Цæрæнуатон фарст нырма актуалон у нæ горæты æмæ районты бирæ цæрджытæн. Уымæн æвдисæн, Президентмæ рæстæгæй-рæстæгмæ цы химæрайстытæ вæййы, афтæ ма бынæтты цæрджытимæ цы фембæлдтытæ вæййы, уым, сæйраджыдæр, адæм кæй фæдомынц, цæмæй сын сæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæной.

Ам банысан кæнын хъæуы, Инвестпрограммæйы фæлгæтты æдтейæ стыр куыст кæй цæуы, цæрджыты хæдзæртты агъуыстытæй чи нал бæззы, уыдоны раивыныл. Ацы куыстытæ кæнынц æмæ æппæт хæрдзтæ дæр йæхимæ райсы парти «Иууон Ирыстон».

Афтæ ма стыр куыст цæуы, Гуырдзыстоны агрессийы рæстæджы ныппырхгонд фатерты цалцæг кæныныл.

Ацы аз Президент хæслæвæрд радта горæты администрацийы къухдариуæгадæн, цæмæй саразой сæрмагонд къамис æмæ сбæрæг кæной горæты бирæуæладзыгон хæдзæртты ныппырхгонд фатертæ, кæцытæн, æцæгæйдæр, базианчындæуыд августы хæсты рæстæджы.

Фатерты капиталон цалцæг кæныны номхыгъдмæ бахауд 24. Уыдонæй 12 æрæвнæлдæуыд аразынмæ июны мæйы райдианы.

Горæты администрацийы пресс-службæйы куыд загътой, афтæмæй къамисы уæнгтæ бæрæг кодтой, фатертæ æцæгæйдæр 2008 азы августы хæсты рæстæджы ныппырх сты  æви нæ.

Иууыл раздæр бавнæлдтой цалцæггæнæн куыстытæм Сталины уынджы бирæуæладзыгон хæдзæрттæй сæ иуы фатермæ. Санахъоты бинонтæн сæ фатермæ рæмудзæн æрмæг куы æрбахауд, уæд æрмæст кæд йæ иу сис ныппырх, уæддæр иннæ хатæнтæ дæр нал сбæззыдысты цæрынæн. Хæдзары уавæр мæгуырау кæй уыд, уый тыххæй бинонтæ фæйнæрдæм ныппырх сты. Хистæр фырты бинонтæ æххуырст фатермæ ацыдысты цæрынмæ, иннæ фырты бинонтæ та æрцардысты Цæгат Ирыстоны. Июны мæйы уыдонмæ, Президенты амындмæ гæсгæ бацыд къамис, сбæрæг кодта пырх хæдзары уавæр. Уымæй цалдæр боны фæстæ та сæм бацыд кусджыты бригадæ æмæ æвæстиатæй æрæвнæлдтой фатеры арæзтадмæ.

Ивгъуыд къуыри Бибылты Анатоли сарæзта инспекцион азылд, номхыгъды цы 24 фатеры уыд, уыдонæй цы 9 фатеры фæцис цалцæг, уыдоныл. Йемæ ма уыд горæты администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан. Уыдон цымыдис кодтой, цæрджытæ куыд райгонд сты сæ ног сцалцæггонд фатертæй æмæ сæм цы претензитæ ис аразджыты бригадæмæ. Фатерты хицæуттæ бузныджы ныхæстæ загътой Президентæн дæр æмæ аразджытæн дæр.

Плиты Харитоны уынджы 29-æм бирæуæладзыгон хæдзары 5-æм уæладзыджы цы æртæхатæнон фатер ис, уый дæр цалцæг æрцыд капиталонæй. Болататы бинонты фатерæн дæр разианчындæуыд августы хæсты рæстæджы. Хæдзар цæрынæн нал сбæззыд. Уый дæр цалцæг æрцыд æмæ тагъд Болататы бинонтæ æрцæрдзысты сæ фатеры.

Горæты администрацийы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй иннæ фатерты хицæуттæ дæр ног азмæ балидздзысты сæ ног сцалцæггонд фатертæм.

Ацы аз фатертæ сæндидзын кæныны хыгъды кæд 24 бинонты йедтæмæ нæ бахауд, уæддæр Хицауады æмбырды Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, афтæмæй дыууæ азы æмгъуыдмæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад бюджеты хисæрмагонд æфтиæгтæй архайдзæн, хæсты фæстиуæгæн цы хæдзæрттæ ныппырх, уыдоны арæзтадыл.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.