстæн иннæ фарсæрдыгæй. Æмæ канд алæвæрдтæ цæттæ кæнын нæ фæзын ис йæ кусджытæн, фæлæ æмбæлон уагыл сæ бон æрбахонын æмæ ныффыссын нæ уыд æддейæ æрбахонгæ респондентты ныхас дæр. Уымæ гæсгæ сæ каме-рæйæ истой сæ кусæн хатæнты, кæнæ та къæридорты.

Президент Бибылты Анатолийæн фембæлд куы уыд телеуынынады кусджытимæ, уæд æм уыдон бахатыдысты, цæмæй сын сæ телестуди сцалцæг кæной æмæ сæ куыст æмбæлон уагыл райдайой. Уый сын ныфс бавæрдта æмæ йæ дзырдæн хицау разынд. Ацы бонты йæм аразджытæ æрæвнæлдтой бындуронæй цалцæг кæнынмæ.  Арæзтады цы 15 адæймаджы бæрц  кусы, уыдон уал кæнынц халæн-æфснайæн куыстытæ. Уый фæстæ æрæвналдзысты къулты гæрæнтæ аразынмæ. Уыдон амад цæудзысты сæрмагонд панелтæй, цæмæй мыртæ фыст цæуой æмбæлон уагыл. Уыцы арæзтадон æрмæджытæ та хъæуы сæрмагондæй закъаз кæнын, нæхимæ сæ нæ уæй кæнынц. Арæзт дзы æрцæудзæн дыууæ студи æмæ дыууæ та монтажгæнæн хатæн-тæ. Уый фæстæ ма æрæвналдзысты, «Ног хабæрттæ» фыст кæм цæудзысты, ахæм егъау студийы арæзтадмæ дæр.  Телерадиокомпанийы къухдариуæггæнæг куыд зæгъы, афтæмæй дзы ис бирæ куыст, фæлæ йыл нæ тагъд кæнынц, фæлтау, зæгъгæ, кусæнт сабыргай, фæлæ хъуамæ арæзт æрцæуа бæстонæй æмæ гъæдджынæй. Арæзтад æнæуый дæр домы дзæвгар æхцайы фæрæзтæ æмæ уыцы хæрдзтæ та йæхимæ райста республикæйы Президент Бибылты Анатоли.

Президент ма телеуынынады кусджытæн фехъусын кодта ноджыдæр иу хорз хабар: кæй бацархайдзæнис, цæмæй телеуынынады куыст рахиза ны-мæцонæвдыстмæ æмæ уæд бæрæг фенцондæр уыдзæн журналистты куыст, стæй сæ алæ-вæрдтæ та адæммæ хæццæ кæндзысты гъæдджындæрæй.

Æппæт куыстытæ дæр æххæст цæудзысты проектон-сметæйон документацимæ гæсгæ.

Кусджытæ се ‘ппæт дæр сты бынæттон цæрджытæ. Фæлæ дарддæр арæзтадмæ æрхонын хъæудзæн сæрмагонд специалисттæ.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ уæдмæ дæр телеуынынады къухдариуæгад æнцад кæй нæ бадтис. Сыгъдæг æрцыдис, брæтты обæуттæ кæм сырæзт, уыцы ныккæнд. Хуыцау мауал æруадзæт ахæм хъуыддаг, фæлæ ныр тæссаг рæстæджы адæмæн уыдзæнис сæхи кæм бааууон кæной ахæм бынат. Æвæрд дзы æрцыдис донæмбырдгæнæн дæр. Цалцæг æрцыдысты кусæн хатæнтæй дæр иуæй-иутæ, дарддæр сæ бон куыд уа, афтæ цалцæг цæудзысты иннæ кусæн хатæнтæ дæр. Хæрзарæзт æрцыдис телеуынадæн йæ кæрт дæр. Æппæт уыцы куыстытæ æххæст æрцыдысты телеуынынадæн йæхи фæрæзтæй.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.