Израилаг-палестинаг конфликт

 

Дзуттæгты æмæ арабæгты ‘хсæн конфликт нæ мынæг кæны сæдæ азты дæргъы. Куы активон фазæмæ ахизы, куы та рæстæгмæ æрмынæг вæййы. Уыйбæрц рæстæг бынæттон цæрджытæ цæрынц тасы – теракттæ, лæгмæрдтæ, ракетæты æмæ бомбæты рæмыгъдтытæ сты сæ царды æрвылбонон фæзындтæ. Кæдфæнды æндыгъд уавæрæн ис бæрæг аххосæгтæ. 

Сæ ныхмæлæуды истори сын чи нæ зоны, уыдон æнхъæлынц, зæгъгæ, тугмондаг арабæгтæ скуынæг кæнынмæ хъавынц æрыгон дзуттаг паддзахады. Ахæм хъуыды ныффидар кæнынæн ахъаз сты дзыллон информацийы фæрæзтæ. Уымæн æмæ æгас дунейы иууыл егъаудæр информацион фæрæзты контроль кæны АИШ æмæ бирæ азты дæргъы информаци дæттынц Израилы пайдайæн, арабæгты та æппынæдзух чъизи æмæ дæлдзиныг кæнынц. Афтæмæй та сын сæ историмæ куы æркæсæм, уæд ирдæй зыны, дзуттæгтæ арабæгты кæй сурынц сæ райгуырæн уæзгуытæй æмæ сæ кæй куынæг кæнынц, цæмæй сын сæ зæххытæ сæхи бакæной.

 

Историон бæрæггæнæнтæ

Дзуттæгтæм паддзахад саразыны хъуыды фæзындис XIX-æм æнусы кæрон – 1890-æм азы фыццаг хатт спайда кодтой термин «сионизм»-æй. Топоним «Сион»-æй рагон библийы азфыстыты нысан кодтой горæт Иерусалим. Дзуттæгтæн дзырд «сион» ссис сæ рагфыдæлты райгуырæн бæстæйы символ. XIX-æм æнусы дзуттæгтæ зæххы алы къуымтæй миграци райдыдтой Палестинæмæ. Кæд æмæ 1882 азы Палестинæйы территорийыл ма цардысты æрмæстдæр 24 мин дзуттаджы – бынæттон цæрджыты 8%, уæд 1947 азы сæ нымæц ахызт 630 минæй. Проценттæм ракæнгæйæ сæ нымæц схæццæ 32 процентмæ. Абоны бон Израилы дзуттæгты нымæц ахызт авд миллуанæй, процентон æгъдауæй та схæццæ 74 процентмæ.

Фыццаг Дунеон сионистон конгресс уагъд æрцыд горæт Базелы 1897 азы æмæ йæ хайадисджытæ сæ разы хæс æрæвæрдтой, дзуттаг паддзахад саразын æмæ йæ дунейы бæстæтæн  хæдбарыл банымайын кæныны хæс. Ацы хъуыды арф ныффидар се ‘хсæн æмæ йæм кæсынц национ бæллицы цæстæй. Израилы цæрджытæм куы байхъусай, уæд сæхи уымæй раст кæнынц, зæгъгæ, Библийы фыстытæм гæсгæ уыцы зæххытæ дзуттæгты сты – цардысты дзы суанг 3 мин азы размæ. Ахæм хъуыды банымайæн ис абсурдыл. Алчидæр афтæ куы хъуыды кæна, уæд, зæгъæм, ирæтты рагфыдæлтæ та кæддæр Каспы денджызæй суанг Сау денджызмæ территоритыл цардысты.

Израилы цæрджытæ ма ноджы сæхи араст кæнынц уымæй, ома Палестинæмæ куы æрцыдысты, уæд æдзæрæг бæстæ уыд æмæ дзы цæрыны уавæртæ сарæзтой. Уый фæстæ, ома, палестинæгтæй байдзаг ис æмæ сæ ныр сабыр цæрын нал уадзынц. Фæлæ уыдон гæды ныхæстæ сты. Палестинæйы территорийыл дзуттæгтæй раздæр, ома XIX-æм æнусы размæ, цардысты  бирæ нацитæ æмæ алыгъуызон диныл хæст адæмтæ, уыдоны ‘хсæн арабæгтæ дæр. Кæцыдæр бинонтæ дзы сæ фыдæлты истори уыцы зæххытыл цæргæйæ зонынц XV–XVI æнустæй фæстæмæ. Æгæрыстæмæй ма Израилы фыццаг премьер-министр Давид Бен-Гурион дæр дзырдта, зæгъгæ арабæгтæ зæххытæ фесафынæй нæ тæрсынц, фæлæ тæрсынц сæ нацийы Фыдыбæстæ фесафынæй, кæцыйы сын дзуттæгтæ исынмæ хъавынц сæхицæн Фыдыбæстæ саразыны нысанæн.

