19-æм январы куыд æппæт дунейы Чырыстон бæстæтæ, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр банысан кодтой ацы стыр æмæ уаз бæрæгбон – Доныскъæфæн. Аргъуаны бæрæгбонтæй ацы уаз бæрæгбон нымад цæуы куыд иу-уыл ахсджиагдæр æмæ нысаниуæгджындæртæй сæ иуыл. Ацы цытджын бонæн стыр нысаниуæг ис алы чырыстон диныл хæст адæймаджы царды дæр. 19-æм январимæ баст сты æндæр æмæ æндæр традицитæ, афтæ ма ис бæрæг фæткойтæ, кæцыты æнæмæнгæй хъæуы æххæст кæнын ацы стыр бон. Доныскъæфæны бæрæгбонмæ Чырыстон диныл хæст адæм сæхи фæцæттæ кæнынц развæлгъау, æмæ афтæ уыдис ныр дæр.

Ирон адæммæ фыдæлтæй фæстæмæ, ацы диссаджы бон фæмысынц Ногбонæй æхсæз боны куы рацæуы, уæд. Доныскъæфæн, сæйраджыдæр, баст у Чырыстиимæ. Ацы бон Чырыстийыл дзуар бафтыдта Иоанн æмæ доныаргъуыд райста Иорданы цæугæдоны. Уымæ гæсгæ йæ Чырыстон адæм алы аз дæр нысан кæнынц стыр цытимæ æмæ сын у ахсджиаг.

Бæрæг куыд у, афтæмæй нæ республикæйы адæм фæстаг цалдæр азы активондæрæй райдыдтой цæуын нæ горæты Мады Майрæмы аргъуанмæ. Чысыл сабийæ суанг хистæр кары адæймæгты онг ацы сыгъдæг бон райсынц доны аргъуыд.

Майрæмбоны райсомæй бирæ адæм æрбацыдысты горæты Мады Майрæмы аргъуаны цурмæ. Цыдысты аргъуанмæ, дæргъвæтин рæстæг куывтой æмæ сыгътой сæ цырæгътæ. Райсомæй уал дзы уагъд æрцыдис бæрæгбонон службæ æмæ уый фæстæ аргъуанæй сæ фæндаг акодтой Леуахийы цæугæдонмæ, дин куыд амоны, ахæм цыдæй. Ацы бон адæм кæрæдзийæн зæрдиаг арфæтæ кодтой бæрæгбоны цытæн. Леуахийы былмæ цæугæйæ, адæм семæ хастой сыгъдæг донгæрзтæ, цæмæй фæстæмæ ахастаиккой, тæригъæдтæй сыгъдæггæнæн миниуджытæ кæмæн ис, уыцы диссаджы сыгъдæг донæй.

Чырыстон дин куыд амоны, уымæ гæсгæ 18-19 январмæ æхсæвы æмæ æгас бон зæххыл цыдæриддæр дæттæ ис, уыдон иууылдæр вæййынц аргъуыдгонд, сыгъдæг. Уымæ гæсгæ ацы бон æрмæст найын нæ хъæуы, фæлæ ма хъуамæ мигæнæны сисай уаз донæй, афæдзы дæргъы йæ дарай дæ хæдзары æмæ дзы пайда кæнай. Аргъуаны кусджытæ официалон æгъдауæй доныл куы саргъуыдтой, уæд уый фæстæ фыд Иаков бахызт ихджын донмæ æмæ фыццаг рады доны аргъуыд райсын кодта сывæллæттæн, уый фæстæ та æнхъæлмæ чи каст, уыцы хистæр фæсивæдæн. Ацы бон тынг бирæ адæм райстой доны аргъуыд. Куыд нын загътой, афтæмæй ацы аз доны аргъуыд райстой 60 адæймагæй фылдæр. Уымæй дарддæр ма доны аргъуыд чи нæ иста, нæ республикæйы уыцы адæймæгтæй бирæтæ та, традицимæ гæсгæ, цыдысты Леуахийы былмæ æмæ-иу сæхи хъæлдзæг æмæ сыгъдæгзæрдæйы уагимæ надтой уаз доны. Уыдон куыд зæгъынц, уымæ гæсгæ æппындæр нæ рахатынц зымæгон доны уазал. Зæгъгæ, уый баст у, ацы диссаджы уаз бæрæгбонимæ æмæ сын сæ тыхтæм ноджы æрбафтауы тыхтæ æмæ уырнынад. Уымæй дарддæр ма уæлæмхас райсынц стыр удæхцондзинад, кæцыйæн зæгъæн нæй ныхæстæй, æмæ ма æндæртæм дæр сидтысты, цæмæй йæ уыдон дæр банкъарой сæхиуыл.

Адæмы уырнынадмæ гæсгæ, ацы бон æппæт суадæттæ æмæ цæугæдæттæн вæййы алæмæттаджы хосгæнæн тых дæр æмæ уый зонгæйæ, ацы бон доны аргъуыды рæстæджы Хуыцаумæ кувæг адæмæй йæ ныфс чи хаста ихджын донмæ, уый-иу дзы цалдæр хатты дæр аныгъуылд. Чырыстон дин куыд амоны, афтæ-мæй ацы дыууæ бон цыфæнды уазал доны дæр дæхи куы ныннайай, уæддæр нæ фæрынчын уыдзынæ, æмæ æцæг афтæ дæр у. Уый зонгæйæ нæ фыдæлтæ дæр ацы бон райсом раджы æнæдзургæйæ цыдысты хъæуты цы суадæттæ уыдысты, уырдæм, æмæ-иу дзы æрдавтой сыгъдæг донгæрзты, бапырх-иу дзы кодтой хæдзары къуымты, уый фæстæ-иу æвæрд æрцыдис хицæнæй бæрæг, бинонтæ йæ куыд зыдтаиккой, ахæм бынаты.

Гæнæн уæвгæйæ, алкæцы уырнон адæймаг дæр хъуамæ бацæуа аргъуанмæ, æмæ йын кæд уыцы фадат нæ уа, уæд та хъæуы хæдзары скувын. Иууыл сæйрагдæр та у, цæмæй дæ куывд цæуа сыгъдæг зæрдæйæ. Ацы бæрæгбоны адæймаг хъуамæ уа фæлмæнзæрдæ, батæригъæд кæна мæгуыр адæмæн æмæ сын баххуыс кæна, йæ бон куыд цæуа, афтæ. Æнæмæнгæй хъæуы ныббарын æмæ ферох кæнын хъыгдзинæдтæ æмæ мæстытæ, афтæ ма сæйраг у, де ʻввахс адæмæй хатыр ракурын дæр. Уæд адæймагæн йæхицæн дæр бирæ фенцондæр вæййы. Ацы сыгъдæг донæй куы нуазай, уæд хъуамæ æвзæр ма хъуыды кæнай, æвзæр хъуыддæгтæ ма аразай.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы бон доны аргъуыд чи истой, уыдонæн Леуахийы былыл æвæрд кæй æрцыдис сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæн хицæн цатыртæ, цæмæй дзы раивтаиккой сæ уæлæдарæс æмæ схъарм кодтаиккой сæхи. Донаргъуыды цытæн ма ист æрцыдысты æдасдзинады фæдыл мадзæлттæ дæр. Фæткмæ сæ хъус лæмбынæг дардтой нæ республикæйы Уæлвæткон уавæры министрады æмæ милицийы кусджытæ, кæцытæ цæттæ уыдысты æххуысмæ.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.