Хуссар Ирыстоны чырыстон адæм банысан кодтой Хуыцауы бацыды бон Иерусалиммæ. Уый у аргъуаны дыууадæс сæйрагдæр бæрæгбонæй иу.

Уаз Мадымайрæмы Рагуырды кувæндоны бæрæгбоны цытæн ацыд куывд.

Зазхæссæн Хуыцаубон банысан кæнынмæ аргъуанмæ æрбацыдысты республикæйы архайæг президент, уæд та президенттæм кандидат Тыбылты Леонид, афтæ ма президенттæм иннæ кандидаттæ: парламенты спикер Бибылты Анатоли æмæ Паддзахадон æдасдзинады комитеты кусæг Гаглойты Алан.

Чырыстон адæммæ йæ раныхасы цхинвайлаг аргъуанты уагæвæрæг иерей Хетæгкаты Иаков банысан кодта, зæгъгæ абон у стыр бæрæгбон, æмæ тынг хорз у, Кувæндоны бирæ адæм кæй æрæмбырд, уый. Уый дзурæг у нæ адæмы иудзинадыл.

«Чырыстийы бацыды бон Иерусалиммæ у уыцы бæрæгбон, йæхæдæг Иерусалимы паддзах, Хуыцау горæтмæ куы бацыд æмæ йыл адæм куы æмбæлдысты, уыцы бон. Уыдон Чырыстийыл æмбæлдысты цъæх калиутимæ æмæ хъæр кодтой «осанна», сæ паддзахыл æй кæй банымадтой, уый нысанæн. Æмæ ацы стыр бæрæгбон мах иумæ стæм Хуыцауы кувæндоны, нæ фыдæлтæ иу минæй фылдæр азы размæ сæ кувæндæтты куыд уыдысты, афтæ. Æмæ ам мах цин кæнæм ууыл, сабырæй æмæ уарзгæйæ нын кæй ис иудзинады уæвыны, нæ бæрæгбоныл цин кæныны, æмæ нæм цы æнгомдзинад ис, уый равдисыны фадат», – загъта уазкусæг.

Хетæгкаты Иаков банысан кодта, зæгъгæ, бирæ азты дæргъы республикæ уыди репрессийы, æмæ абон йæ адæм сты сабырад æмæ фарны хъуаг. «Вербæтæ сты æрмæстдæр Хуыцауы хорзæхы нысан. Сæйраг у, цæмæй нæ зæрдæты уа Хуыцаумæ æмæ нæ кæрæдзимæ уарзондзинад. Æмæ иууыл сæйрагдæр у, цæмæй уа фарн нæ зæрдæты æмæ нæ зæххыл, уымæн æмæ 26 азы дæргъы мах сæлгъæд стæм хæстытæ æмæ алыгъуызон хицæндзинæдтæй. Ныр та мах хъæуы сабырдзинад, размæцыд æмæ фарн. Уымæн ис ахсджиаг æмæ уæзгæ нысаниуæг», – загъта уый.

Дарддæр чырыстон адæм æмæ куывдмæ æрбацæуджытæ сарæзтой дзуардзыд, Уаз Георгийы аргъуаны бын æвæрд, нæ адæмы хъахъхъæнæг дзуармæ.

Уыцы ран уазкусджытæ сæххæст кодтой куывд.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.