Хуссар Ирыстоны парламентаризмы рæзты ныры этапы миниуджытыл дзырд цыд, Медиа-центр «Ир»-ы цы тымбыл фынг ауагъдæуыд, уым. Мадзалы  хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны политикон партиты лидертæ, РХИ-йы Президенты администрацийы минæвæрттæ, эксперттæ, политологтæ. Уыдон æрдзырдтой парламентон æвзæрстыты размæйы сæйраг тенденцитыл. Дзырд  ма цыд республикæйы æвзæрстыты тыххæй закъондæттынады рæзтыл, политикон партитæ æмæ иумандатонтæн сæ разы цы проблемæтæ вæййы, æппæт уыдæттыл.

Эксперт Уазæгты Юри куыд радзырдта, афтæмæй фидæн аз нæ хæдбар республикæйы Парламенты рæзтыл æххæст кæны 30 азы. Уый у стыр цау. Хуссар Ирыстоны историйы закъондæттынадон орган стыр ролы ахъазыд, тынг ын бандæвта йæ рæзтыл. Радзырдта парламентон æвзæрстыты тыххæй дæр. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй алы æвзæрстытæн дæр ис сæхи хицæндзинæдтæ, ис сын сæхи спецификæ. Тагъд нæ республикæйы цы æрвæрстытæ ауагъдæуыдзæн, уыдон дæр иннæ æвзæрстытæй хицæн кæнынц. 

Уазæгты Юри æрæмбырдуæвджыты хъусдард аздæхта, ныры æвзæрстыты агъоммæйы сæйрагдæр аспекттæй дыууæмæ.  Куыд банысан кодта, афтæмæй 15 азы фæстæ æвзæрстыты мажоритарон-пропорционалон системæмæ  республикæ кæй раздæхт, уымæн йæ аххосаг у, цæрджыты ‘хсæн партион системæ популярон кæй нæу, уый.

«Популярон та нæу, депутатты функцитæ тынг кæй æрныллæг сты, уый аххосæй. Афтæмæй бынæттон хæд-уагæвæрды уавæрты уый ссис серьезон проблемæ. Уымæн æмæ районты цæрджыты æрдыгæй сæйраг претензи у, сæ проблемæты тыххæй кæмæ бахатой, уый кæй нæ зонынц. Уыцы претензи бахынцгæйæ, республикæ рахызт æвзæрстыты мажоритарон-пропорционалон системæмæ. Ома, 17 депутаты æвзæрст цæудзысты партион номхыгъдтæм гæсгæ, 17 та – мажоритарон системæмæ гæсгæ. Уый та æрмæст цæрджыты интерестæн нæ дæтты дзуапп,  фæлæ ма сын фадат дæтты æвзæрстыты хайад райсынæн дæр. Уыимæ уавæртæ аразы æнæ æндыгъддзинадæй æвзæрс-тытæ ауадзынæн дæр», – банысан кодта эксперт.

Уый куыд бамбарын кодта, афтæмæй депутат æрмæст за-къæттæ ма хъуамæ иса, фæлæ ма хъахъхъæна адæмы интерестæ дæр. Æвзæрстыты хицæндзинæдты миниуджытæй иуыл банымадта, фыццаг хатт адæм депутаттæ профессионалон Парламентмæ кæй æвзардзысты, уый дæр.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, профессионалон Парламентмæ рахызты руаджы иуварс æрцыдысты хицауиуæгады къабæзты дихкæныны конституцион принципты быцæу-дзинæдтæ. Ома, раздæр адæймагæн йæ бон уыд депутат уæвын дæр æмæ уыцы-иу рæстæджы  бæрнон бынаты кусын дæр.

«Ныр та адæмы æвзæрст адæймæгтæ кусдзысты æрмæстдæр Парламенты», – загъта эксперт æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, уый Хуссар Ирыстоны æркæндзæн размæдзыд парламентаризммæ.

Уазæгты Юрийы хъуыдымæ гæсгæ, Парламент хъуамæ контроль кæна æмæ йæ хъус дара, зæгъæм,  районты, административон-территориалон иуæгты чиновникты архайд-мæ, растдæр зæгъгæйæ та, адæмы царды уавæртæ хуыздæр кæнын цы чиновниктæм хауы, уыдон  архайдмæ. Ацы проблемæ дæргъвæтин  дæргъы у иууыл риссагдæр.

