Республикæйы Президенты цур дины фарстыты фæдыл уынаффæгæнæг Хуыбиаты Соня æмæ Дзæуджыхъæуккаг Алайнаг епархи æмæ Мæскуыйаг Патрирахийы сауджын Сергий Хуссар Ирыстоны Россотрудничествойы минæварады куъхдариуæггæнæг Михаил Степановимæ сæ фембæлды æруынаффæ кодтой Чырыстон куывддон балцыты фарстытыл.

Уазкусæг загъта бузныг Михаил Степановæн Хуссар Ирыстонæй Цæгат Ирыстоны Алагиры моладзандонмæ 20 уырнонæн ацæуыны фадат саразыны йе ‘ххуысы тыххæй.

«Мах фæнды дæуæн бузныг зæгъын ахæм ахадгæ æххуысы тыххæй, – банысан кодта фыд Сергий. –     Куывддонтæ бирæтæ уыцы ран уыдысты фыццаг хатт. Уæлдайдæр та афтæ рауад, æмæ мах бахаудтам моладзандоны сæйраг бæрæгбонмæ. Махæн уыди моладзан сылгоймæгтимæ бакувыны, семæ ацаходын æмæ моладзандоны цард банкъарыны фадат».

Хуыбиаты Соня йæхи ‘рдыгæй равдыста йе ‘ууæнк, Россотрудничествоимæ чырыстон куывддон балцыты тыххæй се ‘мгуыстад ууыл кæй нæ фæуыдзæн. Степанов йæхи рады, банысан кодта, зæгъгæ, дарддæр дæр уыдзæн ацы фарст райрæзын кæныны фарс.

«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы проект æрхаста хорз фæстиуджытæ, мах цæттæ стæм уæ фæндæттæм байхъусынмæ æмæ сын цæрæццаг бындур саразынмæ, уырнонтæн сæ балцыты æххуыс кæнынмæ», – загъта Степанов.

Уынаффæ ма цыд Республикæйы Знауыры районы Арчънеты хъæуы Уаз Мадымайрæмы Райгуырды аргъуан æмбæлон уагмæ æркæныны фарстыл.

Фембæлды кæронбæттæны фыд Сергий балæвар кодта Степановæн Аргъауæг Иоанны уазныв.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.