Палестинæйы арабаг цæрджытæн дзуттæгтæ сты тыхгæнджытæ, тыхæйисджытæ. Æмæ арабæгты бынаты алчидæр ахæм хъуыдыйыл лæуд уаид. Дзуттæгтæ та сæхи сраст кæнынæн «аргъæуттæ» æрымысыдысты æмæ сæ фæнды, цæмæй æгас дуне уыцы ныхæстыл баууæнда. Израилы цæрæг дзуттæгтæ æппынæдзух сусæгæргомæй архайынц, цæмæй арабæгтæ сыстой æмæ ацæуой искуыдæм, ссæрибар кæной Палестинæйы зæхх. Афтæмæй та Израилы разамынад æргомæй дзуры, ома Израилы æмбæстæгтæн иууылдæр иухуызон бартæ ис. Фæлæ æцæгæй та уавæр цæхгæр хицæн кæны сæ ныхæстæй. Зæгъæм, арабæгтæй бирæтæн ныр дзæвгар азты дæргъы сæ фыдæлты цæрæнуæттæм бацæуыны бар нæй, фæлæ Уæрæсейæ кæнæ æндæр бæстæйæ дзуттаг куы ныццæуа Израилмæ, уæд æй уайтагъд уыцы бæстыхайы æрцæрын кæндзысты. Æгæрыстæмæй, Палести-нæйы арабаг цæрджытæй исчи иу азы æмгъуыдмæ куыстагур куы ацæуа искуы-дæм, уæд ын йе ‘мбæстагдзинад байсынц æмæ йæ фæсурынц йæ райгуырæн зæххæй.

Фыццаг дунеон хæсты 1917-1920 азты бритайнаг æфсад басаста туркæгты æмæ Палестинæйы территори йæхи бакодта. Уæды рæстæджы Стыр Британийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Артур Бальфур фыстæг арвыста бритайнаг дзуттаг общинайы минæвар лорд Уолтер Ротшильдмæ ахæм мидисимæ, ома уæ бæллиц хæстæгдæр кæны, рæхджы Палестинæйы территорийыл дзуттаг наци фæстæмæ бындур æрæвæрдзæнис йæ ног паддзахадæн.

1922 азы Нациты Лигæ сфидар кодта мандат, кæцымæ гæсгæ Стыр Британийæн радтой Палестинæйы территори контроль кæныны бар. Уыцы мандаты фæлгæтты фæстæдæр Палестинæйы зæххыты схуыд-той Трансиорданийы эмират. Фæстæдæр 1946 азы, йын радтой хæдбардзинад, фæлæ уымæй уавæр ноджы фæкарздæр. Проблемон фарстмæ æркастысты ИНО-йы Генералон ассамблеяйы æмæ 1947 азы фæндон рахастой, цæмæй Палестинæйы территорийыл арæзт æрцæуа дыууæ паддзахады – дзуттаг æмæ арабаг. Уыимæ ма иумæ æрурæдтой Стыр Британийы мандат дæр. 1948 азы арæзт æрцыд дзуттаг паддзахад Израиль, фæлæ дзы арабаг падзахад абон дæр нæй. Ууыл не сразы сты пысылмон диныл хæст бæстæтæ æмæ абоны онг ныхмæлæуд не ‘рсабыр.

Хæстæг Хурыскæсæны дзæвгар паддзахадтæ уыд, адæм дæр дзы бирæ цард, ноджы ма дзы ссардтой нефть æмæ æрдзон газ, арæзт дзы æрцыд Суэцы канал. Бынæттон знæмтæ не ‘ууæндыдысты колонизатортыл, сæ лæгсырд митæ хъуыстгонд уыдысты æгас дунейыл æмæ уымæ гæсгæ  европæйаг хъомысджын бæстæтæн зын уыд ацы территоритæ байсын, басæттын. Стæй ма хорз хæстонтыл нымад уыдысты рагæй фæстæмæ арабæгтæ, персайнæгтæ æмæ уым цæрæг æндæр нацитæ, æмæ колонизаторты бахъуыд хинтæй пайда кæныны сæр. Балхæдтой-иу сын сæ паддзахты, гадзрахатæй-иу сыл рацыдысты, кæрæдзийы ныхмæ-иу сæ схæцын кодтой, æмæ сæ ахæм хæццæ дуджы контроль кодтой, сæ хъæздыгдзинæдтæ сын сæхимæ ссывтой.

