Хуыцаубоны Хуссар Ирыстоны банысан кодтой чырыстон дины сæйраг бæрæгбон – Чырыстийы райгас. Ацы бæрæгбон ирон адæммæ фыдæлтæй фæстæмæ хонынц Куадзæн, нымад цæуы иууыл ахсджиагдæр динон бæрæгбоныл æмæ йæм фенхъæлмæ кæсынц суанг сывæллæттæ дæр.

Æрвылаз дæр чырыстон кувæндæтты Куадзæны бæрæгбоны рæстæджы уагъд фæцæуынц службæтæ æмæ Цхинвалы Æртæиууон æмæ Мады Майрæмы аргъуантæм дæр сабаты изæрæй æрæмбырд ис дзæвгар адæм. Алы рæттæй хъуыст «Чырысти райгас! – Бæлвырд райгас!». Ардæм æрмæст бынæттон цæрджытæ не ‘рбацыдысты, фæлæ ма уæрæсейаг æфсæддонтæ дæр сæ бинонтимæ. Алкæй дæр фæндыд, цæмæй сæ куличтыл æмæ æйчытыл дзуæрттæ бафтауын кæной сауджынæн æмæ Хуыцауы хорзæх сæ хæдзæрттæм рахæссой аргъуанæй.

Бæрæгбонон службæйы райдианмæ Иерусалимæй дæр æрхæццæ ис Фæрнæйдзаг арт. Беслæны аэропортмæ Иерусалимæй сæрмагонд рейсыл æрхастой арт цæгатирыстойнаг делегаци æмæ ам сæ размæ лæууыд нæ Парламенты депутат Бибылты Ацæмæз, кæцы йæ æрхæццæ кодта Хуссар Ирыстонмæ дæр.

Бæрæгбонон службæмæ иннæ хæттытау æрбацыд нæ бæстæйы Президент Бибылты Анатоли дæр йæ бинойнагимæ. Президент Куадзæны бæрæгбоны фæдыл зæрдиаг арфæйы ныхæстæ загъта æрæмбырдуæвджытæн æмæ ма иeмæйагæй нæ республикæйы чырыстон диныл хæст цæрджытæн дæр.

«Ахæм райдзаст бæрæгбоны Хуыцаумæ фæкувæм, цæмæй нын нæ рæсугъд, арфæмбæхст бæллицтæ сæххæст кæна. Фыццаджыдæр нæ фæфæнды æмæ фæкурæм нæ кæстæртæн рухс фидæн, цæмæй нæ Хуыцау бахиза фыдбылызтæй. Куадзæны бæрæгбоны адæм байдзаг вæййынц циндзинадæй, уымæн æмæ баст у ног цардимæ, ног бæллицтимæ, ног ивындзинæдтимæ, адæймаг тæригъæдтæй асыгъдæг вæййы æмæ йæ хъарутæ сног кæны. Мæ Иры адæмæн æмæ æгас чырыстон дунейæн мæ зæрдæ зæгъы абоны бон фидар уырнындзинад, сабырдзинад æмæ амондджын цард. Ут мын кæддæриддæр Хуыцауы фæдзæхст!», – загъта йæ арфæйы Бибылты Анатоли.

Службæйы рæстæджы аргъуаны уæвæг адæм рахызтысты æмæ «Чырысти райгас! – Бæлвырд райгас!» хъæргæнгæ æртæ хатты аргъуаны алыварс æрзылдысты. Бæрæгбонон службæ фæуыны фæстæ алкæмæн дæр радтой фæйнæ куличы, æрæвæрдтой фынг дæр æмæ стæй зæрдæрухсæй апырх сты сæ хæдзæрттæм.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.