Эксперт радзырдта æхсæнпарламентон бастдзинæдты тыххæй дæр. Банысан кодта уыцы здæхты 5-æм æмæ 6-æм сæвзæрст Парламенты активон куыст, æмæ куыд загъта, афтæмæй ног сæвзæрст Парламент дæр хъуамæ активонæй куса æхсæнпарламентон бастдзинæдтæ уæрæх кæныныл, уымæн æмæ Хуссар Ирыстоны цы бæстæтæ банымадтой, уыцы номхыгъд уæрæхæй уæрæхдæр кæны, фæзынд ног перспективон здæхтытæ, куыд Латинаг Америкæйы, афтæ Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады дæр æмæ уыдонимæ хъæуы кусын.

Йæ рады Парламенты РХИ-йы Президенты минæвар Гобозты Вя-чеслав банысан кодта, зæгъгæ Аланийы паддзахады ногдæр историйы парламентаризмы рæз-тыл кæд 30 азы нæма сæххæст, уæддæр цаутæ, тенденцитæ æмæ фактортæй хъæздыг у. Йæ хъуы-дымæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны парламентаризм дих кæны дыууæ этапыл. Фыццаг этапы схуыдта со-ветон парламентаризм, кæцы æнхъæвзы РХИ-йы фыццаг дыууæ сæвзæрст парламенттыл, цалынмæ президентон правлени райст æрцыд, уæды онг, Сæйраг Советы ном Паддзахадон Ныхасæй куы раивдæуыд, хицауиуæгады сæйраг орган куы ссис æмæ бæстæйы цы политикон процесстæ цыд, уыдоны бæрæггæнæг куы ссис. Уыцы дуг иннæмæй  хицæн кæны алыгъуызон политикон тыхты ‘хсæн активон политикон тохæй. Уæды рæстæджы Парламент уыд дискусситы бынат, афтæ ма уыд хицауиуæгады орган, кæцы иста бæстæйы хъысмæт бæрæггæнæг уынаффæтæ. Дыккаг этап та райдыдта, президентон правлени куы райстæуыд, уæдæй æмæ æрхæццæ ныры онг.

Ныры этапы парламентаризм,  Гобозы фырты хъуыдымæ гæсгæ, у европарламентаризмы æнгæс. Ома, 3-æм, 4-æм, 5-æм æмæ 6-æм сæвзæрст Парламентмæ æвзæр-стытæ уыдысты европарламентон æвзæрстыты хуызæн. Уый йæ куыд бамбарын кодта, афтæмæй европæйаг бæстæты парламентон æвзæрстыты рæстæджы æвзарæг зоны, фылдæр депутаттæ цы партийæ уа парламенты, уыцы партийы лидер уыдзæн  æххæст-гæнæг хицауиуæгады сæргъ-лæууæг.

Гобозы фырт куыд зæгъы, афтæмæй дыууæ факторы руаджы ныры æвзæрстыты фæстиуæг раз-вæлгъау уыдзæн зын рахатæн. Уыцы фактортæ сты, æвзарджытæ хæццæ – мажоритарон-пропорционалон системæмæ гæсгæ кæй хъæлæс кæндзысты æмæ профессионалон Парламентмæ кæй æв-зардзысты депутатты, уый. Уыимæ ма æвзарæг уыдзæн карздæр, лæмбынæгдæр йæ хъус дардзæн адæймаджы профессионалон æмвæзадмæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы æвзарæн кампанийы рæстæджы Парламенты фæзындзæн ног, цымыдисон адæймæгтæ. Уый уыдзæн позитивон фактор, уымæн æмæ 15 азы дæргъы сырæзт ног фæлтæр, кæцытæ бæрæг кæндзысты, иумандатон округы уæлахизуæвджыты.

Мадзалы раныхас кодта Парламенты депутат Бесаты Зитæ дæр. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй куыд æндæр бæстæйæн, афтæ Хуссар Ирыстонæн дæр тынг ахсджиаг у æвзарæн системæ хуыздæр кæныны процессы ирон æхсæнады æмæ паддзахады интерестыл æнцой кæнын, уымæй дæр дунеон æвзарæн стандарттæ хынцгæйæ, кæцытæ фидар æрцыдысты куыд хи бæстæйы фæл-тæрддзинадæй, афтæ фæсарæнты фæлтæрддзинадæй дæр.

Уымæ гæсгæ, принципиалон у, æвзæрстыты барты фæдыл быцæуаг фарстаты  æрмæст теоретикон æмæ практиконæй скъуыддзаг кæнын нæ, фæлæ ма нæ бæстæйы дунеон демократон æргъадтæм рахизыны  реалон перспективæ дæр.