Цæмæй регионы æппынæдзух Стыр Британийы æндæвдад уа, уый тыххæй хинæйдзаг англосакстæ спайда кодтой ног методæй. Дзуттæгтæн Палестинæйы зæххыл паддзахад саразын сæ национ бæллиц кæй уыд, уый зыдтой Стыр Британийы разамынад, æмæ сæ ноджы разæнгард кæнын райдыдтой уыцы хъуыддагмæ. лæвæрдтой сын æхцайы фæрæзтæ, ифтонг сæ кодтой материалон æгъдауæй, цæмæй цæуой Палестинæмæ цæрынмæ. Палестинæйы зæххытыл цардысты мæгуыр, гæвзыкк адæм, æмæ-иу хъæздыг дзуттæгтæ ныццыдысты, сæ зæххытæ-иу сын арендæйы райстой кæнæ балхæдтой. Цыдæриддæр сæм куыстуæттæ уыд, уыдоны хицæуттæ систы дзуттæгтæ, зæххытæ дæр, юридикон æгъдауæй, сæхиуыл сфидар кодтой. Афтæмæй бынæттон цæрджытæ иугай-дыгай куыстагур цыдысты  æндæр рæттæм. Арабæгтæ-иу растадысты тыхæйисджыты ныхмæ, фæлæ-иу сæ дзуттæгтæ англосаксты æфсады æххуысæй басастой. Афтæмæй азæй-азмæ палестинæгты уавæр æвзæрдæр кодта.

Уавæр ноджы февзæр ис дыккаг дунеон хæсты рæстæджы. Европæйаг дзуттæгтæ немыцаг фашисттæй лыгъдысты æмæ сæ иу хай агуылф кодта Палестинæмæ. Ацы уавæрæй та уайтагъд спайда кодтой англосакстæ æмæ сын алывæрсон æххуыс кодтой, цæмæй æдæрсгæйæ хæццæ кæной Хæстæг Хурыскæсæнмæ. Советон Цæдис ацы æнæрæстдзинад уыдта, фæлæ йæ бон ницы уыд саразын. Уымæн æмæ арабæгтæ уый размæ баиу сты Гитлеримæ æмæ уымæй сæхицæн сæ фæндæгтæ æрæхгæдтой. Англосаксты дæр ма æндæр цы хъуыд – райдыдтой сæ куынæг кæнын, сурын сæ зæххытæй æмæ дзуттæгты зæххытæ азæй-азмæ уæрæхдæр кодтой.

Арабæгтæ æцæгæй фашистты ‘вварс нæ уыдысты, æххуыс дæр сын уадиссаг ницы кодтой. Гитлер сын ныфс бавæрдта, зæгъгæ, уæ дзуттæгтæй фервæзын кæндзынæн æмæ ма палестинæгты дæр æндæр цы хъуыд. Фæлæ арабæгты бæллицтæ нæ сæххæст сты. Уымæй уæлдай ноджы сæ уавæр бæрæг февзæрдæр. Англосаксты æххуысæй дзуттæгтæ арабæгты сæдæ азы дæргъы цахæм методтæй куынæг кодтой, уый абоны бон нымайынц терроризмыл.

 

Хуыцауæй «æвзæрст» нацитæн æмæ бæстæтæн алцы бар дæр ис

Уыцы дыдзæсгом митæ ныр дæр ирдæй зынынц ныгуылæн бæстæты къахдзæфтæй æмæ ныхæстæй. Зæгъæм, 2014 азæй фæстæмæ украинаг фашисттæ Донбассы сабыр цæрæг адæмы куы цагътой, уæд сæ англосакстæ сæ «къæбылатимæ» сæрибарыл тохгæнджытæ рахуыдтой. Стæй Уæрæсе сæ ныхмæ куы фæлæууыд, уæд уæрæсейаг хæстонтыл та «агрессорты» æмæ «террористты» ном сæвæрдтой. Палестинæйаг хæстонты дæр террористтæ рахуыдтой, фæлæ Израиль æнæхъæн цæрæн кварталтæ бомбæтæй кæй раст кæны зæххимæ, сылгоймæгтæ æмæ сывæллæтты кæй мары, уыцы хъуыддæгтæ та растыл нымайынц, сæ лæгсырд митыл сын сæ цæстытæ сæхгæдтой.

