2-æм октябры «Спутник»-ы конференц – залмæ хуынд æрцыдысты Павел Ковальский, Вера Денк æмæ Михаил Герасимов.

Уæрæсейаг уынаффæгæнджытæ æртæ азы куыстой Хуссар Ирыстоны цæрæнуантон-коммуналон, æнæниздзинад хъахъхъæныны, ахуырадзонад, афтæ экономикон райрæзты фарстатыл.

Ацы профилон специалисттæ Хуссар Ирыстоны æртæазон командировкæйы фæстæ, фæстæмæ здæхтысты Уæрæсемæ. Хæрзбон сын зæгъыны хæдразмæ, уыдон дзыллон информацийы фæрæзты руаджы радзырдтой сæ тæлмæнтæ республикæйы адæмы цы профилон министрадты куыстой, уыдон куысты тыххæй.

Экономикон райрæзты министры уынаффæгæнæг Павел Ковальский загъта, æртæ азмæ йæм кæй æрæмбырд бирæ зæгъинæгтæ: «Æз никуы ахъуыды кодтаин, мæ царды искуы Фæскавказы кæй цæрдзынæн. Ныр мæ фæнды зæрдæбынæй зæгъын бузныг æгас Хуссар Ирыстоны адæмæн, сæ зæрдæхæлар æмæ куыстуарзондзинады тыххæй. Нæ разы цы хæстæ æвæрд уыд, уыдон, зæгъæн ис, æххæст æрцыдысты. Райдианы мах фæнд кодтам, цæмæй баххуыс кæнæм Хуссар Ирыстоны специалисттæн экономикон фарстатæ скъуыддзаг кæныны. Ома, мах тырныдтам, цæмæй республикæ базона, цы æрдзон хъæздыгдзинæдтæ сæм ис, уыдонæй нысанмæздæхтæй архайын, уыцы æфтиæгтæ та хъуамæ цыдаиккой бюджетмæ æмæ  афтæмæй хицауадæн йæ бон уыдаид социалон фарстатæ скъуыддзаг кæнын», – дзырдта Ковальский.

Уый ныхæстæм гæсгæ ацы стратегион фарст аскъуыддзаг кæныны тыххæй æвзæрст æрцыд æртæ фæдыздæхты. Фыццаг фæдыздæхтмæ гæсгæ агуырд цыд фæсауæрцтæ, кæцыты фæрцы бюджетмæ цыдаид æфтиæгтæ. Дыккаг – республикæйы амалиуæггæнджыты æхсæнадимæ хъуыд æмбæлон æмахастытæ саразын. Æххуыс сын цыд алыфарсонæй дæр, цæмæй сæ амалиуæгадон куыстæн уыдаид фæстиуджытæ. Хицауад сын сæ фарстатæ куы скъуыддзаг кæна, ныхдуртæ сын куынæ араза, уæд уыдон бюджетæн уыдзысты æххуыс.

Æртыккаг фæдыздæхты та уæрæсейаг уынаффæгæнæг банымадта иууыл зындæрыл: «Республикæмæ инвестортæ æрхонын, кæцытæ практикон æгъдауæй хъуамæ равдыстаиккой, серьезон проекттæ куыд реализаци цæуынц, уый. Хъуамæ хъуыддагæй æвдыст æрцыдаид, Хуссар Ирыстоны кæй ис инвестицион проекттæ среализаци кæныны уавæртæ».

Уый ма куыд загъта, афтæмæй ацы æртæ аз цыд активон куыст уыцы фарстатыл æмæ ацы процессыл архайæг министрад æмæ уагдæттæ скуыстой, куыд иу механизм. Уымæн æвдисæн паддзахадон бюджетмæ цы æфтиæгтæ цæуы, уыдон динамикæ. 2015 азы, уыцы фæдыздæхты бюджетмæ æрбацыд 785 милуаны, 2017 азы та миллиард сомæй фылдæр. Ацы аз уыцы нымæц уыдзæн бирæ фылдæр.

Павел Ковальский ма куыд загъта, афтæмæй уыдон арæх æмбæлдысты республикæйы амалиуæггæнджытимæ, амыдтой сын амалиуæгады куыст фæсаууон кæнын кæй нæ хъæуы, цас æргом æмæ уæндондæр уой, уыйбæрц сæ куыст фылдæр фæстиуæг кæй хæсдзæнис. Бирæ амалиуæггæнджытæ бамбæрстой ацы сусæгдзинад æмæ фæстаг æртæ аз рахызтысты сæ бизнес цивилизацийы методтæм гæсгæ аразынмæ.

