Хъодалаты Герсаны 85 юбилейон азы цытæн мадзал райдыдта Анахарсисы номыл Национ библиотекæйы кусæг Тъехты Ингæйы раныхасæй.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, алыварсон курдиаты хицау адæймæгтæ не ‘хсæн куы нал вæййынц, сæ дзыхы дзырд сын куынæуал фехъусæм, се сфæлдыстадæй сын куы фæцух вæййæм, уæд ма махæн нæ бон вæййы сæ нæмттæ сын ма ферох кæнын, сæ лæггæдты тыххæй дзурын æмæ кад кæнын, æмæ ныхасы бар радта библиотекæйы ирон хайады сæргълæууæг Сланты Заирæйæн:

«Герсан литературæйы цалдæр къабазы архайдта, фæлæ стырдæр хъусдард здæхта поэзимæ. Цы бирæнымæц æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдонæй иу дæр фыст нæу æнæхъуаджы, се ‘хсæн нæй ахæм æмдзæвгæ, кæцы нæ дзуры ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг фарстыл.

Герсан нæ рох кодта сабиты æмæ æвзæнгты дæр. Фыста сын уацмыстæ. Арæх ма-иу афтæ дæр загъта, сомбоны амондджын царды рахæцæн сты æмæ сæ куыд схъомыл кæнæм, ууыл баст у æрмæст нæхи амондджын цард нæ, фæлæ ма Ирыстоны тæхудиаг цард дæр», – банысан кодта докладгæнæг.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ирон литературæйы историйы ка-федрæйы сæргълæууæг, профессор Плиты Гацыр та йæ раныхасы райдианы бузныджы ныхæстæ загъта, мадзал чи бацæттæ кодта æмæ йæм чи æрбацыд, уыдонæн. Уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ, ахæм мадзæлттæ уадзынæн æрмæст патриотикон хъомыладон нысаниуæг нæй, фæлæ ма алыварсон нысаниуæг дæр. Уымæн æмæ нæ кæстæртæ хъуамæ зоной сæ кадджын æмæ зындгонд адæймæгты.

«Герсанимæ тынг раджы базонгæ дæн, арæх æмбæлдтæн йемæ, фæлæ никуы хъуыды кæнын æмæ искуы истæй тыххæй фæхъыг стæм нæ кæрæдзимæ. Цы сфæлдыстадон куыст кодта, уый тыххæй та банысан кæндзынæн уый, æмæ зынгæ ирон ахуыргонд Абайты Васо кæй сфæлдыстадон куыстытæ банымадта хорзыл, арæх кæй сфæлдыстадæй æппæлыд, уыцы адæймаг, æцæгæйдæр у аккаг, цæмæй йын йæ адæм кæной æмбæлон аргъ æмæ кад», – загъта Плиты Гацыр. 

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты хистæр ахуыргæнæг Плиты Серго та банысан кодта, зæгъгæ, цардæй ацæугæйæ адæмы ‘хсæн дæ ном баззайа, уый æнцон саразæн нæу, фæлæ уый Герсаны къухты бафтыд, уымæн æмæ цы фыста, уым æвдыста  рæстдзинад, рæгъмæ хаста, негативонæй цы уыдта, уыдон, афтæмæй парахат кодта æгъдау æмæ фæтк.

Герсаны цардæмбал, фыссæг Наниты Асиат раарфæ кодта, Герсаны рухс ном кæй æрхъуыды кодтой æмæ йын юбилейон изæр кæй сарæзтой, уый фæдыл. «Æз та зæгъдзынæн, бинонты, хæстæджыты æмæ зонгæты ‘хсæн цахæм уыд, уый тыххæй. Уæздан ахаст сæм дардта, уарзта алкæй дæр, алкæмæн дæр æй фæндыд лæггад кæнын æмæ лæггад дæр кодта. Афтæ зæгъон æмæ æппынæдзух йæхи дардта сабыр, уый зæгъын дæр нæу мæ бон. Чысыл рæдыд, науæд цухдзинады тыххæй дæр-иу йæ хъуыды æнæзæгъгæ нæ фæцис».

Юбилейон изæры ма раныхас кодтой журнал «Фидиуæг»-ы сæйраг редактор Годжыцаты Нелли, зонад-иртасæн институты зонадон кусджытæ Битарты Зоя,  Дзадтиаты Руслан æмæ æндæртæ.

Герсаны фыст æмæ Герсаныл фыст æмдзæвгæтæ бакастысты горæты скъолаты ахуыргæнинæгтæ.

Гæззаты Иван

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.