Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли  ауагъта æмбырд 2018-2019 азты Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ куыд æххæст цæуы, уый фæдыл.

Æмбырды куысты хайад райстой РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, РХИ-йы Финансты министр Хæбæлаты Азæ, РХИ-йы Экономикон рæзты министр Ко-койты Геннади, РХИ-йы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуард æмæ æндæртæ.

Паддзахады сæргълæууæг бацымыдис кодта, Инвестпрограм-мæмæ цы объекттæ хаст æрцы-дысты, уыдонæй сметæйон документаци цалæн у арæзт, уымæ.

«Проектон-сметæйон документаци арæзт у Инвестпрограммæйы æхсæз объектæн. Уыдон сты горæты Чиайы фырты, Джыггайы фырты æмæ Нарты уынгтæ, Хъайтарты уынджы бирæфатерон хæдзар, Гуфта-Къуайса æмæ Гром – Цъинагары фæндæгтæ», – загъта Зæгъойты Эдуард.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, банысангонд уынгты магистралон бастдзинæдты арæзтадтæ сты алыгъуызон стадитыл.

«Техцæстдарды фарсы ‘рдыгæй уыд цалдæр фиппаинаджы, фæлæ сæ мах уайтагъд сраст кодтам», -загъта Зæгъойы фырт.

Коммункацитæ – дон, газ æмæ канализаци уадзыны куыстытæ хъуамæ фæуой июны, æмæ уæд райдайдзысты куыстытæ уынгты хæрзарæзтады фæдыл.

Фæндаджы арæзтады æмæ автомобилон фæндæгты эксплуатацийы комитеты сæргълæууæг Гуызыдтаты Эдуард радзырдта Гуфта-Къуайсайы фæндаджы арæзтады тыххæй.

«Гуфта-Къуайсайы фæндаджы куыстытæ цæуынц иттæг хорз. Техникæ кусы, æмæ Уæрæсейы Федерацийы Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министрадимæ æнгом æмгуыстады фæрцы ног къуырийæ нæ зæрды ис арæзтады ног этапмæ рахизын», – загъта Гуызыдтайы фырт.

 

Тарификацийы фарстатæ – хъусдарды бын

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли ауагъта æмбырд тарификацийы фарстаты фæдыл. Боны фæткмæ хаст æрцыд дыууæ фарстайы: Паддзахадон унитарон куыстуат «Цæрæнуатон-эксплуатацион къанторæ»-йы кусджытæн мызд бафидыны къуылымпыты æмæ цæрæнуатон-коммуналон лæггæдтæ – газ, электроифтонгад, дон, хæдзæрттæм донауадзæнтæ, бирæфатерон хæдзæрттæ дарыны  хæрдзты тыххæй ахынцинæгты фæдыл цы куыст цæуы, уыцы фарстыты фæдыл.

Хыгъдтæм байхъусгæйæ, хицауады сæргълæууæг бахæс кодта профилон ведомствоты къухдариуæггæнджытæн, цæмæй Цхинвалы горæтон администрациимæ иумæ, бакусой ацы фарстыл æмæ паддзахадон унитарон куыстуат «Цæрæнуатон-эксплуатацион къанторæ»-йы кусджытæн сæ мызд бафидой. «Цæрæнуатон-эксплуатацион къанторæйы кусджытæ февралы мæйæ фæстæмæ сæ мызд нæ райстой. Йæ аххосаг у тарифтыл кæй нæ бакуыстæуыд, уый. Адæм хъуамæ цæргæ кæной, уæвгæ нæ фæлæ. Ахæм уавæртæн уæвæн нæй, цæмæй адæм сæ мызд ма исой 1-2 мæйы бæрц», – банысан кодта Бибылты Анатоли æмæ бахæс кодта, цæмæй æвæстиатæй аскъуыддзаг кæной ацы фарст.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады фарстаты фæдыл РХИ-йы экономикон рæзты министры уынаффæгæнæг Вера Денк радзырдта, куыстæн йæ нысан уый у, цæмæй алы тарифæн дæр бындур æвæрд æрцæуа. Йæ ныхæстæм гæсгæ, раздæр тарифтæ фидар æрцыдысты æнæ æмбæлон бындурæй.

Махæн нæ хæс уый нæу, цæмæй тариф фæбæрзонддæр кæнæм, фæлæ куыстуат цы лæггæдтæ кæны, уыдонæн сæ аргъ цас раст æвæрд у, уый сбæлвырд кæнын.

«Мах алы куыстуатимæ дæр бакуыстам, цæмæй фæлхасгæнæг иса гъæдджын лæггæдтæ раст æмæ æмбæлон аргъыл», – бамбарын кодта Вера Денк.

Йæ ныхæстæм гæсгæ уал, фыццаг этапы бамбарын хъæуы аргъ, стæй та уыцы аргъ бафидын, фæлхасгæнæгæн йæ бон у, æви нæ, уый.

«Кæд ын зын бафидæн у, йе ‘фтиæгтæм гæсгæ,  æмæ йæ бон не суыдзæн йæ бафидын, уæд паддзахад уый йæхимæ хъуамæ райса. Æмæ фæлхасгæнæг раздæр куыд фыста, афтæ фиддзæн, фæлæ куыстуатæн паддзахад компенсаци араздзæн, цæрджытæ цы фидынц æмæ экономикон æгъдауæй фидаргонд тарифы ‘хсæн цы хицæндзинад уыдзæн, уый», – банысан кодта Вера Денк.

Уый банысан кодта, сæйраг хæс кæй у, цæмæй æргъты хатдзæгтæ аразгæйæ, цыфæнды аргъ скæной, уæддæр хъуамæ уа бæлвырд, ирд æмæ æмбæрстгонд.

«Мах къуырийы фæуды æнхъæлмæ кæсæм райдиан зонæнтæм æмæ тагъд рæстæджы нæ бон суыдзæн ног ахыгъд саразын, афтæ ма 2019 азы хардзон хай куыд фæивдзæн, уый динамикæ банымайын», – банысан кодта уый.

Коммуналон брæттæ аласыны куысты фарстыл дзургæйæ та, Цхинвалы администрацийы хæрзарæзтады управленийы кусæг Джыгкайты Вахтанг куыд загъта, афтæмæй, ныртæккæ куыст цæуы хардзон хайыл, барст фæндæгты змæлды æнтъыснæгдзинад æмæ уагъд цæуы уынгты паспортизаци.

«Коммуналон брæттæ ласыны куыст фæуд кæны, уагъд цæуы проектон-сметæйон куыст горæты цъæхвæлыст кæныны фæдыл. Программæмæ гæсгæ, ног тарифтæ хъуамæ лæвæрд æрцæуой ацы аз 1 июлмæ. Мах æмбæлон æмгъуыдмæ нæ куыстытæ фæуыдзыстæм», – загъта уый.

Æмбырды куысты хайад райстой РХИ-йы Экономикон рæзты министр Кокойты Геннади, РХИ-йы Финансты министр Хæбæлаты Азæ, РХИ-йы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуард, г.Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан æмæ профилон ведомствоты къухдариуæггæнджытæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æмæ Хицауады пресс-службæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.