Экономикон райрæзты министры уынаффæгæнæг зæрдыл æрлæу-уын кодта, 2015 азы республикæйы кæд æрмæстдæр иунæг инвестицион проект БТК-4 реализаци æрцыд, уæд ныр та Ирыстоны кусы дæсгай ахæм проекттæ.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады фарстатæм та йæ хъус дардта Вера Денк. Уый дæр бузныг загъта Хуссар Ирыстоны дзыллон-информацийы фæрæзтæн, фадат ын кæй радтой Ирыстоны цæрджытæн бузныг зæгъынæн: «Уæ адæм мæ тынг хорз райстой æмæ мæнæн дæр тынг æхцон уыд кусын. Уæ адæм мæ сахуыр кодтой уазæгуарзондзинадыл. Бирæ хæлæрттæ мын фæзынд! Мæ командировкæйы фæстæ дæр мæм уыдон æнхъæлмæ кæсынц уазæг-уаты. Æз дæр сæ фæхуыдтон Уæрæсемæ, æрмæст рагацау тæрсын, сæхиау сын фаг лæггад куынæ суа мæ бон», – дзырдта Вера Денк.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны хорз фадат ис цæрæнуатон-коммуналон фæдыздæхты процесстæ уадзынæн. Куыст куы цæуа, цæрæн хæдзæрт-тæ, уагдæттæ арæзт куы лæуой, уæд цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад семæ кусдзæнис, куыд иу механизм, афтæ æмæ æрмæстдæр уæд уыдзæн хорз фæстиуджытæ.

Йæ куыстæн фæстиуджытæ аразгæйæ та загъта: «Мах фæхуынд уæ бæстæм  æнцой кодта, фыццаджыдæр, цæмæй цæрæнуатон-коммуналон куыстытæ аразгæйæ кусджытæн ифтонг æрцæуой се ‘дасдзинады фарстатæ. Дыккаг фарста та уыд, цæмæй арæзтад цæуа максималонæй гъæдджынæй. Уыцы дыууæ фарст хъуамæ кусой, куыд иу механизм. Ныртæккæ уæ республикæйы территорийыл кусы фараст цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады. Уыдонæй фондз ис республикæйы районты, æртæ та – Цхинвалы. Ис ма ахæм куыстуат, кæцы кусы цæрджыты электроэнерги æмæ газæй ифтонг кæныныл. Уыдон гъæдджын куыстæй аразгæ сты цæрджыты царды уавæртæ. Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадты кусы 1500 адæймаджы бæрц, махæн нæ хæс уыд уыдонæн хæрзвадат куысты уавæртæ саразын. Мах уыцы хæс сæххæст кодтам, сарæзтам кусджытæн фæтк, æмæ механизмтæ», – дзырдта Вера Денк.

Фехъусын ма кодта, уымæй уæлдай арæзт кæй æрцыд цæ-рæнуатон-коммуналон хæдзарадтæн хицауадæй æххуыс дæр. «Уый нысанæн паддзахадон бюджетæй хицæн æрцæудзæн субсидитæ, цæмæй ныллæг тарифтæм гæсгæ лæггад кæной паддзахадон уагдæттæн. Уый фæдыл куыст æрцыд нормативон гæххæттытыл, кæцытæм гæсгæ цæрджытæн дæр уыдзæнис хицауады æххуысæй цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадты лæггæдтæй спайда кæныны бар. Куысты гъæд æмæ уыдон афоныл сæххæст кæныны тыххæй дæр сырæзт нормативон базæ, кæцымæ гæсгæ контроль цæудзæнис куысты процессыл. Уæдæ ныр цæрджытæн уыдзæн уавæртæ, цæмæй куыст сæ зæрдæмæ куынæ фæцæуа, уæд фехъусын кæной сæ барты тыххæй. Ноджы уын иу хатт уæ зæрдыл æфтауын, уæ бартæ нырæй фæстæмæ уæ бон кæй уыдзæнис бахъахъхъæнын!», – дзырдта уæрæсейаг уынаффæгæнæг.

Арæзтады министры уынаф-фæгæнæг Михаил Герасимов та æрдзырдта фæстаг азты Инвестицион программæйы фæлгæтты, хæрзвадат уавæрты цы уæрæх проекттæ реализаци æрцыд, уыдон фæдыл. «Цæмæй уыцы проекттæ арæзт æрцыдаиккой, уый тыххæй хъуыд уæрæх æмæ алыварсон куыст бакæнын. Æз мæ хæсыл нымадтон мæ коллегæтæн баххуыс кæнын. Ам, сымахмæ цы æртæ азы арвыстон, уыцы рæстæджы дæргъы, æппынæдзух, анализ цыд нормативон-техникон гæххæттытыл, арæзтады къабазыл. Арæзт æрцыд техникон механизмы административон контроль.

Герасимов куыд загъта, афтæмæй 2018-19 азты Инвестпрограммæмæ хаст æрцыд социалон нысаниуæг кæмæн ис, бирæ ахæм объекттæ. «2015-17 азтæм хаст Инвестпрограммæйæн йæ 98 проценты у æххæст. Ис афтæ зæгъæн, нæ къухы хорз æнтыст кæй бафтыдис. Ам мæ стыр бузныг зæгъын фæнды Арæзтады министрæн. Уый бирæ архайы, цæмæй куыст размæ цæуа. Æз Ирыстонæй цæуын ныфсимæ, уырны мæ, куыст раст фæндагыл лæуд кæй у. Сымах базыдтат сæрмагондæй Инвестпрограммæйы реализаци кæнын куыд хъæуы уый», – дзырдта уæрæсейаг уынаффæгæнæг.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.