Абайты Васойы хæдзар-музей Цхинвалы 2008 азæй нырмæ æнхъæлмæ каст йæ сæндидзын   кæнынмæ. Номдзыд ахуыргонды хæдзар басыгъд гуырдзиаг-ирон хæсты фæстиуæгæн.

Цалдæр азы размæ бавнæлдæуыд ацы хæдзар-музейы арæзтадмæ. Проектыл бакусыны хæс та лæвæрд æрцыд æвзонг архитектор Дзигойты Каринæйæн. Уый цы проект сарæзта, уымæ гæсгæ музейæн хъахъхъæд хъуамæ æрцыдаид йæ бындур, фæлæ хатæнты равæрд та чысыл фæивдæуыдаид, цæмæй ардæм цæуджытæн хæрзвадатдæр уыдаид.

2014 азы хæдзар-музейы бæстыхай аразыны хæс лæвæрд æрцыд татарстайнаг арæзтадон фирмæ «Эверест»-æн, кæцы уыцы рæстæджы арæзта паддзахадон драмон театры бæстыхай. Арæзтадон фирмæ ныфс æвæрдта, иу азы æмгъуыдмæ йæ кæй фæуыдзæнис арæзт æмæ йæ Хуссар Ирыстонæн лæвары хуызы кæй аразы.

Райдианы татарстайнаг аразджытæ рæвдз архайдтой, уайтагъд объектæн самадтой йæ систæ. Фæлæ фæстæдæр аразджытæ æрбайсæфтысты æмæ музейы арæзтад ныннымæг. «Эверест»-ы арæзтадон фирмæйы кусджытæ дзырдтой, зæгъгæ, сæ финансон фæрæзтæ фаг не сты, æмæ уый аххосæй арæзтад рæстæгмæ æруромдзысты.

Уый адыл Абайты Васойы хæдзар-музейы арæзтад æрлæууыд. Нæ республикæйы интеллигенцийы минæвæрттæ равдыстой сæ катайдзинад æмæ бахатыдысты Президент Би-былты Анатолимæ, цæмæй сын баххуыс кæна ацы хъуыддаджы. Президент ныфс бавæрдта, музей ацы аз Ирон æвзаджы бонмæ кæй сцæттæ уыдзæнис.

2008 азы, хæсты агъоммæ профессор Битарты Зойя, кæцы уыд Абайты Васойы студенткæ, ирон æвзаджы бæрæгбон нысан кæныны фæлгæтты РХИ-йы паддзахадон университеты студенттимæ мадзæлттæ уагъта ацы музейы. Ам, цыма, æххæстбæрцæй уыд ахуыргонды фæлгондзмæ æрæмхиц уæвын. Ныр цалдæр азы, хъыгагæн, скъоладзаутæ æмæ студенттæн нал уыд ахæм мадзæлттæ уадзыны фа-дат.

Ивгъуыд аз, Бибылты Анатоли Культурæйы министр Зассеты Жаннæимæ   агурын райдыдтой фæрæзтæ, ссардтой, спонсорон æххуыс чи хъуамæ бакæна, ахæм амалиуæггæнæджы.

Æмæ мæнæ ныр ахуыргонды хæдзар-музей йæ хуыз скалдта.

Аив у канд йе ‘ддаг бакастæй нæ, фæлæ мидæгæй дæр. Ныр уым фадат уыдзæн алыгъуызон мадзæлттæ уадзынæн. Рæзгæ фæлтæр стыр ахуыргонды бынтимæ зонгæ кæндзысты цæстуынгæ æрмæджыты руаджы. Ам цы уæрæх зал арæзт æрцыд, уым сæрибарæй уадзæн уыдзæн зонадон конференцитæн дæр.

Музейы цы мигæнæнтæ, дзаумæттæ  уыд, уыдон кæд арты амæттаг фесты, уæддæр музейы уæды директор, дзæнæттаг Плиты Юзæ хæсты хæдразмæ экспонаттæй иууыл ахадгæдæрты бафснайдта. Раст, цыма, йæ зæрдæ хатыд, арты амæттаг кæй бауыдзысты, уыйау.

Ныр хæдзар-музей йæ дуæрттæ куы байгом кæна, уæд уыцы ахсджиаг дзаумæттæ фæстæмæ лæвæрд æрцæудзысты уырдæм. Афтæ ма дзы æвæрд æрцæудзысты æндæр экспонаттæ дæр.

Хæдзар-музей байгом кæныны бон нысан цæуы майы мæйы Ирон æвзаджы бонмæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.