Экономикон рæзты министры хæдивæг Дыгъуызты Руслан сдзуапп кодта ПТРК «Ир»-ы журналистты фарстытæн, æрбалæугæ азы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады лæггæдты тарифты бæрцы тыххæй. Дыгъуызты Русланы ныхæстæм гæсгæ, 2021 азы декабры мæйы кæрон Хицауад сфидар кодта цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады лæггæдты тарифтæ.

«Тарифтæ фидар æрцæуынц иу азмæ. 2021 азы 20 декабры Хицауады №78 Уынаффæмæ гæсгæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад цы лæггæдтæ бавдыстæуыд, уыдон Республикæ Хуссар Ирыстоны фæлхасгæнджытæн баззайдзысты æнæфæивгæйæ. 1-æм январæй 31 декабрмæ столицæйы цæрджытæн рухсы аргъ уыдзæн 3 сомы иу киловатæн, хъæуы цæрджытæн – 2,37  иу киловатæн; æрдзон газ – 4, 51 сомы иу кубометрæн», – фехъусын кодта Дыгъуызты Руслан æмæ банысан кодта, зæгъгæ, цæрджытæн баххуыс кæныны нысанæн Хицауад адарддæр кæндзæн цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады æппæт лæггæдты иу хай компенсаци кæнын паддзахады хардзæй.

Банысангонд ма æрцыд, республикæйы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады модернизацийы планы сæйраг хæстæй сæ иу, уый у нормативон-барадон базæйыл бакусын, кæцыйы бындурыл, гæнæн ис банымайын экономикон æгъдауæй раст тарифтæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады лæггæдтæ  æмæ фæлхасгæнджыты интересты ‘хсæн баланс сæххæст кæнын, кæцытæ хъуамæ хъахъхъæд æрцæуой тарифтæ æнæбындурæй бæрзонддæр кæнынæй.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.