Бесаты Зитæ банысан кодта Хуссар Ирыстоны, æвзæрстыты тых-хæй закъондæттынады æнæстабилондзинад. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æвзæрстыты тыххæй за-къонмæ барасткæнинæгтæ арæх хаст кæй цæуынц, уый æппæрцаггæй æндавы æвзæрстыты сис-темæйыл.

«Фæстаг рæстæджы æвзæрстыты тыххæй закъонмæ хаст æрцыд бирæ барасткæнинæгтæ. Уый нæ, фæлæ ма кардиналонæй фæивтой æвзæрстыты тыххæй базæйон закъæттæ. Уыимæ иумæ æвзæрстыты закъондæттынады ахæм ивындзинæдтæ дзурæг сты æвзæрстыты тыххæй РХИ-йы Конституцийы уагæвæрдты ныддихтæ кæнын  ма бауадзыныл», – загъта Бесаты Зитæ.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй, кæд раздæр æвзæрстыты системæйы реформæтæн уыд объективон характер, уæд ныр фыццаг бынатмæ рахызт поли-тикон конъюнктурæйы фактор.

Президенты аппараты сæргълæууæджы хæдивæг Джуссойты Аланы ныхæстæм гæсгæ, иу сæв-зæрстæй иннæ сæвзæрстмæ Парламенты куысты фæстиуæг хъуамæ уа гъæдджындæр, уымæн æмæ æххæстгæнæг æмæ закъондæттæг хицауиуæгадты раз æв-зæры ногæй ногмæ хæслæвæрдтæ, кæцыты скъуыддзаг кæнын хъæуы æмбæлон фæткмæ гæсгæ.

Парти «Иугонд Ирыстон»-ы лидер Тадтаты Алан дæр сразы Парламенты куысты цухдзинæдтыл. Фæлæ зæгъ, уый нæу парти «Иугонд Ирыстон»-ы аххос.

«Алы депутат дæр йæ куысты тыххæй дзуапп хъуамæ дæтта. Уый хъуамæ сахуыр кæна, цы закъæттæ райстæуы, уыдон æмæ афтæмæй хъæлæс радта, йæхимæ куыд растдæр кæсы, уый бахынцгæйæ, цæмæй  репликæтæ ма уа, æвæндонæй закъоны тыххæй куыд схъæлæс кодтой, уый тыххæй».

Хуссар Ирыстоны Компартийы сæрдар Коцты Станистлав банысан кодта, зæгъгæ, адæмы хъуыды хицауиуæгады хъуыдыйæ ма хъуамæ хицæн кæна.

«Мах ма хъуамæ бауадзæм æхсæнады кризис. Кризис сæвзæры, адæм иуæрдæм куы ацæуынц, хицауиуæгад та – иннæрдæм, хицауиуæгады архайд куынæ вæййы адæмы фæндонмæ гæсгæ, растæндæр уæд. Уыдон хъуамæ цæуой иумæ – уæхски-уæхск», – загъта Компартийы лидер.

«Цас фылдæр партитæ уа Парламенты, уыйас хуыздæр у, цæрджыты фылдæр  фæлтæрты интерестæ хъахъхъæд цæудзысты. Уый фадат ратдзæн, æвзæрстыты размæйы блоктæ нæ, фæлæ – парламентон блоктæ саразынæн. Уый фæстиуæгæн фæхуыздæр æмæ фæгъæдджындæр уыдзæн Парламенты куыст дæр», – банысан кодта Коцты Станислав.

Мадзалы ма раныхас кодтой Конституцион тæрхондоны тæрхон-гæнæг Джиоты Алан, Парламенты РХИ-йы Хицауады минæвар Кокойты Зураб, депутат Диакъонты Амиран æмæ æндæртæ.

Тымбыл фынджы куысты рæстæджы мадзалы хайадисджытæ арфæ кодтой Гаглойты Иринæйæн, Медиа-центр «Ир»-ыл 9 азы кæй сæххæст, уый сæраппонд. Уыдон куыд дзырдтой, афтæмæй 9 азы дæргъы Медиа-центр стыр ролы ахъазыд республикæйы æхсæнадон æмæ политикон царды æрцæугæ процессты. Сæ ныхæстæм гæсгæ, Медиа-центр у ахæм фæзуат, цыран зæгъæн ис хи объективон хъуыдытæн, уый ма у ахæм æхсæнадон структурæ дæр, кæцыйы нысан у, æхсæнады цы процесстæ цæуы, уыдон объективонæй равдисын кæнын. Æмæ йын æнтысгæ дæр кæны. Загътой йын æнтыстджын куысты фæндиæгтæ.

Осиаты Индирæ 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.