Абоны бон АИШ æргомæй Израилы ‘вварс кæй хæцы, уый диссаг макæмæ фæкæсæд. Стыр Британи æмæ АИШ-æй ницы хицæндзинад ис, æрмæстдæр юридикон æгъдауæй дыууæ хицæн паддзахадты нæмттæ хæссынц. Уымæ гæсгæ НАТО-мæ дæр хорзæй ницæмæ ис æнхъæлмæ кæсæн – АИШ куыд зæгъа, афтæ архайдзысты израилаг-палестинаг конфликты. Ныридæгæн НАТО-йы инструкторты сусæгæй æрвитынц Израилмæ, æгæрыстæмæй ма сæ Украинæйæ дæр ракодтой.

1948 азы Израиль расидт хæдбар паддзахад, фæлæ ууыл не сразы сты арабаг бæстæтæ. ИНО-йы планмæ гæсгæ Израилæн рахицæнгонд æрцыд бирæ фылдæр зæххытæ æмæ та ам дæр ирдæй зынынц англосаксты фæлитой митæ. Арабæгтæ дзуттæгтæй фылдæр цы районты цардысты, уыцы зæххытæ дæр Израилы разæй скодтой. Уый фæстиæуæгæн Египет, Ирак, Сири, Иордани æмæ Ливаны гарзджын тыхтæ бабырстой Израилмæ. Карз тохты фæуæлахиз Израиль æмæ кæй фæрцы рамбылдта, уый зын базонæн нæу. Хæстон архæйдтыты фæстиуæгæн ноджы фестырдæр Израилы территори. Уæдæй фæстæмæ ноджы цалдæр хатты схæцыдысты арабæгтæ Израилимæ, фæлæ та-иу англосаксты æххуысæй дзуттæгтæ фæуæлахиз сты æмæ та-иу сын сæ зæххытæй ноджы байстой. Уыцы тугкалæн ныхмæлæуд цæуы абоны онг æмæ 1948 азæй фæстæмæ Израилы территори ауæрæх 3,5 хатты. Уымæй уæлдай ма контроль кæнын райдыдта горæт Иерусалим дæр, кæд æмæ раздæры бадзырдмæ гæсгæ æрдæгыл дих хъуамæ æрцыдаид. Ныр ма дзы баззад сектор Газа æмæ уый дæр «аныхъуырынмæ» хъавынц Израиль.

Израиль палестинæйаг парти «ХАМАС»-ы хоны террористон æмæ йын йæ минæвæртты хъавы скуынæг кæнынмæ. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ ацы партийы стыхджын кодта Израиль, израилаг финансты фæрцы рамбылдта æвзæрстыты.

Палестинæйы цæрæг арабæгты фылдæр хай «ХАМАС»-мæ ницы бар дарынц æмæ сæ афтæ æгъатырæй цæмæн цæгъдынц Израилы æфсæддонтæ? Цы гæнæг сты дыууæ миллуанæй фылдæр сабыр цæрæджы?

Израилы разамынады рагæй фæнды, цæмæй сектор Газа «асыгъдæг» кæной арабаг цæрджытæй. Ныр сын æфсон ис æмæ сæ æгъатырæй цæгъдынц, сарæзтой сын блокадæ, сæ цард сын зындон фестын кодтой, уадзын сын кæнынц сæ хæдзæрттæ, æртхъирæнтæ сæм кæнынц.

Англосакстæ алцыдæр сараздзысты, цæмæй Израиль састы бынаты ма баззайа. Уымæн æмæ сæ фæрцы контроль кæнынц æгас Хæстæг Хурыскæсæны мидæггагон процесстæ, тауынц дзы мæгуырдзинад, хаос, фыдæхдзинад. Ахæм методты фæрцы сæ къухты æфтынц сæ хъæздыгдзинæдтæ. Уымæ гæсгæ АИШ æмæ йæ дæлбар бæстæтæ, æрмæстдæр, æфхæрдзысты арабæгты, дзуттæгты та раст кæндзысты. Израилæй та цы зæгъæн ис – цахæм фæлитой æмæ æгъатыр куратортæ йын ис, растдæр ахæм бæстæ у.

ДЖИОТЫ Алыксандр

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.