Хуссар Ирыстоны 22 августы цалцæггæнæн куыстыты тыххæй нæ уыдзæн рухс

Хуссар Ирыстоны сæйраг горæт æмæ районтæм электроэнерги лæвæрд нæ цæудзæн, 22-æм августы Цæгат Ирыстоны «Цæгаттаг портал»-ы дæлстанцæйы цалцæггæнæн куыстытæ кæй цæудзысты, уый фæстиуæгæн.

Уый тыххæй фехъусын кодта республикон унитарон куыстуат «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон»-ы гендиректор Гæбæраты Анатоли.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, дыццæджы, боны дæргъы, райсомы 9 сахатæй изæры 7 сахатмæ Хуссар Ирыстонмæ электроэнерги лæвæрд нæ цæудзæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.