Информацион ведомствойы сырæзтыл 28 майы  26 азы кæй æххæст кæны, уый тыххæй Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Марияйæн уыд пресс-конференци. Мадзалы сæйраджыдæр дзырд цыд информацион ведомствойы сырæзтæй фæстæмæ  Информаци æмæ  мыхуыры паддзахадон комитетæн алыгъуызон вариациты Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы цы ахадындзинад  уыд æмæ йæ разылæууæг хæстæ куыд æххæст кодта æмæ кæны, уыдоны тыххæй.

Комитеты архайды,  хицауиуæгады органты системæйы йын цы  нысаниуæг ис, уый тыххæй лæмбынæг радзырдта Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ Мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Мария.

Мадзалы райдиан иу минут æдзæмæй алæугæйæ журналисттæ ссардтой газет «Хурзæрин»-ы уацхæссæг Туаты Ларисайы рухс ном. Уый цæрынхъуагæй фæхъуыд журналистты æхсæнадæй хæрзæрæджы.

Дарддæр  Хъотайты Мария банысан кодта 1992 азы Информацион комитеты сырæзты æнæмæнгхъæуындзинад, уымæн æмæ 90-æм азты  Хуссар Ирыстон уыд уæззау уавæры, Гуырдзыстоны абырæгон хицауиуæгады хæстонтæ-иу æрæхгæдтой фæндæгтæ, ахстой æмæ хъизæмарæй мардтой адæмы, ирæттæ кæй уыдысты, æрмæстдæр уый тыххæй. Республикæйы хъæуты зынджы хай фæкодтой, республикæйы  сæйраг горæт Цхинвалы æхстой алыгъуызон стыр калиброн хæцæнгæрзтæй, уый фæстиуæгæн мардысты æнæаххос адæм. Республикæ уыд, куыд экономикон, афтæ информацион блокадæйы дæр. Гуырдзыстон цы информаци лæвæрдта, уымæн æцæгдзинадимæ æппындæр ницы иудзинад уыд.Ирыстоны цы трагикон цаутæ цыд, уыдоны тыххæй рæстагон информаци хъуыд дунеон дзыллæйадмæ  фæхæццæ кæнын. Уый фæстиуæгæн дуджы домæнмæ гæсгæ, æнæмæнгæй, хъуыд саразын ахæм ведомство, кæцы йæхимæ райстаид информацион блокадæ атоныны хæс æмæ æппæт æгъдæуттæй дæр архайдтаид уыцы хæс  сæххæст кæныныл. Дуджы домæн бахынцгæйæ, 1992 азы 28 майы бындур æвæрд æрцыд информацион ведомствойæн. Ацы  ведомствойы чи куыста, уыдон æппæт æгъдауæй дæр архайдтой сæ бæрныуæвæг хæстæ æххæст кæныныл,   æмæ сын æнтысгæ дæр кодта. Уыдон арæзтой æрцæугæ цауты хронологи, сæхимæ истой, фæсарæйнаг журналистты æмæ сæ зонгæ кодтой республикæйы уæззау уавæр, трагикон цаутимæ.

Хъотайты Мария куыд банысан кодта, афтæмæй информацион ведомствойæн йæ сырæзтæй суанг 1999 азмæ йæ сæргъ лæу-уыд Коцты Станислав. Уый йæ командæимæ иумæ стыр куыст бакодта информацион блокадæ атоныны сæраппонд.

«Коцты Станислав, Харебаты Батрадз æмæ сæ командæ сæхи сæрмагонд кадавар æхцайы фæрæзтæй æлхæдтой видеомагнитофонтæ, кассетæтæ æмæ æндæр ифтонггæрзтæ æмæ сæм уыцы фадыджы куысты фæлтæрддзинад кæд нæ уыд, уæддæр фыстой, истой кадртæ, Хуссар Ирыстоны цы трагикон цаутæ цыд, уыдоны тыххæй æмæ арæзтой хронологи, уыимæ иумæ ма  сæ æрвыстой уæрæсейаг журналисттæм дæр, цæмæй сæ уыдон  искæцы телеалæвæрды, кæнæ мыхуыры равдисой, уый тыххæй. Сæ уыцы хъазуатон куысты тыххæй сын мæ сæрæй ныллæг кувын», – банысан кодта Хъотайты Мария.

Уый фæстæ дзуаппытæ радта журналистты цымыдисгæнæг фарстатæн.

– Ивгъуыд æнусы 90-æм азты, 2004 азæй 2008 азы онг дæр  информацион ведомствойы сæйраг хæс уыд информацион блокадæ атонын. Абоны бон та ведомство йæ сæйраг хæсыл цы нымайы?

Ацы фарсты фæдыл Хъотайты Мария куыд загъта, афтæмæй 2008 азы хæст æмæ пырхæнтæ фæстейæ баззадысты. Абоны бон та  республикæйы дзыллон информацион фæрæзты хæс у, Хуссар Ирыстоны культурæйы, спорты, экономикæйы фадгуыты цы цæуы, уыдон æхсæнады размæ хæссын, республикæйæн æвæрццаг имидж аразын.

«2008 азы информацион блокадæ атонын тынг вазыгджын хъуыддаг уыд, уымæн æмæ фæсарæйнаг информацион агентадтæ зыгъуыммæ кодтой Хуссар Ирыстоны тыххæй информаци, фæлæ хуссарирыстойнаг журналисттæ уæрæсейаг информацион фæрæзты минæвæрттимæ иумæ æппæт дæр арæзтой, цæмæй дунеон æмæхсæнадмæ фæхæццæ уыдаид рæстдзинад. Абон та хъуамæ кусæм нæ республикæйы имиджыл. Абон нæ республикæйы хъуамæ æвдисæм, зæгъæм, инвестортæн зæрдæмæдзæугæйæ, акцент æвæрд хъуамæ цæуа республикæйы культурон, спортовон цардыл. Нæ республикæйы информацион фæрæзты арæх æвдыст  фæцæуынц хъæбысхæст æмæ боксы тыххæй æрмæджытæ, фæлæ нæм спортивон комплекс «Олимп»-ы диссаджы сывæллæттæ-гимнасттæ кæй архайынц, уый уабæрæг æвдыст нæ цæуы. Нæ гимнасткæтæ, сæ тренер Цхуырбаты Земæимæ арæх хайад райсынц, гимнастикæйæ Уæрæсейы горæтты цы ерыстæ вæййы, уыдоны æмæ райсынц призон бынæттæ. Кæд Хуссар Ирыстон зындгонд у уæгъдибар хъæбысхæсты æмæ боксы спортсментæй, уæд æй ныр та хъуамæ базоной  аивадон гимнасткæйы архайджытæй дæр», – загъта комитеты сæрдар.

Ирон информацион фæрæзты кадртæ цæттæ кæныны тыххæй та загъта, зæгъгæ,  ирон мыхуыры кадртæ агурын хъæуы районты, уымæн æмæ уым фылдæр дзурынц иронау. Уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ, редакциты æрдыгæй скъолаты  ахуырдзаутæн ауадзын хъæуы конкурстæ хуыздæр уац, аргъау, ессе ныффыссыны тыххæй. Хуыздæр кæй æрмæг уа, уыцы скъоладзаутæ цæмæй фæцайдагъ уой æмæ фыссой  дарддæр дæр иронау, уый тыххæй сæ схорзæхджын кæнын хъæуы зæрдылдарæн хорзæхтæй, сæ куыстæн сын хъæуы æмбæлон аргъ скæнын, цæмæй  бауарзой ирон национ мыхуыр.

«Ирон мыхуыры кадртæ цæттæ кæнын скъолайæ райдайын хъæуы», – банысан кодта ведомствойы сæргълæууæг.

Хъотайты Мария радзырдта, Санкт-Петербурджы XI фæсивæдон форум «Русское зарубежье»-йы Хуссар Ирыстоны минæвæртты хайадисты тыххæй дæр.

«Форум сорганизаци кодта Санкт-Петербурджы  æддагон бастдзинæдты комитет Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты æххуысы фæрцы.

Хуссар Ирыстоны делегацийæн баххуыс кодтой æмæ сæ форуммæ арвыстой Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварад æмæ «Россотрудничество» æмæ «Россы» организацитæ. Уый тыххæй сын  бузныг. Форум уагъд цæуы æрвылаз дæр. Уырдæм хуынд æрцæуынц фæсарæйнаг бæстæты цæрæг æмфыдыбæстæйонтæ 40 бæстæйæ. Ацы аз форумы  уыд 74 хайадисæджы. Хуссар Ирыстонæй уыдыстæм: дзыллон информацион фæ-рæзты хаххы фæдыл – æз, экономикæйы хаххы фæдыл та  Кокойты Ланæ.  Форум уагъд цыд æртæ параллелон секцийы: экономикæ, дзыллон информацион фæрæзты æмæ аивадзонынады.  Журналистты секцийы лекцитæ кастысты зындгонд профессортæ, тынг цымыдисон адæймæгтæ, кæцытæм хъусгæйæ  райсæн ис æмбæлон зонындзинæдтæ. Цымыдисон уыдысты иннæ секциты лекцитæ дæр», – загъта Мария æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ахæм фембæлдтытæ ахъаз сты æндæр бæстæты цардыуаг хуыздæр базонынæн.

Комитеты сæрдар банысан кодта республикæйы периодикон мыхуыры Цæгат Ирыстоны территорийыл парахат кæныны æнæмæнгхъæуындзинад. Уый куыд загъта, афтæмæй РХИ æмæ УФ къухдариуæгады æмвæзадыл хъæуы сразыдзинад саразын, цæмæй Хуссар Ирыстоны периодикон мыхуыр хаст æрцæуа  периодикон мыхуыры каталогмæ.

Пресс-конференцийы дзырд цыд Хуссар Ирыстоны журналистты республикæйæн æддæмæ ацæуыны проблемæтыл, фæсарæйнаг журналисттимæ æмгуыст кæныны фарстатыл.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.